Знон уыд Парламенты радон сесси. Хайад дзы райста Президент Гаглойты Алан.
Парламенты сессийы депутаттæ æргом хъæлæсæппæрстæй иууылдæр сразы сты Собаты Григорийы республикæйы Генералон прокуроры бынатмæ снысан кæныныл. Парламентмæ йын йæ кандидатурæ барвыста Президент Гаглойты Алан.
Ног сæвзæрст Генералон прокурорæн раарфæ кодта Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, ахæм бæрнджын бынатмæ йæ кæй равзæрстой, уый тыххæй.
Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæй бæрæг у конструктивон куыстмæ Парламенты цæттæдзинад æмæ сын уый тыххæй бузныг загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы къухдариуæгад кæддæриддæр цæттæ у Парламентимæ диалогмæ.
Собаты Григори дæр йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта депутаттæн æмæ ныфс бавæрдта закъоны домæнтæ æх-хæст кæнынæй.