30-ӕм сентябрӕй 7-æм октябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд, кæцы раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 179 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 3 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 9 адӕймаджы.

5-æм октябры милицимæ æрбацыдис 55-аздзыд Цхинвалы районы Сатихъары цæрæг æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ 26-аздзыд чызг у психикон низæй рынчын æмæ хæдзармæ нал æрбаздæхт. Милицийы кусджытæ æмæ уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады кусджытæ райстой агурæн мадзæлттæ. Басгæрстой Сатихъары хъæуы алфæмблай, доны былтæ, хъæдтæ, стæй ахызтысты æндæр хъæутæм æмæ районтæм. Райсгæ оперативон-агурæн мадзæлттæн ницы фæстиуæг уыд. Куыд рабæрæг фæстæдæр, афтæмæй ацы æмбæстаг ахызт Гуырдзыйы территоримæ æмæ йæ уыдон 6-æм октябры радтой арæнхъахъхъæнæг службæйы кусджытæм.

1-æм октябры Цхинвалы 50-аздзыд цæрæг милицийы кусджытæн фехъусын кодта, зæгъгæ йын йæ хæдзары разæй адавтой йæ автомашинæ «ВАЗ-2105». Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн давд автомашинæйы ссардтой Цхинвалы районы Сацхены хъæуы. Ацы фыдракæнд саразынмæ зæрдæ ‘хсайы 39-аздзыд горæттаг цæрæгмæ, кæцы ныридæгæн æмбæхсы милицийы кусджытæй.

Милицийы кусджытæ оперативон информацийы фæдыл баурæдтой 30-аздзыд Цхинвалы цæрæджы æмæ йын басгæрсты рæстæджы йæ автомашинæ «ВАЗ-2131»-ы ссардтой цъæхбын ссадæг, кæцы разынд наркотикон буарад. Цхинвалы тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 5 мин сомы.

Криминалон милицийы кусджытæ баурæдтой 50-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарад «марихуана»-йæ æнæзакъонæй спайда кæнынæй. Басгæрсты рæстæджы ма бархалæджы хисæрмагонд хæдзары ссардтой гæны къутæр дæр. Горæты тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 11 мин сомы.

Цхинвалы Ленины уынджы 9-аздзыд сывæллон бахаудта автомашинæйы бын, кæцы ралыгъд фæндагмæ, бар кæм нæй, ахæм ран. Сывæллон уæлæнгай цæфтимæ бахауд рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.