Цхинвалы районы Залдайы хъæуы цæрæг Гæбæраты Эвелинæйы номæй нæ редакцимæ æрбацыд бузныджы фыстæг, цыран дзырдæуы:

«Хъæууон царды уавæртæ кæддæриддæр уæлдай зындæр вæййынц горæты цардмæ абаргæйæ. Доны хъуагдзинад та у ахсджиагдæр фарст, уæд цæрджытæ феййафынц фылдæр зындзинæдтæ. Æз схъомыл дæн Залдайы хъæуы Отаты зылды, никуы хъуыды кæнын æмæ нæ кæрты дон цыд. Мæ ныййарджытæ уыдысты бирæ – сывæллонджын бинонты хицау æмæ пайда кодтой хæсгæ донæй. Ныр мах цæрæм горæты, фæлæ нæ мад хъæуæй нæ рацыд. Дон хæссын ын йе ‘нæниздзинад бар нал дæтты æмæ æвзары зындзинæдтæ. Æрæджы Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал бабæрæг кодта хъæуы цæрджыты уавæртæ. Уæд ын загътам нæ проблемæйы тыххæй æмæ баныфс æвæрдта, кæй нын баххуыс кæндзæн. Цыбыр æмгъуыдмæ нæ уæлхъус æрбалæууыдысты кусджытæ æд техникæ, цæугæдонæй 2-3 киллометры бæрц ныппæрстой зæххыбын сæрмагонд шланг æмæ йæ æрбауагътой хъæумæ. Бæззайы фырты оперативон æххуысы руаджы сæххæст ис нæ цæргæцæрæнбонты бæллиц. Æрбауагътам дон хæдзармæ, сæвæрдтам донхъармгæнæн «Аристон» æмæ мæ кардзыд мад ныртæккæ пайда кæны куыд уазал, афтæ хъарм донæй дæр.

Ахæм хæрзиуæг аккаг у, цæмæй стыр бузныг зæгъæм Бæззайы фыртæн, æмæ ма, ацы хъуыддагыл чидæриддæр бакуыста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр».

Дон – царды сæйраг фæрæз, загъдæуы, æмæ уый раст у. Дон æмæ фæндаг цы хъæутæм нæй, уым цард дæр бирæ нал ахæссы, банымæг вæййы æмæ æнæуый дæр нæ хъæуты бонæй-бонмæ, хъыгагæн, цард нымæг кæны. Аскъуыддзаг кæнæн кæмæн вæййы ахæм фарстатæ та ма хъуамæ æндавой цæрджыты цардуагыл.  Стыр бузныг зæгъæм мах дæр, адæмы хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы æмбæстæгтæн.

ХУЫГАТЫ Миленæ