Ныр 28-æм хатт нысан кæнæм Республикæ расидыны бон. Хорз у, тынг хорз у æнусмæ æввахс цы цагъарады уыдыстæм, уырдыгæй хи ратонын. Æцæг уыди рæстæг, æмæ цагъарады кой уæндгæ дæр ничи кодта. Фæлæ алцæмæн дæр йæхи рæстæг ис. Ис дуртæ æмбырд кæныны рæстæг, фæлæ ис сæ пырх кæныны рæстæг дæр. Цас фæтымбыл кодтам мах уыцы дуртæ, уыцы уæззау дойнаг дуртæ! Сæрибары монц нæ риуты сусæгæй рæзти, æмæ иу бон æрцыд рæстæг, æмæ загътам: кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт! Уæд уыцы сидт æрбаиу кодта нæ адæмы хъысмæтыл йе ‘нæрынцой зæрдæ кæмæн рыст, уыцы разагъды адæймæгты æмæ дзыллæйы æууæнкæй разæнгардæй сарæзтой рæстдзæвин къахдзæфтæ. Размæ, дунеон æмæхсæнады размæцыдимæ æмдзуйæ! Æмæ нæ уæд нæ ныхмæлæуджытæ азымы бын фæкодтой: уый мах зæхх у, сымах ам уазджытæ стут, сымах адæмыл нымад не стут! Уыдон сæхи дзыхæй дзурынты нæ фесты æмæ сæхиуыл комдзог нæ рацыдысты!? Адæмыл нæ кæй нæ нымадтой, уый тыххæй нæ рауади сæрибарыл нæ тох!? Фæлæ сæм æнæниз зонд æмæ хъуыды куы хæццæ кæнид, уæд абон æрбадиккой иумæйаг фынджы уæлхъус, æмæ æрсагъæс кæниккой сæ фæстагæтты фидæныл æмæ сæ абоныл дæр, уымæн æмæ сæ фæскъæбут куыд нал фендзысты, афтæ ацы хъуыддагæн дæр раздахæн нал ис æмæ нæ сæ дæлбар æфхæрд, дæлдзиныг æмæ ссæстæй никуыуал фендзысты. Сывæллон мады гуыбынмæ кæд баздæхти! Цы паддзахад райгуырди, уый фæстæмæ æнæном «регион» куыд скæндзынæ! Фæлæ сæ политикон къуымыхдзинад уымæй дæр бæрæг у. Уыдон  уырны,  мæнгдзинадæй  хъуыддагæн рамбулæн ис, зæгъгæ, æмæ нæ ауæрдынц мæнг ныхасыл, суанг ма 8 августы цы цæстуынгæ цаутæ æрцыд, уыдон дæр хъавынц æндæргъуызонæй равдисынмæ. Ныртæккæ æппæт ныгуылæйнаг æм-æхсæнад, чизоны се ‘ппæт нæ, фæлæ дзы æз кæимæ ныхас кодтон социалон хызæджы, уыдон хъуыддæгтæ æмбарынц, гуырдзиаг дзырдхæсджытæ сын цы дзурынц, уымæ гæсгæ. Фæлæ сын афтæ куы зæгъай, æз мæхæдæг уыцы цауты тæмæны уыдтæн, æмæ федтон мæлæты цæстæнгас. Уырыссаг æфсад куынæ ‘рбацыдаиккой, уæд æз ныр демæ нал ныхас кæнин, уæд фæтыхсынц, æмæ афтæ фæзæгъынц: «Йемæ уæд та уым уæле цы цæуы, уый ничи зоны…».

Диссаг дæр уый у, æмæ ныртæккæйы информацийы дуджы хъуыддæгты рæстдзинад базонын афтæ зын кæй у. Адæм та æууæндынц, хæрзвадатдæр цы у сæ удæн, ууыл.

