19-æм апрелæй 26-æм апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 172 фæткхалæн цауы. Уыдонæй фараст уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

19 апрелы милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Цхинвалы районы Хеиты хъæуы арæзтадон бригадæйы кусджытæ канализацион хæтæлтæ ивыны рæстæджы бамбæлдысты адæймæгты стæгдартыл. Хуссар Ирыстоны ахуыргæндтæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй ацы уæлмæрд сырæзт 14-15 æнусты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.