Уый æнхъæл ма чи уыд, æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ацы зæрдæмæхъаргæ девиз куыд актуалон уыд, афтæ уыдзæн 21-æм æнусы дæр, æмæ ацы дзырдтæй пайда кæной абоны фæлтæртæ дæр.

Раст у, истори алыхатт дæр фæлхаттгонд æрцæуы. 1941-1945 азты фашизмы уидæгтæ бындарæй не стыдтой æмæ абон ногæй сæ сæртæ сдардтой фашист Бандерайы фæдонтæ. Бирæнацион Уæрæсейы бæстæйы хæстонты æмрæнхъ фронты раззаг хæххыты нацистты ныхмæ тох кæнынц ирон сахъ лæппутæ дæр æнахуыр хъайтардзинæдтæ æвдисгæйæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы куыд уыд, афтæ ныр дæр фæсчъылдымы адæм, уыцы нымæцы хуссарирыстойнаг адæм дæр иу ран нæ бадынц, аразынц алыгъуызон гуманитарон акцитæ æмæ афтæмæй æххуыс кæнынц хæстонтæн. Чи хæрзаудæн концерттæ сорганизаци кæны, чи финансон фæрæзтæ æмбырд кæны, чи та хæстонтæн йæ машинæ балæвар кæны. Иу дзырдæй кæмæн куыд йæ бон у, афтæ архайы æмæ æххуыс кæны фронты уæвæг лæппутæн.

Нæ горæты цæрæг Хъæцмæзты Татьянæ дæр тынг хорз æмбары зымæгон уазал рæстæджыты хæстонтæ уæлдай стырдæр зындзинæдтæ кæй æвзарынц, уый æмæ сфæнд кодта ирон хæстонтæн къуымбил цъындатæ сбийын. Уазал æмæ стонгæй бирæгъ дæр тæрсы. Абоны онг уал ын бантыст 30 фæлысты сбийын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цъындатæ бийдзæн цас йæ бон суа, уыйбæрц. Хъæцмæзты чызг кусы нæ горæты Æвзонг техникты станцы æмæ йæм уырдæм райсомæй куы бацыдтæн, уæддæр æй баййæфтон цъындатæ бийгæ. Сылгоймаг тындзы, цæмæй йын бантыса фылдæр.

«Мæ куыстæй мын сæрибар рæстæг куы фæвæййы, уæддæр дзы спайда кæнын. Цъындатæ быдтон нæ хæстон лæппутæн гуырдзиаг агрессийы рæстæджы дæр, æмæ-иу сын сæ байуæрстон. Æрæджы Украинæйæ æрцыд ирон хæстонтæй иу — Тедеты Дима. Хæдзармæ нæм уазæгуаты куы æрбацыд, уæд нын радзырдта, зæгъгæ, ныртæккæ уым у тынг уазал, нæ къухтæ æмæ къæхты æмбаргæ дæр нал фæкæнæм, афтæ, дам, нын басийынц. Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ, аскъуыддзаг кодтон, лæппутæн цас мæ бон суа, уыйбæрц цъындатæ сын балæвар кæнын, æмæ йæ аразын æппæт зæрдæйæ. Мæнмæ гæсгæ, мæ хæстон лæппутæ райгондæй баззайдзысты», — загъта Татьянæ.

Куыд радзырдта, афтæмæй йæ хо цæры Мæскуыйы æмæ йын уырдыгæй йæ хойы чызг цалдæр хатты æрæрвыста тæбынтæ. Æгæрыстæмæй, йæ сыхæгтæй Уæрæсейы ахуырадон уагдæтты чи ахуыр кæны, уыдонæн дæр зæрдæхæлар сылгоймаг балæвар кодта хъарм цъындатæ. Æрдæгæхсæвтæм дæр йæ бийæн къæбæлтæ йæ къухты вæййынц.

Цъындатæ фронтмæ арвитынæн Татьянæйæн баххуыс кæндзысты хæрзаудæн фонд «Мах ныфс»-ы уæнгтæ. Уыдон ныридæгæн гуманитарон æххуыс цалдæр хатты арвыстой фронты раззаг хаххмæ. Фонды сæргълæууæг у Гаглойты Таирæ.

«Нæ фонды тынг бирæ фæ-сивæд ис æмæ куыддæр сæрмагонд æфсæддон операци райдыдта, афтæ аскъуыддзаг кодтам хæстонтæн баххуыс кæнын. Цалдæр хатты арвыстам продукттæ. Æрæджы нæм лæппутæ фæдзырдтой æмæ нæм бахатыдысты, цæмæй сын арвитæм къуымбилæй цъындатæ, нæ Нанатæ, зæгъгæ, цахæмтæ быдтой, ахæмтæ. Мах уый тыххæй куыддæр фехъусын кодтам, афтæ нæм уайтагъд Татьянæ æрбацыд æмæ абон уый у нæ фонды уæнг.

16-æм декабры сорганизаци кæндзыстæм хæрзаудæн концерт киноконцертон зал „Чермен“-ы. Зынгæ зарæггæнджытæ, куыд, зæгъæм, Харебаты Тимур æмæ Вадим, Гуццаты Нодар, Лалыты Альберт, иууылдæр сразы сты акцийы хайад райсыныл. Æвæццæгæн, дыууæ концерты ауадздзыстæм, уымæн æмæ æгæр уæрæх у концертон программæ. Концертæй райсгæ æхцатæй балхæндзыстæм техникон фæрæзтæ», — загъта фонды сæргълæууæг.

Гаглойты чызг ма куыд загъта, афтæмæй мадзалы организатортæ фæнд кæнынц концерт флешкæйыл ныффысын æмæ йæ Украинæмæ лæппутæн арвитын. Таирæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæм алы хатт дæр се ’ххуысы къух фæдаргъ кæнынц æххуысхъуаг адæммæ. «Æрæджы хæстон лæппутæ загътой, зæгъгæ, æрæмысыдысты хæдзарон цæхджынтæ. Нæ хъусинаджы фæстæ нæм уайтагъд адæм райдыдтой цæуын. Уæлдай тынгдæр мæ фæнды рахицæн кæнын хъæууон цæрджыты; æрластой алыгъуызон консервтæ æмæ цæхджынтæ. Нæ адæмæй хæларзæрдæдæр адæм никуыма федтон», — банысан кодта Гаглойты Таирæ.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ зæгъын хъæуы Хъæцмæзты Татьянæйæн йæ хæрзаудæн архайды тыххæй.

Джиоты Екатеринæ