Æниу, æппæт ацы хъуыддæгтыл дис кæнын ницы пайда у, уымæн æмæ агрессивон бæстæты тых ис сæ идеологийы мидæг. Уыдон æхсæнадон хъуыды сæхи куынæ бакæной, уæд сын æнтысгæ дæр ницы бакæндзæн. Уымæй дарддæр ма алкæцы хъомысджын паддзахадæн дæр ис йæхи национ идейæ. Хъыгагæн, ныртæккæ иуæй-иу бæстæты идеологийы бындур ссис хисæрмагонд хъауджы-дзинад. Раст зæгъгæйæ, адæймагæн æмæ алы адæмыхаттæн дæр уымæй æхсызгондæр ницы ис, исчи дæ уæлбикъон схона! Уымæй пайда кæнынц ницыгонд идеологтæ, уымæн æмæ зонынц, адæймаджы удыхъæды цыдæриддæр ныллæгдзинад ис, уымæй куыд пайда кæнын æмбæлы, цæмæй фæкуырм уой æмæ дæ фæдыл аивылой. Уыцы психологион амалæй пайда кæныны фæрæз хуыйны эгрегори. Ацы дзырд у грекъаг дзырд æмæ нысан кæны адæмы къорды æнкъарæнтыл бандавгæйæ, уыдонæй цы карз æнкъарæн ратæдзы, уый. Хуымæтæг æвзагыл дзургæйæ та ис ахæм амал, æмæ адæмы къорды зæрдæты байтау, сæ удæн æхцон цы уыдзæн, ахæм исты, райхъал сын кæн сæ ныллæг монцтæ æмæ стæй уыдон æнцонæй ацæудзысты дæ фæдыл. Йе уымæ гæсгæ, ахсджиаг нысаниуæг ис информацион хæсты чи фæуæлахиз уыдзæн, уымæн. Дзыллæты цæсты раст чи разына, тæригъæддагæй йæхи чи равдиса, тыхджынты амæттаджы хуызы сæ разы чи æрлæууа, уымæн батæригъæд кæндзысты, æмæ уый фарс ралæудзысты. Раст афтæ Гуырдзыстоны идеологтæ пайда кæнынц, политикæйы «æнæ-сыгъдæг технологитæй». 8 августы цауты рæстæджы уыдон бирæ фæцарæзтой хиаразгæ нывтæ судзгæ горæт сæ фæстæ, афтæмæй, цыма ацы цаутæ Гуырдзыстоны цыдысты, афтæ. Ахæм нывтæ бирæ ис ссарæн социалон хызæджы.

Æрæджы дунейыл айхъуыст, Сирийы химикон хæцæнгарзæй кæй спайда кодтой сывæллæтты ныхмæ уый. Фæстæ-дæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы хъуыддæгтæ уыдысты раздæр бацæттæгонд, æрмæст ма сæ хъуыд камерæ-йæ сисын æмæ сæ апарахат кæнын. Кæд адæмы хъысмæт ахæм амæлттæй скъуыддзаг цæуы, уæд хъуыдыйаг у сæ хъысмæт æмæ сæ фидæн, уымæн æмæ дунейы тыхджынтæн сæ мæнг ныхас дæр раст ныхасæй фæтыхджындæр, æмæ уыцы эгрегори чи у, уый та, залиаг калмау, ныббадти рæстдзинады суадоны æмæ дзы адæмæн нуазыны бар нал дæтты.

Уыдæттæ раст сты, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ зæххыл нырма рæстдзинад нæ фесæфти, уый дæр историйы дæргъы фæвæййы дзырдыбон, æмæ рæстдзинадмæ дойны чи кæны, уыдонæй Чырысти загъта, тæхудиаг сты, зæгъгæ, уымæн æмæ дзы бафсæддзысты. Уæдæ йæм чи нæ дойны кæны æмæ йæм чи нæ бæллы, уыдонæн ницы хъауджыдæр у, æмæ уыдон сæ куыст æнтысгæйæ кæнынц, сæ мардыл дæр æууæнк нали, амæлынц æмæ та райгас вæййынц, Украинаг журналист Аркади Бабченкойау. Уый иудзæвгар мардыл нымад уыд, йæ нывтæ тугæрхæмттæй дунейы адæмыл апарахат сты. Стæй иу дуджы раудæгас. Уый дын сæ рæстдинад!

Уæдæ гæдыйы къах цыбыр у, æмæ абон Ирыстон цы фæндæгтыл цæуы, уыдон сты зын фæлæ арфæйаг, уымæн æмæ нæ фидæн мах амайæм нæ абоны æмæ ивгъуыды рæстдзинадыл. Ахæм бындурæн та фæцудæн нæй, уымæн æмæ уый у фидар къæдзæхыл амад хæдзары хуызæн. Къæвда куы рацæуы, уæд дурыл амад хæдзары никуы аласы, змисыл, ома мæнгдзинадыл арæзт хæдзарæн та йæ дуг цыбыр у!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.