Сæ мысинæгтæ дзурынц хæсты æвдисæнтæ

 

Тъехты Аринæ

– Куыд не ‘мбæстæгтæн сæ фылдæр, афтæ æз дæр æртæ бон æмæ æхсæвы фæбадтæн нæ бирæуæладзыгон хæдзары ныккæнды, Хъайтарты уынджы 25-æм хæдзары. Ныккæнды цы чысыл рудзынг уыд, уырдыгæй уыдтам гуырдзиаг тугдзыхты æбуалгъ митæ. Иу афон нæм ныккæндмæ æрбалыгъд нæ лæппутæй сæ иу цæфæй. Æз нæ фæтыхстæн æмæ йын йæ тугцыд æрлæууын кодтон. Хуыцауы фæрцы, мæлæтæй аирвæзт. Мæхи цæстæй федтон Ирыстоны хъайтартæй сæ иу Плиты Тамазы æгъатырæй куыд амардтой, уый дæр. Тамаз уыди йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты чи лæууыд, уыдонæй. Хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы орденæй йæ амæлæты фæстæ. Ахæм хъæбатыр фæсивæды фæрцы абон нæ республикæ у хæдбар æмæ сын сæ нæмттæ рох кæнын ма хъуамæ бауадзæм.

Дзабиты Людæ

– Хæст мæ æрæййæфта Бамы æмдзæрæндоны. Алидзын нын нал бантыст цалдæр сыхагæй. Æгæрыстæмæй сыхаг бирæуæладзыгон хæдзары ныккæндмæ балыгъдаиккам, уый фадат дæр нын нæ уыд. Хъомысджын срæмыгъдтытæ куы райдыдтой, уæд нæ сыхæгтæ цалдæрæй бавзæр сты, сæ хъæбултæм, сæ хæстæджытæм сæ зæрдæ æхсайгæйæ. Арх кæй спырх кодтой, уый фæстиуæгæн дон ракалд æмæ хæдзæртты ныккæндтæ донæй байдзаг сты. Зары хъæды ‘рдæм нын бантыст ралидзын. Удæгасæй баззайыны ныфс мæ æппындæр нал уыд æмæ уæд сфæнд кодтон мæ хъæбултæм радгай адзурын æмæ сын хæрзбон зæгъын. Сыхаг сылгоймæгтимæ та кæрæдзийæн дзырд радтам, зæгъгæ, ныл кæд гуырдзиæгтæ амбæлой, уæд сæ къухтæм бахауыны фæлтау нæхи нæхæдæг амардзыстæм, зæгъгæ. Ахæм фидар фæндимæ размæ тындзыдтам. Уыцы бонты гуырдзиаг тугдзыхты ныхмæ хъæбатырæй тохкæнгæйæ, фæмард мæ хойы хъæбул Джиоты Азæмæт (Пантера).

Цыбырты Анжелæ

– 2008-æм азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уæд мыл цыдис 13 азы. Алцыдæр хорз бахъуыды кодтон. Цæргæ Хеиты хъæуы кæнæм. 7-æм августы æхсæвы горæт æхсын куы райдыдтой, уæд мæ бинонтимæ нæхи бааууон кодтам раздæры Асфальтуадзæн заводы къанторæйы бæстыхайы. Цыдæр амондæн нæ нæ сыхаг федта уырдæм цæугæйæ æмæ нæ фæстæмæ ракодта. Цалдæр уысмы фæстæ уырдæм æввахс æрхаудтой цалдæр «Град»-ы снаряды. 10-æм августмæ фæбадтыстæм Æвзонг натуралистты станцы ныккæнды. Уым сæхи бааууон кодтой хъæуы цæрджытæн сæ фылдæр. Æмбæрстам æй, уым дæр бынтон æдас кæй нæу æмæ уæд сфæнд кодтам æндæр бынатмæ алидзын. Нæ хъустыл æруад, зæгъгæ, дам, Хойрагисæн куыстуаты бæстыхайæ адæмы кæнынц Дзæуджыхъæумæ.

Акодтой мах дæр. 2008 азы хæст мын стыр рыст ныууагъта мæ зæрдæйы. Ныры онг дæр мын хуымæтæг салюты гуыппытæ дæр мæ зæрдыл æрлæууын кæнынц уыцы тугуарæн бонты цаутæ.

Дриаты Аннæ

– 2008-æм азы нырма Орчъосаны хъæуы цардыстæм. Августы хæстон бонты гуырдзыйы æфсад хъæумæ куы слæбурдтой, уæд цæрджытæн сæ фылдæр хъæдмæ лидзынмæ фесты. Уыцы бон æз сывæллæтти-мæ баззадтæн хæдзары. Нæ кæрты куы ауыдтон хотыхджын æфсæддонты, уæд фыртасæй сывæллæтты сынтæджы бын баппæрстон æмæ сæ уæлæ ныххаудтæн, зæгъгæ, кæд нæ марой, уæд уал фыццаг нæмыг мæныл сæмбæлæт. Кæд сын никæй амарын бантыст, уæддæр бæрæг уыд хъæуæн цыдæр фыдбылыз саразынмæ кæй хъавыдысты. Уый бæрæг уыд хъæуы ‘рдæм здæхт бирæнымæц «Градтæй».

Фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Куы фехъуыстой Уæрæсейы æфсад нæм æххуысмæ фæзындысты, уæд ма сыл цæст кæм хæцыд.

 

Æлборты Агуындæ

– Денджызы был улæфыдтæн æмæ фæстæмæ æрыздæхтæн 6-æм августы. Цы æнхъæл уыдтæн æмæ нæ чысыл горæтыл ахæм æвирхъау хабæрттæ æрцыдаит. Цыма йæ зонгæ кодтам, уыйау уыцы бон балхæдтам бирæ халсæрттæ. Кæд иугай æхстытæ цыдис, уæддæр уыцы бон арвыстам хъæлдзæгæй. Æхсæвы Гуырдзыстоны уæды президент Михаил Саакашвилийы раныхасы фæстæ, зæгъгæ, алцыдæр сабыр уыдзæн, махæрдыгæй иу æхст дæр нæ фехъусдзыстут, уæд фæныфсджындæр стæм. Фæлæ уымæй бирæ нæ рацыд æмæ фынæй горæт æхсын райдыдтой. Алидзын нын нал бантыст.

Бестауты Ларисæ

– 8-æм августы мæ хоимæ Дзæуджыхъæумæ цæуынвæнд кодтам, фæлæ … Дыууæ бон æмæ дыууæ æхсæвы фестæм «Текстиль»-ы районы бирæуæладзыгон хæдзары ныккæнды. Æхсæв æмæ нын бон схæццæ сты, тасæй хæринаг йæ дзыхмæ дæр ничи иста. Афтæ мæм каст, цыма рæстæг æрлæууыд æмæ размæ нал цæуы. 10-æм августы æхстыты бын, тæрсгæ-ризгæйæ, Зары фæндагыл ацыдыстæм Дзауы онг, уырдыгæй та –  Дзæуджыхъæумæ. Ныры онг дæр августы мæйы не ‘мбæстæгтæй алчидæр æрымысы уыцы бонты хабæрттæ æмæ сæ кæрæдзийæн фæдзурынц. Хуыцау зæгъæт, æмæ ахæм хабæрттæ нæ чысыл Ирыстон макуыуал бавзарæт.

Кокайты Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.