Ацы аз 115 азы сæххæст дыууæ хатты Советон Цæдисы хъайтар, Монголты Адæмон Республикæйы хъайтар Плиты Иссæйыл. Уый цытæн Цхинвалы районы администрацийы спорты хайад ауагъта турнир шашкæтæй. Ерысты райдианы æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодтой стыр ирон æфсæддон командæгæнæджы цардвæндагимæ.

Ерысты хайад райстой æрмæст Цхинвалы районы спортсментæ нæ, фæлæ ма Знауыры, Дзауы æмæ Ленингоры районты, афтæ Цхинвалы минæвæрттæ дæр. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлахиздзау ссис Знауыры районы минæвар Плиты Хазби, дыккаг бынат бацахста Цхинвалы районы спортсмен Тедеты Никъала æмæ 3-аг та ссис цхинвайлаг Джиоты Руслан. Чызджыты ‘хсæн та иууыл фылдæр баллтæ æрæмбырд кодта Ленингоры районы командæйы уæнг Хуыбылты Оксанæ, дыккаг ссис Цхинвалы районæй минæвар Лолоты Линæ æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Ленингоры районы ноджы иу спортсменкæ – Хуыбылты Дианæ. Турниры хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Шашкæты федерацийы президент Лолоты Борис.

«Ерысты размæ алы районы дæр уагъд æрцыд æвзарæн этап. Уымæ гæсгæ турнирмæ уагъд æрцыдысты алы районы иууыл тыхджындæр дыууæ шашисты», – банысан кодта уый.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

 

БОКС

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд профессионалон боксы изæр «Ариана бокс 2». Уым хайад райстой дунейы фараст бæстæйæ 18 спортсмены. 9 цымыдисон тохæй асты фæуæлахиз сты ирон боксертæ. Сæйраг тохы фембæлдысты Дунейон боксы советы (WBC) версимæ гæсгæ, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан æмæ Уфайы минæвар Рустем Фатхуллин.

Турнирмæ æрбацæуæг адæм, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой легендарон спортсмен Андиаты Сосланы рухс ном.

Фыццаг уал рингыл Къæбысты Аслан æнцонтæй фæуæлахиз таджикаг боксерыл. Уый фæстæ Байты Сослан æртыккаг раунды нокауты арвыста Мухамед Алхасовы. Цымыдисон тох рауад Моураты Хетæг æмæ камеранаг Даниэль Негаты фембæлд. Ам дæр та цæттæдæр разынд ирон спортсмен æмæ йын тæрхонгæнджытæ радтой уæлахиз.

Уый фæстæ Тадтаты Сæрмæт рамбылдта челябинскаг боксер Артем Вычкины, Чилæхсаты Таир та нокаутæй фæуæлахиз мæскуыйаг Иван Арат-скийыл.

Боксы изæры ма архайдта кубæйаг Ленар Франсуа Перез. Уый ныр 3 мæйы тренировкæ кæны УФ-йы, РХИ-йы  сгуыхт тренер Сланты Виталийы дæлбар. Æмæ йæ архайдæй куыд фенын кодта, афтæмæй зындгонд тренер æнæхъуаджы йемæ нæ кусы. Уый 28 секундыл нокауты арвыста налцыккаг Иса Джамалдиновы.

Турниры ныр дыккаг хатт фембæлдысты Хуыгаты Алан æмæ гуырдзиаг Торнике Канделаки. Торникейы тынг фæндыд реванш райсын, фæлæ йын нæ бантыст. Уый нæ, фæлæ ма фæхæрд нокаутæй дæр.

Дарддæр æрхæццæ турниры сæйраг тох, кæцымæ иууылдæр æнхъæлмæ кастысты æнæрхъæцæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ фæстаг дыууæ тохы Сосланæн æнтыстджын нæ рауадысты. Уымæ гæсгæ сарæзта паузæ æмæ спортуарзджытæ цымыдис кодтой, йæ рæдыдтытыл куыд бакуыста, уымæ. Йæ ныхмæлæууæг уыд Уфайæ тыхджын боксер Рустем Фатхуллин. Гæнæн ис афтæ зæгъæн, æмæ Сосланæн ацы тох кæй уыд йæ спортивон карьерæйы хъысмæтскъуыддзаггæнæг. Боксер уыцы хъуыддаг хорз æмбæрста.

Фембæлд рауад тынг цымыдисон æмæ дыууæ боксерæн дæр уæззау. Сослан равдыста фидар удыхъæд æмæ хорз цæттæдзинад. Рамбылдта очкотæм гæсгæ æмæ ныр дарддæр йæхи цæттæ кæндзæн радон тохтæм.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.