Цхинвалы уагъд æрцыд Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар æмæ Монголийы Хъайтар Плиты Иссæйы номарæн турнир шашкæтæй. Хайад дзы райстой алы районæй дæр фæйнæ дыууæ адæймаджы, афтæ ма Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы æмæ Ветеранты советы минæвæрттæ. Ерыстæ байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта «РХИ-йы шашкæты федераци»-йы президент Лолоты Барис.

«Зындгонд арктикон капитан Кучиты Юри дзырдта, зæгъгæ, инæлар Плиты Иссæ у 20-æм æнусы иууыл стырдæр ирон адæймаг. Афтæ ма мæ фæнды æрдзурын ирон адæмæй сæрмагонд хæстон операцийы хайад чи исы, уыдоны тыххæй. Уадз, уыдон дæр Плиты Иссæйау уæлахизимæ æрæздæхæт сæ хæдзæрттæм», — банысан кодта Лолоты Барис.

Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ йæ хайдаисджытæ дихгонд уыдысты дыууæ къордыл. Фыццаг бынæттæ чи æрцахстой, уыдон фембæлдысты финалы. Сæ къордты дыккаг бынæттыл ацæуæг спортсментæ та хъазыдысты æртыккаг бынат бацахсыныл. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ ерысты уæлахиздзау ссис Цхинвалы районы минæвар Тедеты Николай, дыккаг бынатыл ацыд Знауыры районы спортивон кад хъахъхъæнæг Плиты Хазби. Æртыккаг бынат та бацахста цхинвайлаг Лалыты Павел.

Ерыстæ ауагътой Уæлдæр спортивон дæсныйады скъола, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет, «РХИ-йы шашкæты федераци» æмæ Цхинвалы районы администраци.

Бокс

Хуссарирыстойнаг боксертæ хорз сæхи равдыстой Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг турнир «Кубок Святого Георгия Победоносца»-йы. Бантыстис сын 13 майданы рамбулын. Уыдонæй фондз уыдысты сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ фондз та бронзæ майданы. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Гæбæраты Алим, Биазырты Владислав, Куымæридтаты Владислав, Цхуырбаты Давид æмæ Хуыгаты Сæрмæт. Дыккаг бынæттæ та бацахстой Къæбулты Арсен, Уалыты Аслан æмæ Плиты Эрик.

Спортсменты тренертæ сты Тедеты Александр, Лолоты Александр, Бестауты Чермен, Коцты Вадим, Плиты Азæмæт, Цоциты Оскар, Котолиты Бола, Гасситы Аслан æмæ Гæджиты Гамлет.

Дзюдо

Ирон спортсмен Дзуццаты Александр ссис Алтайаг крайы хъæбысхæцджыты номарæн ерысты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Барнаулы. Александр 100 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз Хакасийы минæвар Никита Макаровыл. Фæстæдæр ма спортсментæ фембæлдысты абсолютон уæзы категорийы. Ацы хатт спортивон амонд бахудт Макаровмæ.

Хуриты Батрадз