КУЫНÆГ ÆРЦЫДЫСТЫ

Дагъыстаны Хасавюрты районы Эндирейы хъæуы æрцыд тыхон структурæты кусджытæ æмæ боевикты ‘хсæн ныхмæлæуд, кæцыйы рæстæджы куынæг æрцыдысты дыууæ фыдгæнæджы. Тыхон структурæты кусджытæй иу фæцæф. Боевиктæ не сразы сты сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрыныл æмæ баррикадæтæ сарæзтой, цы хæдзары уыдысты, уым. Тыхон структурæты кусджытæ хæдзар систой штурмæй. Боевиктæ уыдысты федералон фæдагуырды.

САУДОВАГ ЖУРНАЛИСТЫ ТЫХХÆЙ

Саудоваг журналист Джамал Хашкаджийы æбæрæгæй фесæфты тыххæй фæзынд ног зонæнтæ. Уый фесæфт 2-æм октябры Стамбулы Саудоваг Аравийы генералон консуладмæ бацæуыны фæстæ. Бафарсты, хъизæмартæ æмæ амарыны момент гæнæн ис æмæ ныффыста йæ электронон сахат Apple Watch. Минæварадмæ бацæуыны размæ Хашкаджи йæ телефон ныууагъта йæ усагмæ, æмæ йæ сахат та ракодта ныффыссыны режиммæ. Уый фæстиуæгæн, ацы файл бахауд телефонмæ, – хъусын кæны туркаг газет. Йæ рады, америкæйаг газет фыссы, зæгъгæ,  ныффысты хъуысы Хашкаджийы хъæлæс, йæ хъæлæсы зæлтæм гæсгæ æмбæрстгонд у, кæй йæ хъизæмар кæнынц æмæ йæ уый фæстæ кæй амардтой, уый.

ИУМИАГ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Стырбритани, Франц æмæ Германы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ сарæзтой иумиаг хъусынгæнинаг, саудоваг журналист Джамал Хашкаджи кæй фесæфт, уый фæдыл лæмбынæг фæдысгæрст ауадзыны тыххæй. Хъусынгæнинаджы дзырдæуы, зæгъгæ, Герман, Стырбритани æмæ Франц æвдисынц сæ серьезон катайдзинад æндæр бæстæтимæ, уыцы нымæцы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар Федерика Могерини æмæ ИНО-йы генералон нымæрдар Антониу Гутерраш дæр. Хъусынгæнинаджы банысанчынæуыд, зæгъгæ, ацы инциденты фæдыл, домæн лæвæрд æрцыд комкоммæ Саудоваг Аравийы хицауадмæ.

БАКОДТОЙ СÆ ТЕХНИКÆ

Киев Луганскы Адæмон Республикæйы арæнмæ æрбакодта уæззау техникæйы 30 иуæджы. Украинæйы гарзджын тыхты техникæимæ эшелон æрбацыд Рубежноейы æфсæнвæндаджы станцмæ, кæцыйы сконды сты хæддзæугæ 122-миллиметрон гаубицæтæ «Гвоздика»-йы 15 иуæджы, æхсæз 100-миллиметрон танкæты ныхмæ сармадзан «Рапира»-тæ æмæ танк Т-72 10 иуæджы. Киев дарддæр тыхджындæр кæны йæ тыхтæ арæнмæ æввахс.

ФЕХСТОЙ ГОРЛОВКАЙЫ

Украинæйы гарзджын тыхты боевиктæ фехстой Горловкайы кæрон уæвæг рарастгæнæн колони, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг. Уый размæ, 13-æм октябры та Луганскы Адæмон Республикæйы Марьевкайы поселочы кæй æхстой, уый фæстиуæгæн сæ хæдзары фæмард сты мад æмæ чызг.

