Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы кусджытæ асыгъдæг кодтой Уанат-Цхинвалы ног магистралон донуадзæны арæзтады тыххæй трассæ, – хъусын кæны куыстуаты директор Цхуырбаты Алан.

Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, фæндаг асыгъдæг кæнынæн «Водоканал»-ы кусджытæн баххуыс кодтой РХИ-йы Хъахъхъæнынады æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадты кусджытæ, афтæ ма Капиталон арæзтады управлени дæр. «Дыууæ къуырийы дæргъы нæ кусджытæ фæндаг асыгъдæг кодтой бæлæстæ æмæ къутæртæй, магистралон хахх ауадзыны тыххæй. Куыстытæ уагъд цыдысты дренажон арæзтæдты тыххæй дæр», – банысан кодта «Водоканал»-ы директор.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæттæгæнæн куыстытæ ацы аз фесты. «Донуадзæны арæзтад рай-дайдзæн 2019 азы æмæ фæуыдзæн дыууæ азы æмгъуыдмæ», – загъта паддзахадон унитарон куыстуаты директор.

Цхуырбайы фырт ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Уанат-Цхинвалы донуадзæн фадат ратдзæн Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты æнæхъæн суткæйы нуазыны донæй ифтонг кæнынæн. «Ног донуадзæнимæ доны дебет фæфылдæр уыдзæн, астæуккагæй – 5000 тон-нæйы суткæйы дæргъы. Афтæмæй, Цхинвалмæ дон лæвæрд цæудзæн æнæхъæн суткæйы дæргъы», – загъта уый.

Ног донуадзæны арæзтады проекты хынцыд æрцыдысты Уанаты хъæуы донæмбырдгæнæны арæзтад æмæ Цхинвалы онг – 16 километры магистралон хахх саразын. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ абоны бон республикæйы сæйраг горæтмæ дон кæй цæуы Едыс-Цхинвалы донуадзæныл, кæцыйæн йæ дæргъ у 55 километры æмæ йæ хъомысад та у 550 литры секундмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.