Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы 11-æм номыр. Стыр поэт, литературæиртасæг æмæ æхсæны лæг Дзанайты Уасилы фырт Иваныл (Нигер) сæххæст 125 азы. Уый охыл журнал йæ фыццаг фарсыл мыхуыр кæны Нигеры къам æмæ йе ’мдзæвгæты цикл «Тыхст зæрдæ» æмæ зынгæ адæймæгты хъуыдытæ Нигеры тыххæй ахæм сæры бын — «Ныхас Нигеры тыххæй», зæгъгæ.

Зынгæ фыссæг Хъайтыхъты Георы райгуырдыл 110 азы сæххæсты цытæн журнал мыхуыр кæны йæ къам æмæ йæ эпиграммæтæ.

Прозæйæ журнал мыхуыр кæны Бицъоты Грисы документалон уацау «Мидæггаг хæдоныл фыстытæ», æмæ Томайты Шамилы новеллæтæ.

«Ныхас фыссæгимæ» — ахæм рубрикæйы бын мыхуыр æрцыд Уанионы интервью Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, прозаик, публицист æмæ тæлмацгæнæг Хуыгаты Сергеимæ. РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Икъаты Бертæйы райгуырдыл сæххæст 95 азы æмæ нæ рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст «зонгæ кæны йæ цард æмæ йе сфæлдыстадыл дзурæг къамтимæ. Афтæ ма Уанионы уац «Ивгъуыд бонтæ, зæгъинæттæ, бæллицтæ»-имæ.

Журнал ма мыхуыр кæны мысинæгтæ Икъаты Бертæйы тыххæй ахæм сæры бын: «Хæрзбон! Хорз амонд дæ хай!». Æрмæг бацæттæ кодта Баллаты Ритæ. Афтæ ма журналкæсæг базонгæ уыдзæн Хестанты-Бутаты Победæйы уац «Хæцæнгарзæй сабырдзинад æмæ хæларадмæ сидæг символ саразын»-имæ.

Рубрикæ «Рохуатæн æвгъау»-ы бын мыхуыр цæуынц Галиаты Дзамболаты радзырд «Дыууæ ’мгары» æмæ Хацъæты Валодяйы радзырд «Мæлæтæй тыхджындæр».

«Фыдæлты хæзна» — ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Чеджемты Георы уац «Авд дзуары».

Рубрикæ «Æвзагзонынады фарстатæ»-йы бын мыхуыр цæуы филологон зонæдты кандидат Куыдзойты Анжелæйы уац «Публицистикæ куыд литературæ æмæ журналистикæйы сæрмагонд хуыз».

«Япойнаг зонады авналæнтæ» — ахæм рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Егары «Кæйдæр пырындз урсдæр вæййы», зæгъгæ.

Рубрикæ «Ирон прозæйы антологи»-йы бын мыхуыр цæуынц Хадыхъаты Фа-тимæйы цыбыр биографи æмæ йæ радзырдтæй иу цалдæр.

Журналы ма мыхуыр цæуынц мæйы цаутыл афæлгæст æмæ тæфæрфæстæ Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Хъодзаты Мæхæмæты фырт Æхсар, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Мамсыраты Солтанбеджы фырт Тасолтан æмæ РЦИ-Алани æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, поэт Галуанты Людмилæйы амæлæты тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.