ÆРÆВНÆЛДТОЙ ИНЖЕНЕРОН ХЫЗÆГТЫ ИВÆН КУЫСТЫТÆМ

Уалдзæджы æрбалæудимæ та дарддæр æрæвнæлдтой нæ горæты уынгты хæрзарæзтадмæ.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд загъта, афтæмæй ивын райдыдтой, горæты цы уынгтæ арæзт æрцæудзысты, уыдоны инженерон хызæгтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты хæрзарæзт æрцæудзысты нæ горæты 8 уынджы. Уыдон сты: Плиты Харитоны, Гаглойты Хазбийы, Харебаты Исахъы, (Сталины уынгæй Гаглойты Хазбийы уынгмæ фæзилæн,) Уæлахизы, Остъаты æфсымæрты, Гаглойты Рутены, Лермонтовы æмæ Гафезы уынгтæ.

Гаглойы фырт куыд зæгъы, афтæмæй уал æрæвнæлдтой Гаглойты Рутены уынгыл инженерон хызæгтæ баивыны куыстытæм. Иннæ уынгты дæр куыст цæудзæнис планмæ гæсгæ. Инженерон хызæгты баивыны куыстытæ сæххæст кæндзæн паддзахадон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон». Уый бакæндзæн газы хæххыты баивыны куыстытæ. «Водоканал» баивдзæн зæххы бын коммуникацион хæххыты æмæ уый фæстæ уынгты хæрзарæзт скæндзæн «Дорэкспострой».

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ «Водоканал» коммуникацион хæххытæ кæй сараздзæн Черепичныйы уынджы дæр. Ам  ахæм хæххытæ арæзт æрцæудзысты фыццаг хатт.

Уыцы иурæстæджы ма «Водоканал»-ы кусджытæ канализацион хæххытæ баивыны куыстытæ æххæст кæнынц Мамсырайы фырты 9-æм цæрæн корпусы. Ам канализацион хæххытæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ æмæ-иу цæрджыты хæдзæртты ныккæндтæ арæх байдзаг сты донæй, афтæмæй тынг тыхстысты.

Канализацион хæххытæ баивыны куыстытæ ма æххæст цæуынц Джиоты Аланы проспекты 124-æм æмæ Островскийы уынджы 85-æм хæдзæртты.

Коммуникацион хæххытæ ивд цæуынц Гафезы уынджы дæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ аивгъуыйгæ азы цы 10 уынджы арæзт æрцыдысты, уыдоны æппæт куыстытæ дæр баконд кæй æрцыдысты банысангонд æмгъуыдмæ. Уыдон та уыдысты: Чиаты Иосифы, Джыгкайы фырты, Нарты, Калинины, Аланты, Къуайсайы, Коцойты Арсены, Руставелийы æмæ Тæболты Сергейы (Сталинæй Гаглойты Сергейы уынгмæ).

 

ХÆРЗАРÆЗТ ÆРЦÆУДЗЫСТЫ 12 БИРÆУÆЛАДЗЫГОН ХÆДЗÆРТТЫ КÆРТЫТÆ

Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ хæрзарæзт кæй цæуынц, уый дæр стыр хæрзиуæгон архайд у. Ацы хæдзæрттæй бирæтæм  цы коммуникацитæ уагъд æр-цыдысты, уыдон базæронд сты æмæ зындзинæдтæ æвзæ-рын кæнынц цæрджытæн.

Ивгъуыд азы, ахæм куыстытæ бакодтой 7 хæдзары кæрты æмæ цæрджытæ баззадысты райгондæй. Ацы аз та план цæуы 12 бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ схæрзарæзт кæнын. Нырма уал куыст цæуы инженерон хызæгты ногтæй баивыныл. Уыцы куыстытæ æххæст кæны паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал» горæты администрацийы сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ.

 

БЫНДУР ÆВÆРЫНЦ НОГ  РÆВДАУÆНДОНÆН

Æхсызгон цау у, кæй нæм рæзынц скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ, уый. Ивгъуыд аз нæм сывæллæттæн ахæм уагдон арæзт æрцыд Вокзалгæрон уынджы 100 сывæллонæн. Ацы аз та 160 сывæллонæн æрæвнæлдтой, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæнис, ахæм рæвдауæндон аразынмæ. Уый та арæзт цæуы нæ горæты Суворовы уынгыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ раздæр дæр ам кæй уыд сывæллæтты цæхæрадон. Фæлæ 2008 азы августы хæсты рæстæджы ныппырх. Йæ бынат сыгъдæг æрцыд æмæ ныр та æрæвнæлдтой бындурæвæрæн куыстытæм.

