28 азы размæ, дунеон барадон нормæтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад кæй расидтæуыд, уый уыд ахсджиаг политикон акт, кæцыйы ирдæй æвдыст æрцыд не ‘мбæстæгты фæндондзинад. Историон барæнтæм гæсгæ ацы æмгъуыд стыр нæу, фæлæ йемыдзаг у, нырма уал фыдæвзарæнтæй, уый фæстæ та фæсхæст æндидзынады æмæ паддзахад бæстон саразыны æхсызгон хъуыддæгтæй. Уымæн нын у æппæт бæрæгбонтæй уаздæр нæ Республикæйы сырæзты бон у. Хæдбар паддзахад кæй систæм, уымæн дæр йæ ратæдзæн уырдыгæй уыд, æмæ нын уымæн у сæйраг æмæ нысаниуæгджын.  Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны историон уынаффæ ноджыдæр банысан кодта адæмы фæндвидар бæллиц сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ.  Уæззау æмæ æндыгъд æхсæнадон-политикон уавæрты бæстæйæн ахсджиаг хъуыддагыл цы депутаттæ куыстой, уыдон уæд равдыстой стыр æмбæстагон ныфсхастдзинад æмæ фæндвидардзинад.

Ацы историон хъысмæтскъуыддзаггæнæн цаумæ стыр бавæрд бахаста фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутат Хуыгаты Анатоли дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ стыр куыст цыдис республикæ расидыны фæдыл.

«1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны автономон областы советы сесси автономон областы раивта Советон Цæдисы сконды Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæйæ. Фæлæ Гуырдзыстоны Уæлдæр совет уыцы уынаффæ дæр аивта. Уымæ нæ кæсгæйæ, уæды Сæйраг Советы Сæрдарæй æвзæрст æрцыд Хъуылымбегты Торез.

Бæстæйæн ацы ахсджиаг хъуыддæгтыл тохтæ цæмæн райдыдтой, уый алкæмæндæр зындгонд у. Хъуамæ  сæ  хуыздæр  хъуыды кæнæм, лæмбынæгæй, азæй азмæ цы цыд, æппæт уыдæттæ хъуамæ зонæм», – дзырдта Анатоли.

Уæды рæстæджы Гуырдзыстон цы национ политикæ уагъта, уый бынтондæр раст нæ уыд, советон дуджы цыдæриддæр уыдис хорзæй, уыдоныл сæ къух истой. Сæ фæнд уыд автономон республикæты – Хуссар Ирыстон, Абхазæн æмæ Ачъарайы аивын, паддзахадон æвзаг гуырдзиаг æвзаг скæнын, хъуыддагкæнынад дæр уыцы æвзагмæ ракæнын  мыхуыргæнæн фæрæзтæ дæр æрбаластой заводтæ æмæ рауагъдадтæм. Сæ лозунг дæр уыд афтæ «Гуырдзыстон – æрмæстдæр гуырдзиæгтæн». Æгæрыстæмæй, сывæл-лæттæ дæр нæгуырдзиæгтæн дыууæйæ фылдæр уадзыны бар нал уыди.

Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, ны-хасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæйæ, сомбоны сæраппонд хъуыд ацы уавæрæй рахизын, уымæй дæр Цæдис уыд ныппырх кæныны къæсæрыл.  Хуссар Ирыстоны та хъуыд гуырдзыйы дзæмбытæй фервæзын кæнын. Уымæн æмæ нæм æнусты дæргъы кастысты æмæ кæсынц знаджы цæстæй.

«Ирон адæмæн та сæ рагон бæллиц уыд хæдбар паддзахад саразын, Уæрæсейы сконды. Уæд дæр уыд афтæ, нæ тох уыд хæдбар паддзахадыл æнæ Гуырдзыстонæй. Фæлæ компартийы Централон Комитеты уæды рæстæджы уыд гуырдзиæгтæ дæр. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ ныхмæ уыдысты ныхасæй дæр æмæ хъуыддагæй дæр.

Советон хицауад куы ‘рфидар Ирыстоны цæгат æмæ хуссары, уæд бирæ территоритæ ахаудысты гуырдзыйы скондмæ  Душетæй Онмæ расидт æрцыд советон хицауад. Фæлæ гуырдзиаг меньшевиктæй ахæм националисттæ уыд, æмæ ууыл не сразы сты. Разы кодтой, æрмæстдæр Дзауы районы фæлгæтты, ома центр дæр уым уæт, уымæй дарддæр, дам, гуырдзыйы зæххытæ сты. Фæлæ Мæскуыйы та, кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл не сразы сты æмæ Хуссар Ирыстонæн æнæ ратгæ нал уыд автономон областы статус.

Фæлæ уæддæр æдзух куыст цыд, нæхи сæ куыд аиуварс кæнæм, ууыл»,- банысан кодта Хуыгайы фырт.

1988 азæй Хуыгаты Анатоли куыста газет «Заря Востока»-йы Хуссар Ирыстонæй сæрмагонд уацхæссæгæй. Æрымысыд, уыцы рæстæджы Ирыстоны хуссар æмæ цæгат чи баиу кодта, уыцы ручъы тъунелы арæзтад дæр. Ацы ахсджиаг арæзтад куыд айгæрстой æмæ дзы рухс куы акалд, уымæн æвдисæн уыд Анатоли дæр. Ацы газетмæ уый тыххæй ныффыста егъау уац. Равдыста дзы йæ цины æнкъарæнтæ æмæ йæ зæрдæйы егъау монцтæ. Йæ кæрон ын балхынцъ кодта бынæттон цæрæг Гаглойты Гедеваны ныхæстæй, зæгъгæ, «ацы арæзтад кæронмæ куы бахæццæ уа, уæд мын иу мæ ингæны был ныхъхъæр кæнут, æмæ чизоны уыцы хъæрмæ растон». Фæлæ уыцы уац скодтой газеты ныммыхуыр кæныны аккаг, уымæн æмæ ирæтты æнтыстытæй уыдонæн та сæ зæрдæ рыст. Куы сæ бафарста, йæ уац мыхуыры цæмæннæ фæзынд, уæд ын уыд сæ дзуапп – «уыцы фæндаг ирæттæн арæзт не ‘рцыд».

Хуыгаты Анатоли нæ бахæлæг кодта йæ арфæтæ, йæ фæндиæгтæ дæр нæ адæмæн.

«Бæрæгбоны  къæсæрыл  мæ  фæндиæгтæ бирæ сты – хорз  царды уавæртæ не ‘мбæстæгтæн. Уадз, махмæ дæр ахæм хъарутæ æмæ тыхтæ разынæт, æмæ нæ бæстæйы хæрзæбонæн, не ‘мбæстæгты æнцонвадат цардæн нæ тыхтæ куыд дывæр кæной. Уымæн æмæ махæй алкæуыл дæр, чи кæм кусы, чи цы куысты лæууы,  уым ныл стыр хæс ис. Нæ хъарутæ та хъуамæ аздахæм кæмæй нал пайда кæнæм, уыцы зæххытæй пайда кæнынмæ, цæмæй æддагон бæстæтæй ма ласæм цардæн æнæмæнгхъæуæг продукттæ. Ирыстоны ахæм амонд уæд, æмæ хæстон уæззау азты хуыздæр цардагур чи фæлыгъд, уыдон фæстæмæ парахатзæрдæйæ цы здæхой», – ахæм уыдысты йæ бæрæгбонон фæндиæгтæ Хуыгайы фыртæн.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.