Гæззаты Вадимы номыл Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды дæлхæйттæн Республикон сывæллæтты спортивон скъолайы бæстыхайы уагъд æрцыдысты ерыстæ лæгæй-лæгмæ тохтæй. Ацы мадзал арæзт æрцыд, къорды сырæзтыл 29 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн. Азы дæргъы цыдысты алыгъуызон ерыстæ спецкъорды дæлхæйтты ‘хсæн æмæ ныр ацы мадзалæй баххæст кодтой сæ спортивон цæттæдзинады программæ.

Ерысты хайад райстой 45 адæймагæй фылдæр æмæ дихгонд уыдысты 7 уæзон категорийыл. Уагæвæрдмæ гæсгæ спортсментæн сæ бон уыд цæвын къахæй дæр æмæ къухæй дæр, фæлæ дзы уæддæр кæцыдæр хуызы цæфтæй бар нæ уыд спайда кæнæн. Турниры хайадисджытæ сæхи хорз кæй бацæттæ кодтой, уымæ гæсгæ лæгæй-лæгмæ тохтæ рауадысты тынг цымыдисон. Алкæй дæр фæндыд фæуæлахиз уæвын, уæлдайдæр та, ерысты фыццаг хатт хайад чи иста, уыдоны æмæ алы амæлттæй дæр тырныдтой очкотæ сисынмæ. Хъазуатон тохты фæстиуæгæн уæлахиз бафтыд дыккæгæм оперативон ротæйы къухты. Ӕвзист кубокы хицæуттæ та баисты фыццаг оперативон ротæ æмæ æртыккаг бынат та бацахста фыццæгæм моторизацигонд ротæ.

Уыдис ма дзы индивидуалон хыгъды уæлахиздзаутæ алы уæзы категорийæ дæр. Уыдоны дæр схорзæхджын кодтой кубоктæй, кады грамотæтæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

ОМОН-ы сырæзты бон 14 февралы фæнысан кæнынц æмæ-иу ныры онг æппæт уагъдцæуæг ерыстæ ацы бæрæгбоны ‘рлæудмæ развæлгъау ауагътой. Фæлæ  ацы азы райдианы къорды рæнхъон скондæй бирæтæн алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ фадат нæ фæцис ерыстæм сæхи бацæттæ кæнынæн æмæ сæ уый фæстиуæгæн фæстæдæр-мæ аргъæвтой. Ахæм ерыстæ ОМОН-ы дæлхæйтты ‘хсæн фæцæуынц æрвылаз, уымæн æмæ сæ куысты спецификæмæ гæсгæ спец-къорды рæнхъон сконд физикон цæттæдзинадæй, æхсæнгарзимæ архайынæй æмæ лæгæй-лæгмæ тохы хъуамæ уæлдæр æмвæзадыл лæууой, цæмæй сæ бон уа сæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæнын.

 

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.