Иумиагахуырадон скъолаты ахуыр хъомыладон куыст æмбæлон æмвæзадыл сывæрынæн ахъаз сты цæстуынгæ æрмæджытæ. Уыдонæй пайда цæуы уроктыл хицæн предметтæй æмæ ахуыргæнинæгтæн æххуыс кæнынц сæ зонындзинæдтæ хуыздæр бафидар кæнынæн. Уыдонæй дарддæр алы скъолайы дæр практикæ цæуы къултыл стендтæ, тематикон къуымтæ æмæ æндæр ахæмтæй. Афтæ у нæ горæты фæндзæм астæуккаг скъолайы дæр.

Банысан кæнын æмбæлы уый, æмæ скъолайы къæлидорты къултыл конд цы дыууын ахæм фæйнæгæй фылдæр ис, уыдонæй иумæ дæр нæй фау æрхæссæн, дзуапп дæттынц куыд сæ мидисæн, афтæ сæ аивдзинадæн дæр.

Скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджыты, стæй ма ардæм чи æрбацæуы, уыдонмæ стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæны, æрæджы скъолайы цы музей байгом, уый. Музейы экспонатты ‘хсæн сæйрагдæр бынат ахсы рагон ирон бинонты цард æвдисæг композици. Цы мигæнæнтæ æмæ ма дзы дзаумæттæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр бацæуæгмæ æвзæрын кæнынц стыр цымыдисдзинад. Цæмæй музей байгом уыдаид æмæ йæ экспонаттæ фылдæр кодтаиккой, уый тыххæй раппæлинаг куыст бакодта æмæ ма абон дæр уыцы куыстытæ æх-хæст кæны  скъолайы ахуыргæнæг Елбачиты Жаннæ.

Скъолайы къæлидортæй иуы аив сфæлыстой зынгæ Советон æфсæддон раздзог Мамсыраты Хадзы-Умары тыххæй тематикон къуым, кæцыйы ном къорд азты хæссы скъола. Ам фенæн æмæ базонæн ис Мамсырайы фыртæн куыд йæ хæстон архайды тыххæй, афтæ ма йе ‘взонджы бонты цардыл дзурæг къамтимæ дæр. Ахсджиаг бынат дзы ахсынц хæстон темæтыл дзурæг æрмæджытæ хицæн æмæ хицæн сæргæндты бын. Зæгъæм «Ничи ферох, ницы ферох», «Æнусон кад нæ хъæбатыртæн», «Уæлахизы бон», «Мæ райгуырæн бæстæ» æмæ æндæртæ.

Скъоладзаутæй, стæй ахуыргæнджытæй алкæмæн кæм ис фадат æмæ базонгæ уа Ирыстоны рæсугъд æмæ фенддаг бынæттимæ. Нæ республикæйы æндæр æмæ æндæр рæтты рæ-сугъд æрдзы нывтæ  равæрдтой скъолайы къæлидортæй зынæндæр бынæттæй сæ иуы æмæ сæм ныр æрвылбон дæр ахуырдзау фæсивæд фæкæсынц  цымыдисимæ.

Скъолайы директор, Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Туаты Мадинæ ацы куыстыты тыххæй йæхæдæг банысан кодта, зæгъгæ, ахæм æрмæджытæ скъолаты сты æнæмæнгхъæуæг æмæ ахсджиаг. Уыдон фæрцы фылдæр æмæ уæрæх кæнынц ахуырдзауты зонындзинæдтæ, сæ дунеæмбарынад. Алы скъоладзаумæ дæр йæ алыварс дуне-мæ фæзыны стырдæр цымыдис. Фылдæр æмæ хуыздæр базонынц сæ бæстæ æмæ адæмы. Скъоладзаутæ фæлæууынц сæ разы æмæ сæм зæрдиагæй фæкæсынц, базонынц дзы бирæ ногдзинæдтæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.