Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонд рацаразыны тыххæй æмæ 2012 азы 17 майы «Республи-кæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты структурæйы тыххæй», Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №33 Барамынды хицæн уагæвæрдтæ сæ тыхы кæй нал сты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты структурæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг Хицауиуæгады республикон органты номхыгъд, кæцыты архайдыл къухдариуæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, кæцытæ нысангонд сты ацы Барамынды, афтæ ма 2012 азы 17 майы «Республи-кæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты структурæты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №33 Барамынд 2012 азы 28 июны «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ ивындзинæдтæ æмæ баххæстгæнинæгтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №120 Барамынд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты социалон хъахъхъæнынады фæрæзтæй управленийы системæ фæхуыздæр кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонд рацарæзт æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны сæрмагонд паддзахадон финансон-кредитон уагдонмæ, бындурæвæрæджы функцитæ æмæ бартæ бакондæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадыл сæвæргæйæ.

2. Йæ тыхы мауал уæд:

а) 2012 азы 17 майы «Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты структурæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №33 Барамынды 7 пункты дыууадæсæм абзац;

ацы Барамынды сфидаргонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты структурæйы V хай;

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты номхыгъды дæсæм абзац, кæцыйы архайдыл къухдариуæгад кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, кæцытæ фидаргонд æрцыдысты ацы  Барамындæй.

б) 2012 азы 17 майы «Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты структурæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2012 азы 28 июны №120 Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Барамындмæ ивындзинæдтæ æмæ баххæстгæнинæгтæ бахæссыны тыххæй». «Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстгæнæг хицауиуæгады республикон органты структурæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2012 азы 17 майы Барамынды 1 пункты 15 æмæ 23 дæлпункттæ.

3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад иу мæйы æмгъуыдмæ сæххæст кæнæд æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, кæцытæ баст сты ацы Барамынды 1 пункты реализациимæ.

4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2020 азы 22 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ схорзæхджын кæныны тыххæй

Фæсивæдон политикæ пропагандæ кæныны фæдыл активон архайды, Республикæ Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цæуынц, уыдон æвдисыны, афтæ ма ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты фæдыл алæвæрдтæ цæттæ кæныны тыххæй ХИПУ-йы телеуынынад хорзæхджын æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамо-тæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2020 азы 9 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.