ХОРЗДЗИНАДÆН  КÆРОН  НÆЙ…

Ис ахæм адæймæгтæ æмæ сæ царды бонты фыдыбæстæйæн иу мур хорзæй ницы сарæзтой, афтæмæй дзы фæдомынц стыр хæйттæ. Фæлæ ис ахæм патриоттæ дæр, йæ адæмы сомбоныл чи тыхсы, исты баххуыс кæныныл йæ уд чи хъары. Ацы бонты ахæм нысанимæ йæ райгуырæн чысыл республикæмæ æрцыд не ‘мзæххон, Красноярскы цæрæг зындгонд амалхъом, компаниты къорд “Сплав”-ы директорты Советы сæрдар Гуыриаты Владимир. Кадджын уазæг фыццаджыдæр фембæлд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Гуыриаты Владимир йæ дарддæры плантыл дзургæйæ, банысан кодта, культурæйы къабаз стыр зындзинæдтæ кæй æййафы, уымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны культурæ, истори æмæ архитектурæйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны Управленийы разамындимæ баныхас кæнгæйæ,  йæ зæрды кæй ис республикæйы культурон æмæ историон бынтæй цалдæры реставраци скæнын æмæ уымæй йе ‘ххуысы хай бахæссын йæ ирон адæмы цардмæ. Уазæг бæлвырддæр æрлæууыд Тугъанты Махарбеджы номыл музей, Фыййагдоны Куырта æмæ Тæгайы мæсгуытæ æмæ историйы рагон цыртдзæвæн – Дзывгъисы фидары реставраци скæныныл. Куыд зонæм, афтæмæй ацы культурон бынтæ сты тынг æдзæллаг уавæры. Æнæ федералон æххуысæй сыл не ‘ххæссы республикæйы кадавар бюджет. Амалхъомы хъуыдымæ гæсгæ, ацы историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ æрцæудзысты бындурон реконструкци, фæлæ уыимæ хъуамæ сæ рагон хуыз ма фесафой, уый тыххæй ныридæгæн цæттæ цæуы сæрмагонд æрмæг.

Амалхъом ма куыд бафиппайдта, афтæмæй амынд объекттæ нывыл уагмæ æркæнын стыр ахъаз фæуыдзæн Цæгат Ирыстоны туристон змæлд рапарахат кæнынæн, уымæй та уæлæмхасæн фæрæзтæ æрбацæудзæн бюджетмæ.

Гуыриайы фырт ма куыд загъта, афтæмæй ацы хæрзаудæн хъуыддæгты уæлдай йæ зæрды ис нæ республикæйы цалдæр инвестицион проекты царды рауадзын. Уыдон уыдзысты алыхуызон куыстуæттæ æмæ куыстæй сифтонг кæндзысты, æппынкъаддæр, мин адæймаджы, уыдонæй хорз æфтиаг бахаудзæн бынæттон бюджетмæ дæр.

Битарты Вячеслав зæрдæбын арфæ ракодта уазæгæн йæ хъарм ахасты тыххæй йе ‘мзæххонтæм. Куыд загъта, афтæмæй Гуыриаты Владимир у, дард цæргæйæ æдзух йæ адæмæн баххуыс кæныныл чи архайы, уыдонæй иу.

Нæ уацхæссæг

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.