Хæсты фæстиуæгæн ныппырхгонд Сирийы сæндидзын кæнынæн баххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстон. Уый тыххæй Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры брифинджы рæстæджы фехъусын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Базарадон-сæудæджерадон палатæйы президент Æлборты Алан æмæ вице-президент Джыгкайты Вахтанг. Уыдон журналисттæн радзырдтой Сирийы Арабаг Республикæмæ хуссарирыстойнаг делегацийы балцы фæстиуджыты тыххæй.

Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй кæд Дамасскы армукъа уæвынад кæны 60 азы, уæддæр дзы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста фыццаг хатт. Армукъайы нæ делегацийæ дарддæр хайад райстой Уæрæсейы Федераци, Абхаз, Хуссар-Скæсæн Азийы, Африкæйы, Æввахс Скæсæны, Латинаг Америкæйы бæстæтæ. Уый цыд 6-æм сентябрæй 15-æм сентябры онг.

Алан банысан кодта, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстоны делегаци армукъайы равдыста нæ республикæйы технологион фадæттæ æмæ нæ къухы бафтыд сириаг партнертимæ æмгуыст кæныны тыххæй сразыдзинад саразын».

«Равдысты фæстиуæг уыд Хуссар Ирыстоны Базарадон-сæудæджерадон палатæйы æмæ Сирийы Арабаг Республикæйы Базарадон палатæты федерацийы ‘хсæн стырфæлгæтон бадзырдыл къухтæ æрфыссын. Уый у ахсджиаг политикон къахдзæф», – загъта Æлборты Алан.

Дарддæр куыд загъта, афтæмæй ацы балцы Хуссар Ирыстоны нысан уыд фылдæр бæстæтимæ бастдзинадæтæ саразын. Армукъайы фæлгæтты хуссарирыстойнаг делегацийæн бадзырдтæ уыд Бразили, Иран, Венесуэлæ, Хуссар Кореяимæ.

«Ацы бæстæтæй алкæцыимæ дæр бадзырдтам базарадон-сæудæджерадон палатæты æмвæзадыл сразыдзинæдтæ саразыны тыххæй», –  загъта Æлборты Алан.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны делегациимæ фембæлд бæрзонд æмвæ-задыл кæй ацыд. Радзырдта ма Сирийы Хуссар Ирыстоны базарадон минæварад бакæныны тыххæй дæр.

«Нæ балцы ахсджиагдæр цаутæй иу уыд Сирийы Арабаг Республикæйы Хуссар Ирыстоны æдзухон базарадон минæварад бакæныны тыххæй бадзурын. Ахæм минæварад нæ историйы баконд æрцæудзæн фыццаг хатт. Минæварады уыдзæн равдысты стендтæ Хуссар Ирыстоны автоматикæйы продукци æмæ модулон технологитимæ. Уыимæ ма хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæн сæ бон уыдзæн сæ рауадзгæ продукцийы уым равдисын æмæ онлайн режимы Сирийы базæрттæм баххæссын. Ацы фæзуæттæй пайда кæндзысты нæ партнертæ Цæгат Ирыстонæй, Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæйæ.  Уыдонæн сæ бон уыдзæн сæ сириаг коллегæтимæ ныхас кæнын æмæ хъуыддагон баныхæстæ уадзын», – загъта уый.

Йæ рады Джыгкайты Вахтанг дæр йæ хъуыдытæ загъта, сæ балцы рæстæджы сын цы бантыст, уыдæтты тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон Сиримæ æрвитдзæн хъæдæрмæгæй еврофæйнæджытæ. Уый тыххæй, зæгъгæ, бадзырдæуыд Сирийы раззагон экономикон къордтæй сæ иуимæ.  Еврофæйнæджытæ уагъд цæудзысты, Хуссар Ирыстоны цы завод арæзт хъуамæ æрцæуа, уым. Куыстуат ифтонг уыдзæн бæрзондтехнологион ифтонггæрзтæй.

«Еврофæйнæг уадзыны тыххæй пайда цæудзæн, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы тæрсбæлæстæ ис, уыдонæй. Тæрсбæлæстæ лыг цæудзысты санитарон æгъдауæй. Уый æнæмæнг хъæуы хъæды дæр.

Хъæд цæгъдыны хъуыддаг нæ фæцыд журналистты зæрдæмæ, фæлæ сын уый бамбарын кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддаг нæ бандавдзæн нæ экологийыл. Уымæй дарддæр ма ныфс бавæрдта, зæгъгæ, ацы фарст нырма кæронмæ скъуыддзаг нæу, агуырдæуы æндæр фадæттæ дæр.

«Гæнæн ис хомыс ласæм Уæрæсейы Федерацийæ. Уæрæсеимæ бадзырды фæлгæтты чизоны завод пайда кæны сыбыраг хъæдæй», – бахахх кодта Джыгкайты Вахтанг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, «нæ паддзахады экономикон суверенитет сфидар кæныны тыххæй мах агурæм алыгъуызон фæндæгтæ. Ацы хъуыддаджы нын Сири у актуалон, уымæн æмæ Сири у арабаг дунемæ уæрæх дуар. Сири сæндидзын кæныны хъуыддаджы мах дæр Китай, Иран, Уæрæсейы Федераци æмæ Абхазимæ иумæ исдзыстæм активон хайад».

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны бакондæуыдзæн модулон конструкциты завод. Уыцы заводы рауадзгæ продукци ласт цæудзæн Сиримæ дæр.

«Ацы куыстуæтты руаджы фæфылдæр уыдзысты куысты бынæттæ дæр æмæ республикæйы бюджетмæ дæр хъалонты хуызы цæудзæн фылдæр æфтиаг. Республикæйы территорийыл гъæдджын арæзтадон æрмæг арæзт кæй цæудзæн, уый фæахъаз уыдзæн республикæйы кад фæбæрзонддæр кæнынæн», – банысан кодта Джыгкайты Вахтанг.

Дарддæр Æлборты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй цыбыр рæстæгмæ модулон технологитæ æмæ автоматикæ чи уадздзæн, уыцы хуссарирыстойнаг куыстуæттæ кусдзысты Сирийы.

«Тагъд æрлæудзæн, Сирийы Арабаг Республикæйы скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæтты цырд æмбырдгæнæн технологитæй хуссарирыстойнаг куыстуæттæ куы æндидзын кæной, уыцы бон»,  – мадзалы  кæронбæттæны банысан кодта РХИ-йы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг Æлборты Алан.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.