Мыхуыры рацыдысты журналы радон 4-5 номыртæ. Карантины аххосæй журналы ацы номыртæ рацыдысты æмхæстæй  апрель æмæ майы мæйтæн.

Майы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бæрæгбон кæй уыд, уымæ гæсгæ журналы сæйрагдæр мыхуыр цæуынц хæстон  темæйыл фыст æрмæджытæ.

Журнал райдыдта рубрикæ «Редакторы ныхас»-æй. Йæ сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ бæлвырд радзырдта Ирыстоны хайбавæрды тых-хæй тугкалæн хæсты уæлахизмæ.

Рубрикæ «Уыраугæ рис æмæ цæссыгтæ»-йы бынмæ мыхуыр æрцыдысты хæстон поэттæ Баситы Дзамболаты, Калоты Хазбийы, Елехъоты Мураты, Саукуйты Хасаны, Гафезы, Нигеры æмдзæвгæтæ, Гаглойты Владимиры уац «Цыртытæ». Ацы автортæн сæ фылдæр хæсты быдыры баззадысты.

Хæсты дудгæбонæй иуварс нæ баззадысты ирон чызджытæ дæр. Уыдонæй у ногираг чызг, раздæры снайпер Хуыбаты Варя дæр. Ацы хъæбатыр сылгоймаджы тыххæй ныффыста йæ уац журналист Тъехты Тамерлан «Карз хæсты фæндæгтыл – Уæлахизмæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын.

 Прозæ уарзджытæ зæрдиагæй бакæсдзысты Дзабайты Таисæйы радзырд – æцæг хабар «Уæд ма… хæсты размæ»…

 Ацы аз хæстон зынгхуыст поэт Кочысаты Мухарбегы райгуырдыл æххæст кæны 100 азы. Уый фæдыл ын журнал мыхуыр кæны йе ‘мдзæвгæтæ æмæ йæ мысинæгтæ «Фæстаг салам».

«Æхсар æмæ лæгæвдисæн цаутæ», зæгъгæ, ахæм сæргонды бын, ирæттæй Советон Цæдисы Хъæбатыртæ  чи систы, уыдоны цард æмæ тохы фæндæгтыл цыбыр афæлгæст сарæз-та Тъехты Тамерлан.

Фыссæг, газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юрийæн журнал ныммыхуыр кодта йæ романæй скъуыддзаг «Уастырджийы зарæг».

Поэт Касаты Батрадзы 70 азы райгуырды бонмæ журнал ныммыхуыр кодта йе ‘мдзæвгæты цикл «Мæ уд мысайнагæн æвæрын», зæгъгæ, ахæм номимæ. Йæ поэзийыл ын афæлгæст сарæзта газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис «Йæ сыгъдæг уарзт – рæбинагдæр æнкъарæн».

Поэт Хæмыцаты Албегыл хъуамæ майы мæйы сæххæст уыдаид 80 азы, фæлæ цалдæр азы не ‘хсæн нал ис. Журналмæ хаст æрцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ æмæ йæ мысинæгтæ.

Рубрикæ «Хъæдгæмттæ абон дæр дудынц»-ы бынмæ дæр мыхуыр æрцыдысты хæстон темæйыл фыст æмдзæвгæтæ. Сæ автортæ сты Касаты Батрадз, Мыртазты Барис, Сидахъты Симон, Хæуытаты Къоста æмæ Бырнацты Барон.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман ирон театр куыд куыста, цы зындзинæдтæ æвзæрста, уый тыххæй у йе ‘рмæг йæ актертæй иу, Цæлыккаты Мæирбегæн, «Ирон театр хæсты азты», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта журналист Гасанты Валери.

«Фыдыбæстæ – йæ урс къæсæр, йæ зарæг»-ы рубрикæйы бынмæ мыхуыр цæуынц поэт Къадзаты Станиславы æмдзæвгæтæ йæ 65 азы бонмæ.

Ацы аз ирон литературæйы классик Гæдиаты Секъайы райгуырдыл 165 азы кæй сæххæст, уый фæдыл ын журнал мыхуыр кæны йæ радзырд «Сафиат».

Литературæ уарзджытæ зæрдиагæй бакæсдзысты фыссæг Биазырты Роланды сатирикон радзырдтæ «Æмæ, дам, чындзы фæцу!» æмæ «Еспине».

Фыссæг Наниты Асиатыл 80 азы кæй сæххæст, уый фæдыл рубрикæ «Ирон прозæйы антологи»-йы бынмæ мыхуыр цæуы йæ радзырд «Тугæйдзаг уæрдон».

Æрæджы цардæй ацыд зынгæ ирон фыссæг Сланты Зоя (Дауырæ). Уый фæдыл журнал ныммыхуыр кодта  коллективы иумæйаг тæфæрфæс.

                                                                       Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.