Хуссар Ирыстоны æхсæнад æнæивгæ никуы уыди, уымæн æмæ йыл æдзух æндæвтой æмæ æндавынц куы дунейы геополитикон цаутæ, куы æндæр политикон ивддзинæдтæ, куы мидæггагон ныхмæдзыдтæ. Æттагполитикон æндæвдад æнкъарын райдыдтам тынгдæр Уæрæсейы Федерациимæ иумæйаг фæндагыл куы ныллæууыдыстæм, растдæр зæгъгæйæ та нæ хæдбардзинад нымад куы æрцыд, уыцы бонæй фæстæмæ. Æмæ ацы хъуыддагæн афтæ бамбарæн ис, мах рæзты фæндагыл кæй лæууæм куыд æхсæнад, афтæ.

Уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ног хъуыдытæ не сты, æрвылбон сæ хъусæм æмæ сæ кæсæм газетты, фæлæ нын иу ахсджиаг хъуыддаг æнæбахынцгæ нæй.

Цæвиттон, арæх хъусæм иудзинады кой, æмæ раст у, иудзинад æмæ тых фаззон æфсымæртæ сты. Цы æхсæнады иудзинад нæй, уый бирæ нæ фæлæудзæн царды зындзинæдты ныхмæ, æмæ уый тыххæй куырыхон Солæман фыста, зæгъгæ, æртыдагъ здыхст æндах рæхджы нæ аскъуыйдзæн. Афтæ куынæ уаид, уæд дунейы стырдæр империтæ нæ ныппырх уыдаиккой мидæггагон ныхмæдзыдты æмæ дихдзинæдты аххосæй. Зæгъæм Римы империйы ныппырх уыди афтæ, æмæ æппæт бæстæтыл дæр куы фæуалихиз сты, уæд се ‘фсад æвæлмас цард кæнын райдыдтой. Сæ фырхъалæй райдыдтой стъигъын сæхи адæмы, фыдмитæ сын кодтой, алы тæригъæдтæ арæзтой. Уыдæттæ уынгæйæ хуымæтæджы æмбæстæгтæн сæ маст цыренæй цырендæр кодта. Уымæй дарддæр ма иператормæ хæстæг адæм ардауæн куыст кодтой æфсады ныхмæ, æмæ фæстагмæ æхсæнад фæци æртæ дихы. Афтæмæй ныппырхи Римы импери, лыстæг аххосæгтыл куынæ дзурæм, уæд.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы дуджы ма ноджыдæр бирæ ныхмæдзыдтæ уыд йæ паддзахадон арæзтады, бирæ егъау рæдыдтытæ æрцыд хицауиуæгады уæлдæр æмвæзадыл, суанг хиуæтты туг ныккалыны онг, фæлæ иумæйагæй сисгæйæ, æппæтаразæг дæр уыдысты ныхмæдзыдтæ.

Ныхас дардыл у, фæлæ мæ Хуссар Ирыстоны æхсæнады тыххæй цы зæгъын фæнды? Бирæ тыхтонатæ бавзæрстой нæ адæм ссæдзазон хæсты дæргъы. Уыцы дуджы адæм кæрæдзийыл афтæ æнувыд куынæ уыдаиккой, уæд мах фыдыбæстæйон хæст æмæ хæдбардзинад нæ, фæлæ чысыл быцæуаг хъуыддаджы дæр нæ фæуæлахиз уыдаиккам. Чизоны не ‘ппæтдæр иу уавæры кæй уыдыстæм, уый фæрцы афтæ рауади нæ иудзинады хъуыддаг, фæлæ уый фæстæ рацыд цалдæр политикон уылæны, æмæ сæ тæккæ карздæр дуг скодта 2011 азы. Уыцы ахъаззаг фæлварæны тынг тæссаг цæф æруади не ‘хсæнады политикон æнæниздзинадыл. Бирæтæ загътой, ныр ма нын цы баххуыс кæндзæн, зæгъгæ, фæлæ адæм уыцы цæф дæр сфæрæзтой, слæууыдысты сæ къахыл, æмæ та райдыдтой цæрын, сфæлхатт кæнæн кæмæн нæй, уыцы хæдхуыз хуссарирыстойнаг æхсæнады. Дарддæр цы политикон процестæ цыди, уыдонæй алкæйы цæф дæр хъуамæ уыдаид мæлæтдзаг не ‘хсæнады кæрæдзиæмбарынадæн, фæлæ сæ аккагæй сфæрæзтам, æмæ 2017 азы равзæрстам ног президент. Ногсæвзæрст президентæн йе стыр хорз миниуæг уый уыди, æмæ æвзæрстыты фæстæ нæ агуырдта йæ ныхмæлæуджыты, нæ зылди сæ фæдыл. Уæлахизуæвæг партийы хъуыды уыд ахæм: «мах нæ дих кæнæм нæ адæмы хиуæттæ æмæ æцæгæлæттыл». Ацы хъуыддаг дæр тынг фæахъаз ис æхсæнады æмуæздзинад бахъахъхъæнынæн, науæд цы уыдаид, уый бæрæг нæу…

