Æрæджы, машинæты тыхджын змæлд цы уынджы ис, уым иу фарсæй иннæмæ хизгæйæ, чысыл ма бахъæуа, 13-14 азы кæуыл цыдаид, ахæм чызг фыдбылызы  бахауа, машинæйы сигнал кæй нæ хъуыста, уый тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд чызг йæхæдæг, афтæ уырдæм æввахс чи уыд, уыдон иууылдæр тынг фæтарстысты æмæ чызджы алыварс амбырд сты. Куыд рабæрæг, афтæмæй чызджы хъусты наушниктæ конд кæй уыд, уый аххосæй нæ фехъуыста машинæйы сигнал. Мах ын бауайдзæф кодтам, уынджы цæугæйæ цæмæн пайда кæныс наушниктæй, зæгъгæ, фæлæ бæрæг нæу, нæ зондамындтытæ йæм цас бахъардтой…

Дзæуджыхъæуы иу æвзонг лæппуйы уынджы машинæ ныццавта, бæргæ ма йæ аскъæфтой рынчындонмæ, фæлæ нал фервæзт мæлæтæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй, уымæн дæр йæ хъусты конд уыдысты наушниктæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм æнамонд цауы æрцæуы, ныййарджытæ фаг хъусдард кæй не здахынц сæ сывæллæтты хъомыладмæ, уый аххо-сæй. Чизоны, искæцы ныййарæг афтæ зæгъа, ома, зонгæ дæр нæ бакæны, йæ сывæллон уынджы наушниктимæ кæй фæцæуы, уый. Фæлæ уымæй сæхи не сраст кæндзысты, ныййарæг хæсджын у, цæмæй зона, йæ сывæллон хæдзары дæр æмæ уынджы дæр цæмæй улæфы, уый.

Сусæггаг нæу уый, æмæ абон рæзгæ фæлтæр кæй бахаудтой Интернеты æндæвдады бын, Интернет сын баивта алыгъуызон цардуагон процесстæ. 10-15 азы размæ дæр ма Интернетæй афтæ парахатæй нæ пайда кодтой. Æмæ афтæ куы ахæсса, уæд 20-30 азы фæстæ адæм æппындæр уынгмæ нал хиздзысты æмæ кæрæдзиимæ лæгæй-лæгмæ нал ныхас кæндзысты. Сывæллæттыл Интернет æндавы æппæрццагæй, мингай порно сайттæм кæсгæйæ, видеоты æнæнормативон лексикæмæ хъусгæйæ. Хицауад систематикон æгъдауæй фæлвары ацы проблемæ æрбæстон кæныныл, æгæрыстæмæй, бакодтой реестр дæр, фæлæ уæддæр æппæт информацимæ бахизæнтæн сæхгæнæн нæй.

Æппынæдзух компьютеры раз цы сывæллон бады, уымæн фидæны уыдзæн физикон проблемæтæ, февзæрдæр вæййы сæ цæстырухс, сæ организм тагъд фæллайы. Интернет æвзæрæрдæм æндавы сывæллæтты ахуырыл дæр. Алыгъуызон темæтыл, уыцы нымæцы математикæйæ дæр, Интернетæй цæттæ куыст райсгæйæ, сывæл-лæттæ нæ бацымыдис кæнынц, æгæрыстæмæй, йæ мидисмæ дæр. Æппынæдзух цæттæ хæслæвæрд-тæ сфысгæйæ, сывæллон нал ферæзы, хъуыды кæнын нал фæзоны æмæ йын фæзын вæййы уроктыл хæслæвæрдтæ аразын. Уымæ гæсгæ ныййарæг хæсджын у, цæмæй йæ сывæллоны ма уадза Интернетæй цæттæ куыстытæ исын. Афтæ куынæ уа, уæд сывæл-лонæн йæ сæры зонд, куыд æмбæлы, афтæ нал кусдзæн.

