Уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Президиумы рабадт.

Закъондзинад, закъондæттынад æмæ бынæттон хæдуправленийы комитеты сæрдар Коцты Олеся раразмæ кодта, Президент Бибылты Анатоли Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары бынатмæ Пухаты Эрикы кандидатурæ кæй æрбавдыста, уый тыххæй фарст.

Президиумы уæнгтæ рахæцыдысты Пухаты Эрикы кандидатурæйы фарс æмæ къуырисæры ауагъдæрцæуæг Парламенты сессийы боны фæткмæ хаст æрцыд премьеры бынаты йæ сфидар кæныны фарст, – фехъусын кодта Парламенты пресс-службæ.

Коцты Олеся ма раразмæ кодта «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы ‘хсæн Хæлардзинад, æмгуысткæнынад æмæ партнердзинады тыххæй бадзырды ратификацийы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

Парламенты информацион службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй РХИ-йы Парламенты Президиумы йыл æруынаффæ кæнынмæ Мамиты Инал раразмæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнгты сфидар кæныны фарст. Фæндон бахастæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнгты кандидатурæтæ ахæм скон-дæй хорзыл банымайын:

Бекъойты Алан Куыцыккы фырт

Миронов Юри Петры фырт

Джергаты Жаннæ Виссарионы чызг

Тъехты Дзерассæ Русланы чызг

Гæбæраты Сæрмæт Виталийы фырт

Гæбулты Индирæ Мелитоны чызг

Содтиты Ибрагим Батыры фырт

Къæбысты Мария Вячеславы чызг

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ æруынаффæмæ раразмæ кодта «2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект æмæ «Бюджеты арæзты бындуртæ æмæ бюджетон процессы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

«Паддзахадон комплексон нысан-мæздæхт программæ «2017-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомылад» æруынаффæмæ раразмæ кодта Националон политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри», –  фехъусын кодтой пресс-службæйы.

Фарстатыл уынаффæ адарддæр кæндзысты РХИ-йы Парламенты радон сессийы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.