Æвæццæгæн, цыфæнды æхсæнады æппæты риссагдæр нуæрттæ ис национ, стæй та дины фарстæн. Æнæхъуаджы нæу алы Конституцийы дæр фидаргонд дины фарстмæ арæхсгай æвналыны механизм. Мах Конституцийы дæр нысангонд ис, алкæмæн йæ бар кæй у исты йæ уырна, кæнæ йæ æппындæр мацы уырна. Фæлæ цыфæнды закъон дæр у афтæ арæзт, æмæ йæ хинæйдзаг адæймаджы бон у йæхи пайдайæн сзыгъуыммæ кæнын. Чидæр бахъавы искæй фыдгойæ йæхи сбæрзонд кæнынмæ, хъуамæ ссара исты риссагдæр фарст æмæ йыл цæхджын дон рауадза. Уыйадыл адæм йæ кой кæнын райдайынц æмæ уыцы амалæй хин адæймагæн йæ уд æнцой ссары. Ахæм срæмыгъд уыди не ‘хсæнады дæр. Æмæ койаг фесты æппæт дины минæвæрттæ дæр, дур дзы дурыл нал баззади. Æгæрыстæмæй традицион кæй хуыдтой, уыцы дины минæвæрттæм дæр ссардæуыд стыр аиппытæ. Афтæмæй тæссаг уыди адæмы æхсæн стыр дихдзинæдтæ байтауынæй. Фæлæ Хуссар Ирыстоны адæм баст сты стыр хъизæмæртты фæндагыл мæлæты тар комы цæугæйæ цы иудзинад ссардтой, уымæй, æмæ табу Хуыцауæн, ацы хатт дæр та кæрæдзийы дурæппарæн къæдзæхæй аппарынмæ нæ фесты, фæлæ сæ хъуыды уыди ахæм: «Алкæмæн йæ уд у йæ бар. Нæ царды уымæй стырдæр проблемæ нæй, æви?!» Афтæмæй та уыцы дихдзинад тауджытæн дæр сæ хъуыддаг фæмæнг ис.

Æхсæнады дихдзинад цæй фæрцы фæзыны, уыцы хъуыддæгтæй ма иу уыди «бынæттонтæ æмæ æрæджы чи ‘рцыди» уыдон фарст. Цард æй йæхæдæг равдыста, уыцы рæхыс атонын дæр никæйы бон баци. Ис ахæм «бынæттон» адæймæгтæ, æмæ цуанонæн къæбæр нæ ратдзысты, ирон уагæй сæм бынтондæр ницыуал ис. «Æрæджионтæй» та бирæтæ уарзынц æмæ аудынц ирон адæмы тугæй ратæдзгæ цыдæриддæр у, ууыл. Уый дæр цард равдыста, æмæ рæстæджы æнæхъуаджы нæ хонынц хуыздæр тæрхонгæнæг.

Уæдæ ма цы хъуамæ æрцæуа ахæм, цæмæй хуссарирыстойнаг адæмы хицæн къуымты тæргайæ æмæ мадзурайæ сбадын чындæуа? Кæд ахæм хъуыды искæмæ æвзæры, уæд мæ бон уымæн зæгъын у стыр ныфсимæ: ахæм зæххыл ницы ис, мах цынæ бавзæрстам фыдæбонæй, мæгуырдзинадæй, æмæ нæ кæд мæлæт нæ ахицæн кодта, уæд нын дарддæр дæр кæд ницы уаид!

Иудзинады ис тых, æмæ йыл мах дæр фидар хæцдзыстæм. Хицæн адæймæгты ныллæг быцæутæн та сæ бон никуы уыд нæ сæрæй уæлдæр схизын, æмæ уыдоныл нæ дзурдзыстæм…

Годжыцаты Нелли      

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.