Хуссар Ирыстоны кадджын адæмы пантеоны фыццаг йе ʻнусон бынат ссардзæн зынгæ ирон ахуыргонд Джусойты Нафи. Зынгӕ политикон, сфӕлдыстадон ӕмӕ культурон архайджытӕн хицæн уæлмæрдæн бынат равзæрстой Цхинвалы ныгуылӕйнаг фарс, Тъбеты хъӕуырдӕм схизӕны Дзуары цур, фехъусын кодта Джусойты Нафийы бавæрыны фӕдыл къамисы уæнг, зынгӕ ӕхсӕнадон архайӕг Челехсаты Хъазбег. Хуссар Ирыстон цыппӕрӕмы, 29 июны хӕрзбон зӕгъдзӕн номдзыд ахуыргонд, академик Джусойты Нафийӕн. Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы бардзырдмæ гæсгæ, 29 июнь расидт æрцыд фыдохы бонæй.

«Рагӕй фӕстӕмӕ дзырдӕуы, цӕмӕй нӕ номдзыд адӕмӕн арӕзт ӕрцӕуа пантеон. Ныр уыцы фарст лыггонд ӕрцыдис Бибылты Анатолийы инициативӕмӕ гӕсгӕ. Къамисы уӕнгтӕ фӕтымбыл стӕм ӕмӕ равзӕрстам Тъбетмӕ схизӕны Дзуар (Крест) ӕвӕрд кӕм ис, уый фарсмӕ, назбӕлӕсты цур. У тынг рӕсугъд ӕмӕ аив бынат. Фыццаг дзы бавӕрдзыстӕм Нафийы ӕмӕ йын фӕлмӕн уӕд, бирӕ цы фыдӕлты зӕхх уарзта, уый”, – загъта Челехсаты Хъазбег. Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, стӕй фӕстӕдӕр, зиан бавæрыны фӕстӕ, фӕнд кӕнынц йе фсымӕр, зынгӕ ирон поэт Хаджеты Таймуразы мард буары дӕр, Нафийы фарсмæ бавæрын. Уый ныгæд ис Ногиры хъæуы уæлмæрды. Нафийы марды чырын 29 июны райсомӕй сихормӕ æвæрд уыдзæн Парламенты залы. Ардӕм алкӕмӕн дӕр уыдзӕн фадат ӕрбацӕуын ӕмӕ йын фæстаг хæрзбон зӕгъын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.