Хуссарирыстойнаг спортсменкæ Елбачиты Иринæ йæ командæимæ дыккаг бынат бацахста стъолы теннисæй Мæскуыйы студентон къорды чемпионаты. Иринæ ахуыр кæны Экономикæйы уæлдæр скъолæйы æмæ хъазы ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны командæйы сконды. Уый ныр 6-æм хатт хайад райста ацы ерысты. У йæ командæйы лидер. Ныр дæр стыр хайбавæрд бахаста командæйы æнтыстмæ.
«Ацы аз тынг хорз равдыстам нæхи. Дыккаг бынат бацахсын у стыр æнтыст. Æрмæстдæр фæхæрд стæм Уæрæсейы физикон культурæ, спорт æмæ туризмы паддзахадон университетæн. Уым хъазынц спорты дæснытæ. Фæлæ уыдонимæ дæр стох кодтам. Тренер нæ баззад тынг райгондæй. Университет та нæ у сæрыстыр», – банысан кодта Елбачиты Иринæ.
ДЗЮДО
Парижы бæрæг æрцыд дзюдойæ Европæйы клубон чемпионаты уæлахиздзау. Иууыл тыхджындæр разынд Санкт-Петербурджы клуб «Явара Нева», кæцыйы сконды хæцыдысты ирон богалтæ Тасойты Инал (+90 кг) æмæ Лæппынаты Аслан (81 кг). Финалы уæрæсейаг спортсментæ фæуæлахиз сты сербаг клуб «Црвена Звезда»-йыл 4:1 хыгъдæй. Дыууæ ирон дзюдоисты дæр фæуæлахиз сты сæ тохты. Инал рамбылдта дыууæ хатты Олимпион чемпион Лукаш Крпалекы.
***
Знауыры дзюдойы скъолайы хъомылгæнинаг Джиоты Артуры къухты та бафтыд радон æнтыст. Ныр та уый фыццаг бынат бацахста XXIII гом турнир «Вольный Терек»-ы. Ерыстæ уагъд цыдысты Мæздæджы. Артур архайдта 35 кг уæзы категорийы. Уый акодта 5 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр уыд тыхджындæр. Æрдæгфиналы фæуæлахиз Кæсæг-Балхъары минæварыл. Финалы та рамбылдта бынæттон спортсмены.
Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ма раздæр Артур кæй фæуæлахиз РЦИ-Аланийы спортивон æхсæнад «Динамо»-йы чемпионаты дæр.
Спортсмены тренертæ сты Гæджиты Алан æмæ Плиты Роин.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ
Наро-Фоминскы уагъд æрцыд Уæрæсейы абсолютон чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ уал нырма тох кодтой 97 кг æмæ 125 кг уæзы категориты спорстментæ хицæнæй. 97 кг уæзы фæуæлахиз Чертхъоты Гурам. 125 кг та фыццаг ссис Гæззаты Батрадз. Уый фæстæ абсолютон уæзы уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй кæрæдзиимæ сæмбæлдысты дыууæ уæзы тыхджындæр богалтæ. Тох фæцис 2:2 хыгъдæй. Фæстаг балл Гæззаты Батрадз кæй систа, уымæ гæсгæ нымад æрцыд уæлахиздзауыл. Уымæн ма лæвæрд æрцыд 100 мин сомы.
***
10-12 декабры Хасавюрты уагъд æрцыдис XIX-XX æнусты зындгонддæр богалты номарæн дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæн бантыст 2 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 4 та бронзæ майдантæ рамбулын.
Ерысты уæлахиздзаутæ систы Санахъоты Ацæмæз (79 кг) æмæ Багаты Алан (92 кг). Ацæмæз финалы 4:3 хыгъдæй рамбылдта Хъыргъызтаны минæвар Арсалан Будажаловы. Алан та сæйраг тохы тыхджындæр уыд кæсæгбалхъайраг спортсмен Азæмæт Закуевæй – 4:2.
Æвзист призертæ та систы Зассеты Алан (86 кг) æмæ Хуыбылты Хъазбег (125 кг). Бронзæ майданты хицæуттæ баисты Куыдзойты Алан (70 кг), Хуыбецты Къахабер (79 кг), Кцойты Сослан (92 кг) æмæ Соттиты Асланбег (97 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.