Раджыйы рæстæджы ирон адæмы фыдæлтæм цы хорз æгъдæуттæ уыд, (æмæ уыдон та цъус нæ уыдысты), уыдонæй абон бирæтæ хъахъхъæд нал цæуынц æмæ афтæмæй рох кæнынц. Уыцы хорз æгъдæуттæй сæ иу уыд ацæргæ, зæронд адæймагæн кад кæнын. Кæцы ирон лæг схастаид йæ сæрмæ æмæ йæ ныййарджытæ, гъе, та йæхицæй хистæрæн, ма кад кодтаид.

Фæлæ азтæ куыд цæуынц, афтæ дугтæ дæр ивынц æмæ раздæр кадджын цы уыд, уымæн ныр ницыуал кад ис, раздæр стыр худинагыл нымад цы хъуыддæгтæ уыдысты, уыдон бирæтæм æвзæр нал кæсынц. Ацæргæ адæймæгтæм уæлдай хъусдард аздахыны тыххæй æрвылаз дæр 1-æм октябры нысан фæцæуы «Ацæрæг адæймæгты дунеон бон» æнæхъæн дунейы. Ацы бæрæгбон сфидар кодта ИНО-йы Генералон Ассамблея. Ацы бон уæлдай хъусдард здæхт æрцæуы ацæргæ адæймæгтæм, уагъд фæцæуынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ, цæмæй уыдон ахъаз кæной ацæргæ адæймæгтæм æхсæнады ахаст хуыздæрырдæм фæивынæн. Уæлдай уæрæхдæрæй бæрæгбон нысан фæцæуы Скандинавийы бæс-тæты.  Уæрæсейы Федерацийы дæр ацы бæрæгбон нысан цæуы 1-æм октябры, 1992 азы 1-æм июны УФ-йы Уæлдæр Советы Президиумы райсгæ Уынаффæйы бындурыл. Фыццаг ацы бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой Европæйы, уый фæстæ Иугонд Штатты, æмæ 80 азты кæронæй та  æппæт дунейы. Уыцы бон æхсæнадон организацитæ фæаразынц алыгъуызон мадзæлттæ,  хæрзаудæн акцитæ.

Ацы бонты ацæргæ адæймаджы боны сæраппонд иу ахæм мадзал уагъд æрцыд нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы. Сорганизаци йæ кодта хъомыладон куысты фæдыл директоры хæдивæг, организатор Рассохина Надежда. Хайад дзы райстой 1-10 кълæсты ахуырдзаутæ. Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, сывæллæтты ныййарджытæ, нанатæ æмæ дадатæ.

Æрæмбырдуæвджыты размæ рахызтысты мадзаламонджытæ – 9 «б» къласы ахуыргæнинæгтæ Джиоты Дианæ æмæ Цхуырбаты Георги. Уыдон зæрдæбын арфæтæ ракодтой се ‘рхонгæ уазджытæн. «Ацæргæ адæймæгты бон у хистæр фæлтæры – нæ нанаты, дадаты, ныййарджыты  бæрæгбон. Ацы бон махæн ноджы иу хатт фæвæййы фадат, уыдонмæ нæ уарзондзинад, аудындзинад равдисынæн. Уыдон махæн тынг бирæ сарæзтой нæ царды æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй сын лæггад кæнæм. Ацæргæ адæймæгтæ стыр хайбавæрд бахастой æхсæнады рæзтмæ æмæ сæ нæ хъæуы рох кæнын».

Сывæллæттæ сæ арæхстдзинад равдыстой зарынæй, кафынæй, æмдзæвгæтæ кæсынæй. Ахуырдзаутæ Коцты Елизаветæ æмæ Гуыбеты Виктория тынг хорз сæххæст кодтой цалдæр зарæджы. Чызджыты кафт акафыдысты 2 æмæ 6 кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Скъоладзаутæ ма сæххæст кодтой æндæр кæфтытæ дæр. Аивадон гимнастикæйæ дунеон ерысты хайадисæг, 6 къласы ахуырдзау Мамиты Лизæ дæр тынг хорз сæххæст кодта йæ номыр. Ахуыргæнинæгтæ тынг аив бакастысты ацæргæ адæймæгтыл, ныййарджытыл фыст æмдзæвгæтæ.

Афæдзы алы рæстæгæн дæр ис йæхи циндзинæдтæ, йæхи рæсугъддзинад. Афтæ у адæймаджы царды дæр. Æвзонгдзинад алы хатт дæр йемыдзаг у ныфсытæ æмæ уарзондзинадæй. Ацæргæ адæймæгты цард дæр у йæхирдыгонау цымыдисон. Цард… Цæмæй йæ ис гæнæн сбарын? Сымах, кæй зæгъын хъæуы, зæгъдзыстут азтæй. О… азтæй дæр, фæлæ фылдæр хъуыддæгтæй. Уымæн æмæ адæймаг йæ царды цы саразы, уый саразы æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ æндæртæн. Уымæн æмæ хорз хъуыддæгтæй, хорз ныхæстæй мах даргъдæр кæнæм æрмæст нæхи цард нæ, фæлæ нæ алыварс адæмы цард дæр. Иумиаг  тыхтæй нæ бон суыдзæн æмæ хæсджын стæм, цæмæй ацæргæ адæймæгтæ фылдæр цæрой.

1-æм  къласы ахуыргæнинаджы нана Тедеты Зæлинæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатор æмæ хайадисджытæн. Арфæйы ныхæстæ сын загъта ацы скъолайы ахуырдзауы нана Шахпаронова Беллæ  дæр. Уыдон дыууæ дæр банысан кодтой, зæгъгæ,  ахæм ма-дзæлтты фæрцы рæзгæ фæлтæр ахуыр кæнынц сæ нанатæ æмæ дадатæн, иумиагæй хистæр кары адæмæн кад кæныныл, аудгæ ахаст сæм дарыныл.

Цымыдисон мадзал уагъд æрцыд хъарм атмосферæйы. Ирд, хъарм бæрæгбонæй æрæмбырдуæвджытæ, уæлдайдæр та ацæргæ адæм, стыр æхцондзинад кæй райстой, уый бæрæгæй зынд сæ цæсгæмттыл.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.