Хуссар Ирыстоны альпинистты иу къорд республикæйы иууыл бæрзонд хæххон бынат – Зикъарайы æрсагътой сирийаг æмæ хуссарирыстойнаг паддзахадон тырысатæ.

Экспедицийы организатортæй сæ иу Багаты Марат, куыд зæгъы, афтæмæй альпинисттæ хохы цъупмæ схызтысты Сиримæ Хуссар Ирыстоны Президенты фыццаг официалон балцы æмæ дыууæ бæстæты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады бадзырдыл сæ къухтæ кæй æрфысстой, уый цытæн. Тырысатæ ныссадзгæйæ, альпинисттæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг къомандæгæнæгæн фехъусын кодтой йæ бадзырд æххæст кæй æрцыд, уый.

Зикъарайы хохмæ схизыны хайад райстой Мидхъуыддæгты министры æххуысгæнæг, майор Багаты Марат, Мидхъуыддæгты министрады бастдзинады, спецтехникæйы æмæ автоматизацийы хайад хистæры хæдивæг, дæлбулкъон Джиголаты Георги, альпинисткæ Хъуылымбегты Зæрæдæ æмæ æндæртæ.

Багайы фырты ныхæстæм гæсгæ, сын экспедици сорганизаци кæныны хъуыддаджы баххуыс кодта парти «Иугонд Ирыстон»-йы лидер Тадтаты Алан.

Банысан кæнын хъæуы, Зикъарайы хохæн йæ бæрзæнд кæй у 3828 метры бæрц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.