Ахæм номимæ хæрзаудæн концерт 17-æм декабры уыдис нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы. Концерты организатор у хæрзаудæн фонд «Мах ныфс», йæ сæрдар та Гаглойты Таирæ. Мадзал саразынæн баххуыс кодтой Цхуырбаты Заринæ æмæ фонды иннæ уæнгтæ. Концерты нысан уыд, цы фæрæзтæ дзы райстой, уыдонæй Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг ирон хæстонтæн баххуыс кæнын.

Мадзалмæ æрбамбырд бирæ адæм. Амыдтой йæ Икъаты Миленæ æмæ Хъотайты Сæрмæт. Сценæйыл сæ арæхстдзинад равдыстой зынгæ зарæггæнджытæ Харебаты Тимур, Вадим, Лалыты Альберт, Джиоты Ибрагим, Æл-борты Малхаз, Дзукъаты Ланæ, Тасойты Игорь, Гатыгкоты Нинæ, Джихаты Рус-там, Икъаты Миленæ, Хетæгкаты Виктория æмæ æндæртæ.

Адæймагады историйы хæрзаудындзинад раджы фæзынд, адæм кæрæдзийæн сыгъдæг зæрдæйæ æххуыс кæнын куы райдыдтой, уæд. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ хæцынц ирон лæппутæ. Сæ хъæбатырдзинадæй цæс-тæвæрæн фесты се ’мтохгæнджытæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæст хæст у æмæ æфсæддонты алы хатт дæр бахъæуы цахæмдæр æххуыс æмæ сæм се ’ххуысы къух фæдаргъ кæнынц хæлар-зæрдæ адæм. Уымæн æвдисæн та — ацы хæрзаудæн концерт.

Гаглойты Таирæ æмæ фонды иннæ уæнгтæ Донбассмæ алыгъуызон гума-нитарон æххуыс арвыстой цалдæр хатты. Таирæйы ныхæстæм гæсгæ, концертæй цы æхцайы фæрæзтæ райстой, уыдонæй балхæндзысты рацитæ æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг товартæ. «Рацитæ равзарынæн нын æххуыс кæны Къæбысты Георги (Жорик). Йæ фæрцы ныридæгæн закъазгонд æрцыдысты. Ирон хæстонтæ Ног азы размæ райсдзысты гуманитарон æххуыс. Хъæцмæзты Татьянæйы сæргълæудæй цалдæр сылгоймаджы сбыдтой къуымбил цъындатæ æмæ сын уыдон дæр рацитимæ арвитдзыстæм, сæ мидæг сын шоколад „Аленка“-тæ нывæрдзыстæм, афтæмæй», — загъта фонды сæргълæууæг.

Гаглойты Таирæ ма куыд банысан кодта, афтæмæй сæ хæрзаудæн концерты фыццаг хатт хайад райста Хетæгкаты Виктория æмæ йын йæ арæхстдзинадæй баззадысты стыр райгондæй. Концерты кæрон мадзаламонæг загъта: «Ирыстон уæлахиз уæд! Ирыстоны хъайтар лæппутæ даргъ уæрæх цæуæнт!».

Бузныг зæгъын æмбæлы хæрзаудæн фонд «Мах ныфс»-ы уæнгтæн Гаглойты Таирæйы сæргълæудæй. Хæстонтæн та нæ зæрдæ зæгъы сæ хæдзæрттыл æнæниз æмæ дзæбæхæй сæмбæлын.

Джиоты Екатеринæ