Радон хатт та уагъд æрцыд Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы призтæ рамбулыны сæраппонд турнир шашкæтæй. Ерыстæм хуынд æрцыдысты æрмæст районы спортсментæ нæ, фæлæ ма бæстæйы иннæ районты минæвæрттæ дæр. Сæ цæттæдзинад дзы фæлвæрдтой 14 спортсмены. Уыдон дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ финалмæ хызтысты сæ дæлкъордты фыццаг бынæттæ æрцахсæг шашисттæ. Къордон хъæзтыты фæстиуджытæм гæсгæ иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой РХИ-йы Ветеранты советы минæвар Джиоты Руслан æмæ Знауыры районæй Плиты Хазби. Уыдон  фембæлдысты турниры сæйраг хъазты. Ам спортивон амонд бахудт Джиоты Русланмæ æмæ ссис сæйраг призы хицау. Плиты Хазби та ссис æвзист призер. Æртыккаг бынат  бацахста Къостайы хъæуæй Тыбылты Алексей.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæй. Уыдон схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райстой Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Алик, районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Бестауты Къæдзæх, «РХИ-йы шашкæты федераци»-йы президент Лолоты Борис æмæ физикон культурæйы сгуыхт кусæг Тедеты Владимир.

 

Шахматтæ

Турнир шашкæтæй

Хуссарирыстойнаг æвзонг шахматисттæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг турнир «Владикавказская весна»-йы. Турниры фæлгæтты уыцы иурæстæджы цыдысты 5 къорды. Сæ иу уагъд æрцыд куыд гом турнир, афтæ. Уым сæ тыхтæ фæлвæрдтой хистæр кары шахматисттæ дæр. Уыдон ‘хсæн архайдта спорты дæснытæм кандидат Къодоты Андрей. Уымæн бантыст бронзæ майдан рамбулын.

Хуссар Ирыстоны æрыгæтты командæйы уæнгтæй хистæр кары ‘хсæн фыццаг разряд сæххæст кæныны тыххæй ерысты æртыккаг бынат бацахста 11-аздзыд Джыгкайты Артур. Уый чысыл лæппуйæн у стыр æнтыст.

Хистæр кары спортсменты ‘хсæн дыккаг разряды тыххæй ерысты дыккаг бынæттæ бацахстой Коцты Юри æмæ Тыбылты Аннæ.

Хистæр кары спортсменты ‘хсæн æртыккаг разряд райсыны сæраппонд ерысты та фыццаг бынат бацахста Уанеты Валерия. Ацы ерысты кæд призон бынат нæ бацахста, уæддæр разряд райста Мæргъиты Давид.

«Нæ шахматистты бæрæггæнæнтæ хуыздæрæй хуыздæр кæнынц. Ацы аз ныр æртыккаг хатт хайад райстам республикæйæн æддейæ ерысты æмæ та равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ», – загъта РХИ-йы шахмæтты федерацийы президент, спортсменты тренер Саулохты Георги.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.