Стив Джобс ма удæгас куы уыд, уæд йæ сывæллæтты нæ уагъта iPad-æй дæргъвæтин рæстæджы пайда кæнын. Цæмæн? Журналист Ник Билтон йæ интервьюйы рæстæджы Стив Джобсы куы бафарста, зæгъгæ, йæ сывæллæттæ уарзынц iPad, уæд сын афтæ сдзуапп кодта: «Уыдон дзы нæ пайда кæнынц. Мах сын бынтон цъус рæстæг дæттæм ног технологитæй пайда кæнынæн». Журналист ахæм дзуапп райсгæйæ, дæргъвæтин рæстæджы ницыуал сдзырдта. Уымæ   цæмæдæр гæсгæ  афтæ каст, ома, Джобсы хæдзары ис егъау сенсорон экрантæ æмæ уазджытæн та iPad-тæ дæтты къанфетты бæсты. Фæлæ уый афтæ нæ разынд. Æгæрыстæмæй, Джобс йæ бинонты нæ уагъта гаджеттæй пайда кæнын æхсæвыгæтты æмæ улæфтбонты дæр.

3D Robotics-ы директор Крис Андерсон девайсттæ афтæ сарæзта, цæмæй сæ пайдагæнæн уа æрмæстдæр суткæйы мидæг цалдæр сахаты. «Мæн æмæ мæ цардæмбалы нæ сывæллæттæ аххосджын кæнынц, зæгъгæ, мах фашисттæ стæм. Уыдон дзурынц, зæгъгæ, се ‘мбæлттæй ахæм фæкъуындæгдæргонд уавæртæ никæмæн ис, фæлæ æз уынын Интернетæй арæх пайда кæныны тæссагдзинæдтæ. Æз уынын, мæхæдæг цы проблемæтыл сæмбæлдтæн, уыдоны, æмæ мæ нæ фæнды, цæмæй ахæм проблемæтæ уа мæ сывæллæттæн дæр», – загъта уый.

OutCast Agency-йы директор Алекс Константинопль дзуры, зæгъгæ, йæ кæстæр фондзаздзыд фырт æппындæр нæ пайда кæны гаджеттæй æнæхъæн къуырийы дæргъы. Йæ иннæ дыууæ сывæллонæн, кæцытыл цæуы 10 æмæ 13 азы, сæ бон у пайда кæнын хæдзары планшеттæй боны мидæг æрмæстдæр 30 минуты.

BIogger æмæ Twitter-ы бындурæвæрæг Эван Уильямс дзуры, зæгъгæ сæ дыууæ лæппуйæн планшеттæ æмæ смартфонтæй пайда кæныны бар ис æрмæстдæр боны мидæг иу сахат. «Нæ хæдзары ис сæдæгай чингуытæ æмæ алы сывæллонæн дæр йæ бон у, уыдоны кæсын, цас æй фæнды, уыйбæрц», – загъта уый.

Иртасæнтæ куыд фенын кодтой, уымæ гæсгæ  сывæллæттæ 10 азы онг тынг æмхиц сты ног технологитæм æмæ сыл сахуыр вæййынц наркотиктау. Стив Джобс раст уыд: иртасджытæ дзурынц, зæгъгæ, сывæллæттæн планшеттæй пайдагæнæн ис æрмæстдæр боны мидæг 30 минуты æмæ смартфонтæй та суткæйы мидæг дыууæ сахаты. Джобс æхсæвæр хордта йæ сывæллæттимæ æмæ семæ уынаффæ кодта чингуытыл, историйыл, æгæрыстæмæй, политикæйыл дæр. Фæлæ сывæллæттæй никæмæн уыд Интернеты кой кæныны бар.

Уымæн æмæ Интеренет пайда куыд у, афтæ стыр зиан хæссы сывæллæтты æнæниздзинадæн.

Скъолаты ахуыргæнджытæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ уыдон æнцонтæй базонынц Интернетæй дæргъвæтин рæстæджы кæцы сывæллæттæ пайда кæнынц, уыдоны, уымæн æмæ урокты рæстæджы ахæм сывæллæттæн вæййы тынг фæлмæцыдхуыз, сæ цæстытæ – фæлладгъуыз æмæ дзæбæх нæ фæхъуыды кæнынц.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.