Сывæллæттæн ацы рæвдауæндон дæр арæзт цæуы 2018-2019 азтæн Инвестицион программæйы фæлгæтты. Йæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 150 милуан сомы. Сывæллæтты цæхæрадон уыдзæнис дыууæуæладзыгон, ныккæндимæ.  Объект арæзтады фæзуат у 2,2 мин квадратон метры бæрц.

Объект аразы бынæттон подрядон организаци «Престиж». Зæгъын хъæуы уый, æмæ ног объекттæ аразыны ацы подрядон организацимæ кæй ис стыр фæлтæрддзинад. Раздæр ма Инвестицион программæйы фæлгæтты уый сарæзта Ленингоры поселочы скъола, нæ горæты центры базар æмæ сывæллæтты цæхæрадон, афтæ ма Хъорнисы хъæуы скъола дæр.

Суворовы уынгыл арæзтцæуæг сывæллæтты рæвдауæн-дон хъуамæ арæзт фæуа азы кæронмæ.

Ацы рæвдауæндон дæр куы сырæза, уæд нæ республикæйы æдæппæт уыдзæнис 30 рæвдауæндоны. Уый та нысан кæны, цард размæ кæй цæуы, кæй нæм гуыры сабитæ.

 

РАЙСТОЙ ХОРЗ ЛÆВАР

Ацы бонты æхсызгон цау æрцыд нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджытыл. Уыдонæн лæвæрд æрцыд «Лада Гранта» маркæйы 42 иуæджы ног автомашинæтæ.

Ног автомомашинæты дæгъæлтæ дæтгæйæ, Мидхъуыд-дæгты министр Наниты Игорь йæ раныхасы банысан кодта, ныр кусджыты материалон-техникон уавæртæ бæрæг кæй фæхуыздæр уыдзысты, уый. Милицийы кусджытæн фадат уыдзæн оперативон-службæйон хæстæ хуыздæр сæххæст кæнынæн, æхсæнадон бынæтты фæтк æрæвæрынæн æмæ æмбæстæгты æдасдзинад хуыздæр бахъахъхъæнынæн. Уыдон лæвæрд æрцæудзысты горæты æмæ районты мидхъуыддæгты управлениты, фæндагон змæлды инспекцийы кусджытæн, афтæ ма милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды криминалон милицийæн. «Ацы автотранспортыл сæрибарæй ацæуæн уыдзæн хæххон бынæттæм дæр», – загъта мидхъуыддæгты министр.

«Махæн стыр æхсызгон у, ног машинæты райст. 20 азы дæргъы архайдтам зæронд автотранспортимæ. Ныр нæ инспекторты куысты гъæд бæрæг кæй фæхуыздæр уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Машинæтæ кусдзысты сæрмагонд техникон нысæнттæн», – загъта фæндагон змæлды инспекцион хайады хистæр Джиоты Алан.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь куыд загъта, афтæмæй сын автотранспорт лæвæрд æрцыд УФ æмæ РХИ-йы æхсæн бадзырды уагæвæрдтæ æххæст кæныны фæлгæтты. Уый ма банысан кодта, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæм стыр хъусдард здæхт кæй цæуы РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы ‘рдыгæй дæр. Уымæ гæсгæ Президентæн арфæйы ныхæстæ загъта йæхи æмæ Мид-хъуыддæгты министрады кусджыты номæй дæр.

Уый ма банысан кодта, Президент Бибылты Анатолийы ‘рдыгæй сын уый фыццаг æххуыс кæй нæу. Сæ автопарк ма уыдонæн ног машинæтæй баххæст æрцыд аивгъуыйгæ азы дæр. Уымæй дарддæр ма фæфылдæр сты сæ куыстмыздтæ, сæ тыхы бацыдысты, милицийы кусджытæй чи фæмард сты, уыдоны бинонтæн иурæстæгон бафыстытæ бафидын.

 

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.