2020-2022 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ фидар æрцыд 2019 азы, апрелы. Программæйы бюджет у 4,5 миллиард сомы æмæ йæ хыгъды ис 52 мадзалы. Хæрдзтæ иууылдæр хицæн цæуынц Уæрæсейы бюджетæй. Афæдзы райдианы бавналдæуыд цалдæр объектмæ, фæлæ дунейы цы пандеми апарахат, уый аххосæй фæкъуылымпы сты арæзтадтæ. Куысты-тæ адарддæр кæныны хъуыддаг аргъæвтой фæстæдæрмæ, уымæн æмæ уыцы куыстытæ чи хъуамæ бакодтаиккой, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты уæрæсейаг арæзтадон фирмæтæ. Куыд, зæгъæм, фирмæ «Спецтепломонтаж-Юг» хъуамæ адард-дæр кодтаид Уанат-Цхинвалы донуадзæны дыккаг этап. Арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг» та хъуамæ бавнæлдтаид, нæ горæт æмæ районты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт æрцæуой, уыдонмæ.

Дыууæ къуырийы размæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыд 21 уæрæсейаг специалисты, цæмæй бакусой инвестицион нывæсты объекттыл. Æдасдзинады мадзæлттæм гæсгæ уыдон се ‘ппæт дæр рацыдысты дыууæкъуырион карантины. Цалынмæ Хуссар Ирыстонмæ не ‘рцыдысты, уæдмæ уал коронавирус сбæрæг кæныны фæдыл тесттæ радтой Цæгат Ирыстоны. Бынатмæ æрцæугæйæ, уыдон æрбынат кодтой хисæрмагонд хæдзæртты æмæ 2 къуыри æххæст кодтой карантины нормæтæ. Уыдонæй алкæмæн дæр дыууæ къуырийы ми-дæг ноджыдæр арæзт æрцыд дыгай хæттыты тестытæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц сæ фæстиуджытæм, уый фæстæ æрæвналдзысты сæ куыстмæ. Архитектурæ æмæ арæзтады министрады минæвар Къадзты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй уыдон тагъд рæстæджы æрæвналдзысты, нæ горæты Гуыбаты æфсымæрты æмæ Ирæтты уынгыл цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ хъуамæ сырæза, уыдонмæ. Афтæ ма Хъайтарты уынджы кæрон цы аварион бирæуæладзыгон хæдзар ныппырх кодтой, уый арæзтадмæ дæр.

Фарон «Спецтепломонтаж-Юг» фæцис 16 километры магистралон доны хæтæл æмæ дыууæ резервуары арæзтад Присы хъæуы, кæцыты иумæйаг бæрцуат у авд мин кубометры. Ацы аз объекты æппæт куыстытæ фæуыдзысты ноябры мæймæ æмæ уый фæстæ скусдзæнис æппæт хъомысадæй. Уæрæсейæ æрцæуæг специалисттæ кæронмæ бахæццæ кæндзысты фонтан æмæ хæсты фæмардуæвджыты мемориалы арæзтад дæр.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады зæгъынц, зæгъгæ, коронавирусы инфекци нæ бандæвта бынæттон кусджыты архайдыл. Сæ куыст кодтой арæзтадон фирмæ «Бадо»-йы специалисттæ, кæцытæ аразынц горæты æртыккаг астæуккаг скъолайы бæстыхай. «Дорэкспострой» дарддæр цалцæг кæны уынгтæ. Ацы азы кæронмæ фæуыдзæн Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад дæр.

«Мах ивæм коммуникацитæ фондз уынгыл. Базарадон, Нæузæххонты, Табуты Радионы æмæ Белинскийы уынгтыл. Уыдон куыддæр фæуæм, афтæ та бавналдзыстæм Плиты Арон æмæ Хъайтарты уынгмæ. Фæлæ махмæ дæр фæзыны куысты рæстæджы проблемæтæ, фæндаг æхгæд кæй у, уый тыххæй. Æрмæджытæ мах дæр Уæрæсейæ ласæм æмæ хатт машинæ фæфæстиат вæййы», – зæгъы «Водоканал»-ы сæйраг инженер Джиоты Ингæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ «Водоканал»-ы кусджытæ ивынц Джиоты Аланы проспектыл хисæрмагонд хæдзæртты коммуникацитæ дæр. Ахæм æнгæс куыстытæ раздæр уыдон бакодтой Сталины æмæ Фидауынгæнджыты уынгтыл .

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.