Ирон удварны фидардæр мæсгуытæй иу у нæ мадæлон æвзаг. Бирæ адæмæй фехъу-сæн вæййы, нæ ирон æвзаг сæфы, зæгъгæ. Нæ зындгонд куырыхон ахуыргонд ирон лæг Абайты Васо афтæ загъта: «Ирон æвзагæн фыццаджы фыццаг йæ райдайæн бинонты ‘хсæн ис, фыды хæдзары. Æмæ йæм уым фаг æргом куы нал здахæм, уæд уый фæдисы хабар у, саби та йæ мады ‘хсыримæ куы нæ райса æмæ йыл куы нæ дзура, уæд æвзаг банымайæн ис сæфтыл».

Социалон хызæгты алыхуызон къордты нæ фæсивæд фæбыцæу кæнынц кæрæ-дзимæ,  дих кæнынц се ‘взаг “иронцы”, “дигорцы” æмæ ма “осетинцы”-йыл дæр.

Мах стæм иу адæм. Цы нæ хицæн кæны, уый æрмæст формалон у.

Хуссар æмæ Цæгат Ир æнæмæнгæй дæр хъуамæ кæрæдзи фарсмæ уой. Уымæн æмæ бирæ фыдбонтæ бавзæрстой. Бирæ зындзинæдты сæрты ахызтысты, æмæ уый та Уæрæсейы æххуысы æмæ адæмы иудзинады, не ‘нгомдзинады фæрцы сгуыхтдзинад уыд. Иу туг, иу стæг стæм, æфсымæртæ æмæ хотæ. Нæй нын кæрæдзийы дихтæгæнæн, æнæ кæрæдзи цæрæн.

Цæмæй нæ фæсивæд ма рæдиой, уый тыххæй не ‘гъдæуттæм фылдæр æргом аздахын хъæуы.

Рæдыдтытæ афоныл куынæ иуварс кæнæм, уæд фылдæрæй-фылдæр кæндзысты. Ирон адæмæн бантыст сæ диссаджы æвзаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын æмæ цæмæй фидардæр æмæ рæсугъддæр кæной, уый тыххæй мах хъуамæ нæхи ма дихтæ кæнæм – дыгурон, ирон, къуыдайраг, пысылмон æмæ чырыстæттыл. Мах иу адæм стæм, æмæ нæм хъуамæ уа иу æгъдау, иу уаг.

Нæ фидæн, нæ ныфс сты нæ фæсивæд, нæ кæстæртæ. Уыдонæй аразгæ у, цавæр уыдзæн нæ сомбон, фылдæр уыдонмæ кæсы ирон æвзаг æмæ нæ фыдæлты фæрныг æгъдæуттæ хъахъхъæнын æмæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын. Ӕмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй абон уыцы удварнон хæзнатæ дæттын хъæуы нæ кæстæртæм.

Æгъдæуттæй иутæ ферох сты, цард сæ йæхæдæг аппæрста. Бирæтæ та дзы цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг сты, сæ раздæры мидис сын радтын хъæуы – нæ рæзгæ фæсивæдмæ цæмæй æфсарм, намыс æмæ æгъдау уа. Æнæ уыдонæй ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй йын фидæн. Æнæ уыдонæй ирон адæм цæуынц сæфтмæ. Æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ нæ кæнынц æгад. Уыдон зонгæ-нæзонгæйæ халынц нæ   царды  æгъдау.

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.