НÆ БАУАГЪТОЙ ЦЫРТ РАППАРЫН

Киевы уыд ныхмæлæуд полици æмæ радикалты ‘хсæн, кæцытæ бафæлвæрдтой Мариинаг парчы инæлар Ватутины цырт раппарынмæ. Дæсгай националисттæ æрбацыдысты цырты цурмæ асин æмæ дзæбугтимæ. Фæлæ цалдæр сæдæ полициаджы æрхъула кодтой цыртыл æмæ радикалты нæ бауагътой цыртмæ бавналын. Уымæй дарддæр ма уыдон фæнд кодтой «Январы растады» цырт раппарын. Апрелы мæйы Ватутины монументыл бакалдтой ахорæн. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты инæлар Ватутин лæууыд Фыццаг украинæйаг фронты сæргъ Днепры æмæ Киев ссæрибар кæныны тохы рæстæджы. 1944 азы февралы уый фæцис уæззау цæф Ныгуылæн Украинæйы æмæ амард 15 апрелы Киевы. Ныгæд æрцыд Украинæйы сæйраг горæты центры Мариинаг парчы.

НАЦИОНАЛИСТТЫ БÆРÆГБОН

Украинæйы банысан кодтой бæстæйы хъахъхъæнæджы бон. Ацы бæрæгбон Петр Порошенко сфидар кодта 2014 азы,” Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон 23-æм февралы бæсты. Ног бæрæгбон баст у Украинæйы растадон æфсад саразыны бонимæ. Украинæйы растадон армийы æмæ йæ лидертæ Степан Бандера æмæ Роман Шухевичæй хъайтартæ кæй аразынц, уый критикæ кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, оппозицион политиктæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Уыдон сидынц, цæмæй мачи рох кæна хæсты рæстæджы националистты сырдон миты тыххæй, зæгъæм, Волыны æмæ 1943 азы полякты куынæг кæныны тыххæй. Уæд фæмард сты 100 мин адæймаджы бæрц. Уымæ нæкæсгæйæ, Порошенко националисттæн радта «сæрибардзинадыл тохгæнджыты» статус æмæ йæ хайадисджытæн та  социалон гарантитæ. Националистты колоннæ маршæй рацыд Украинæйы растадон æфсады сырæзты 76-азы сæраппонд. Активистты къухты уыдысты украинæйаг тырысатæ, афтæ ма «Правый секторы,  «Азов» æмæ æндæр радикалон партиты тырысатæ. Уыимæ ма марш цыд «Вернем Украину украинцам»-ы лозунгы бын.

АЛЕКСАНДР ПЕЧЕРСКИЙЫ СГУЫХТДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ

14-æм октябры дунейы мысыдысты советон афицер Александр Печерскийы сгуыхтдзинад. 75 азы размæ мæлæты лагерь  “Собибор”ы организаци æрцыд Дыккаг Дунеон хæсты иунæг æнтыстджын растад. Печерскийы ахæсттæн загъта: «Ардыгæй алидзæн ис, æрмæст иунæджытæй нæ, уымæн æмæ хъахъхъæд цæуы лагерь. Лидзын хъæуы иууыл иумæ», – загъта ахæсттæн Печерский. Польшæйы концлагерь «Собибор» уыд мæлæты конвейертæй сæ иу, цыран иу аз æмæ æрдæгмæ куынæг æрцыдысты 250 мин дзуттаджы.

ФЫСТÆГ ИНО-МÆ

Сирийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ИНО-мæ æрбарвыста фыстæг, цыран æрдомдта, АИШ-ы коалицийы хæдтæхджытæ урс фосфоримæ хæстон æрмæджытæй кæй спайда кодта, уый раиртасын. 13-æм октябры, æмцæдисонтæ радон хатт спайда кодтой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм снарядтæй, сирийаг провинци Дейр-эз-Зоры горæт Хаджины авиацæф ныккæныны тыххæй. Уыимæ фæмард сты сабыр цæрджытæ, сæйраджыдæр сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Арабаг республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады банысан кодтой, зæгъгæ, фосфорон снарядтæй спайда кæнын ныхмæвæрд у дунеон закъонæн æмæ хъуамæ нымад цæуа, куыд хæстон фыдракæнд, афтæ.

АФÆЛДÆХТ УÆЗЛАСÆН МАШИНÆ

Турчы Измиры провинцийы афæлдæхт æмæ цæугæдонмæ ахауд уæзтæласæн машинæ адæмимæ, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 22 адæймаджы, уыдон ‘хсæн сты сывæллæттæ дæр. Дæс адæймагæй фылдæр та райстой алыгъуызон цæфтæ. Уæзтæласæн машинæ ласта нелегалон мигрантты.

   Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.