Ахуырад æмæ зонады министрады хъæппæрисæй 26-æм марты терминологон къамисæн уыд рабадт, цыран æрдзырдтой ирон æвзаджы проблемон фарстатыл æмæ дарддæр цы мадзæлттæ хъæуы райсын. Алчи дæр æй зоны, бирæ азты дæргъы не ‘взаджы рæзтмæ æмбæлон хъусдард кæй нæ уыд æмæ ныр зындзинæдтæ кæй æвзарæм алыхуызон ног терминтæй пайда кæныны, кæцытæ нæм æрбацыдысты æндæр æвзæгтæй æмæ ма тынг бирæ ног тер-минтæ райстам нырыккон цардæй. Афтæмæй та ирон æвзаг хъæздыг у æмæ нын худинаг дæр у, ахæм мæгуырау уавæры кæй ис не ‘взаг абоны бон.

Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æвзæрст æрцыдис къамисы сæрдарæй. Йæ хæдивæгæй та йын снысан кодтой Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийы. Рабадты аскъуыддзаг кодтой, цæмæй саразой кусæгон къордтæ алкæцы фæдыгæн дæр. Кусæгон къордты куыстæн къухдариуæгад кæндзæнис профессор Битарты Зоя. Уыцы къордтæм хаст æрцыдысты лингвистикæ, литературæ, журналистикæ, музыкæ, театр, истори, географи, биологи, хими, медицинæ æмæ афтæ дарддæр. Алы къордæн дæр равзæрстой сæргълæууæг æмæ алчи дæр кусдзæн йæ фадыджы. Арæзт ма хъуамæ æрцæуа экспертон къамис дæр æмæ-иу къорд цы бакуса, уый бавдисдзæнис уыцы къамисмæ. Уый фæстæ терминологон къамисы куыст куыд цæуа, афтæ сæ дæтдзысты мыхуыр кæнынмæ, цæмæй адæм дæр семæ базонгæ уой æмæ сæ хъуыды зæгъой. Терминологон къамисы уæнгтæ-иу фембæлдзысты мæй иу хатт, цæмæй-иу сæ куысты сæвзæргæ фарстатæ аскъуыддзаг кæной.

«Иттæг хорз æй зонæм иууылдæр, æмæ суанг 30-æм азтæй фæстæмæ не ‘взаджы рæзтыл кæй нæ куыстам. Абон махæн ис фадат æмæ нæ паддзахады къухдариуæгад дæр разы у, цæмæй арæзт æрцæуа терми-нологон дзырдуат. Алкæцы фадыгæн дæр хъуамæ æрцæуа арæзт дзырдуат æмæ сæ стæй баиу кæндзыстæм. Махæн не ‘взаг бирæ азты æгуыстæй кæй баззадис, уый ныр тынг æнкъарæм, æмæ ацы куыст у æнæмæнгхъæуæг», – банысан кодта Битарты Зоя.

Цæгат Ирыстоны дæр хъуамæ бакусой ахæм дзырдуат саразыныл, фæлæ нырма бæрæг нæу, кæд райдайдзысты уым та кусын. Битарты Зоя куыд зæгъы, афтæмæй мах хъуамæ нæхæдæг ацы куыст бакæнæм кæронмæ æмæ стæй фембæлдзыстæм Цæгат Ирыстоны къамисимæ. Стæй ма Цæгат Ирыстоны ирон æвзаджы уавæр у мæгуыраудæр, уымæн æмæ се скъолаты ирон æвзаджы сахаттæ сты къаддæр.

Битарты Зоя йæ куыд зæгъы, афтæмæй 1954-1955 азты Ирыстоны къухдариуæггæн-джытæ æруагътой стыр рæдыд. Сарæзтой национ скъолатæ, фæлæ сæ сабыргай афардæг ис ахуыр уырыссаг æвзагыл. Битароны хъуыдымæ гæсгæ сыгъдæг ирон скъола бын-тондæр ницы бахъыгдардтаид уырыссаг æвзаг сахуыр кæнынæн. Ирон æвзаджы мырты структурæ, зæгъгæ, афтæ арæзт у, æмæ ирон æвзагыл дзурджытæ бынтон тагъд сахуыр кæнынц æндæр æв-зæгтæ. Ӕмæ мах та нæхæдæг не ‘взаг нæ бахъахъхъæдтам æмæ ныр æвзарæм ахæм зындзинæдтæ.

Ацы дзырдуат куы сцæттæ уа, уæд стыр ахъаз фæуыдзæн ирон æвзаджы райрæзтæн. Кæд æмæ чысыл наци стæм, уæддæр нын хъæздыг æвзаг ис æмæ йæ хъæуы бахъахъ-хъæнын. Ӕмæ уый та махæй аразгæ у, кæннод нæ кæстæр фæлтæртæ бынтон ферох кæн-дзысты се ‘взаг, æмæ ма уыимæ нæ хъæздыг традицитæ дæр. Абоны бон нын ис фадат, цæмæй нæ раздæры рæдыдтытæ бараст кæнæм, кæд æмæ бирæ рæстæг фесæфтам, уæддæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ цæмæндæрты раздахæн нал ис, схъомыл нæм ис ахæм фæлтæртæ, æмæ мадæлон æвзаг рæстмæ дæр нал зонынц. Нæ паддзахады къухдариуæгады ‘рдыгæй ис стыр хъусдард ацы проблемæмæ æмæ алыварсонæй дæр архайынц, цæмæй исты арæзт æрцæуа не ‘взаг бахъахъхъæныны тыххæй.

ДЖИОТЫ  Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.