Сыгъдæг æмæ райдзаст къæлидорты айзæлыдысты дзæнгæрæджы зæлтæ æмæ ахуыргæнинæгтæ атындзыдтой сæ кълæстæм. Афтæ вæййы алы скъолайы дæр алы урокы размæ. Ахæм ныв æрæджы федтон Советон Цæдисы Хъайтар Кобылты Сергейы номыл Цхинвалы иуæндæсæм астæуккаг скъоламæ бацæугæйæ дæр. Скъола кæд арæзт æрцыдис фæндзай азы размæ, уæддæр бахъахъхъæд æрцыдис æмæ дзы абон фадæттæ ис, цæмæй дзы чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæ ахуырдзауты ‘хсæн кæной æмбæлон ахуыр-хъомыладон куыст. Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы ацы скъолайæн дæр разианчындæуыд æмæ хæсты фæстæ горæты фыццаг цалцæггонд цы скъолатæ æмæ æндæр административон агъуысты-тæ æрцыдысты, уыдонæй сæ иу уыд ацы скъола. Инвестицион программæйы фæлгæтты хæрзарæзт æрцыдис скъолайы кæрт, йæ алыварс территори.

Скъолайы директор Собаты Юзæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы ахуыры аз кæд райдыдтой зындзинæдтимæ, уæддæр æй фæуд кæнынц куысты хорз уавæртæ æмæ раппæлинаг æнтыстытимæ. Скъолайы коллектив фарон ахуыры азы кæрон цы куыстыты плæнттæ сарæзтой, уыдонæй директоры ныхæстæм гæсгæ иу дæр æнæарæзт нæ баззадис. Сæйраг хæстæй сæ иу уыд ахуыргæнинæгты чингуытæй сифтонг кæнын æмæ уыцы куыстыты иу хай æххæст æрцыдысты ацæугæ ахуыры азы кæрон. Уæд чингуытæ чи нæ райста, уыдон та сæ райстой ацы ахуыры азы хæдразмæ.

Скъола, йæ ахуыргæнджыты коллектив æмæ ахуырдзаутæ цы зынтæ бавзæрстой, уыдон та, сæйраджыдæр, уыдысты, коронавирусы ныхмæ тохы тыххæй цы барæнтæ ист цыд, уыдон. Бирæ бинонтæн фадат нæ уыд интернеты руаджы дистанцион æгъдауæй ахуыр кæнынæн. Афтæмæй куыд ахуыргæнинæгтæ, афтæ зындзинæдтæ æвзæрстой ахуыргæнджытæ дæр. Коллектив карантины фæстæ архайдта ахуыры процесс æрнывыл кæныныл.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæ азæй-азмæ кæнынц фылдæр.

Скъолайы ныр цалдæр азы ахуыртæ уагъд цæуынц иу сменæйы. Бирæ дзы ис, иттæг хорз чи ахуыр кæнынц, ахæм ахуыргæнинæгтæ, цалдæр ахуыргæнинаджы тырнынц, цæмæй скъола каст фæуой майдантыл. Ахæмты нымæцмæ хауынц Козаты Аслан æмæ Тедеты Георги. Скъолайы дзæвгар сты, хорз нысæнттыл чи ахуыр кæны, ахæм ахуыргæнинæгтæ дæр.

Скъола ахуыр-хъомыладон куыстæй дарддæр стыр хъусдард здахы алыгъуызон кружоктæ æмæ спорты æндæр æмæ æндæр хуызты ахуыргæнинæгты хайадистмæ. Къуыри цалдæр хатт ахуыргæнинæгтæ хайад фæисынц кафын, зарын, драмон къордты архайды æмæ сæ арæхстдзинад февдисынц. Ахуыргæнинæгтæ цæуынц футбол, теннис, волейбол æмæ æндæр спортивон секцитæм. Се ‘хсæн дзæвгар ис, дарддæр дæр йæ хъысмæт спортимæ сбæттынмæ чи хъавы, ахæмтæ дæр.

Скъолайы кусы медицинон хо, уый йæ хъус лæмбынæг дары ахуыргæнинæгты æнæниздзинадмæ.

Скъолайы стыр хъусдард здæхт цæуы зынгсирвæзт ма ‘руадзыны хъуыддагмæ дæр. Ахæм рæстæ-джы зонынц, зынгсирвæзтæй сæхи  куыд бахизой, уый.

Дзæвгар сты, абон скъолайы ахуыргæнджытæ буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты, арæх кæй æрæмысынц, уыцы раздæры ахуыргæнинæгтæ, абоны зындгонд æмбæстæгтæ Пухаты Эрик, Лæууойты Æхсар, Кокойты Тарзан, Дудайты Альберт, Тедеты Дзамболат, Гаглойты Малхаз, Медойты Дзамбулат æмæ æндæртæй.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.