Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бардзырдмæ гæсгæ 12 апрелæй фæстæмæ тыхон структурæтæ райдыдтой сæхи цæттæ кæнын 9-æм майы Стыр Уæлахизы цытæн Æфсæддон парадмæ. Мидхъуыддæгты министрады рæнхъон скондæй дзы хайад райсдзысты 130 адæймагæй фылдæр æмæ 4 иуæджы та – æфсæддон техникæ.

Ныридæгæн æфсæддон парады хайадисджытæн ОМОН-ы плацы уагъд цæуынц рæнхъонцыды тренировкæтæ райсомы 10 сахатæй фæстæмæ. Хайад дзы исынц дыууæ парадон расчеты ОМОН-æй æмæ иу парадон расчет та – министрады сылгоймаг-кусджытæй. Цыппар адæймагæй та хæсдзысты Мидхъуыддæгты министрады тырыса. Фæстæдæр репетицитæм æрбаиу уыдзысты æфсæддон техникæ дæр.

Генералон репетицитæ уагъд цæудзысты Цхинвалы Театралон фæзуаты 4, 5 æмæ 6 майы æнæ æфсæддон техникæйæ. 7 майы та генералон репетици ауадздзысты æфсæддон техникæимæ.

Æфсæддон парад райдайдзæнис 9 майы 11 сахатыл.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.