Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты  журналистикæйы факультеты студенттæ  рацыдысты практикæ

Уыдон фыццаджыдæр базонгæ сты журналистты, монтажерты æмæ режиссерты куыстытимæ. ПТРК-«Ир»-ы кусджытæ сын бæстонæй радзырдтой эфирмæ æрмæг цæттæ кæныны фæткы тыххæй.

Практикæ у ахуырады ахсджиагдæр хæйттæй сæ иу. Лекцитæ æмæ семинарты рæстæджы студенттæ теоретикон зонындзинæдтæ исынц,   практикон ахуырæн та – сæ ном сæ уæлæ. Журналистæн æппæты сæйрагдæр у уæндондæр уæвын, цыдæриддæр фарстытæ йæм ис, уыдоныл æргом дзурын. Телеуынынад æмæ газеты  куысты сусæгдзинæдтимæ студент æнæмæнг  хъуамæ базонгæ уа.

Практиканттæ, сфæлдыстадон æмæ  техникон кусджыты  ныхæстæм гæсгæ, сæ фæдзæхс-тытæм хъуыстой лæмбынæгæй. Фыццаг бонты студенттæ лæвæрдтой бирæ алыхуызон фарстытæ. Æмæ-иу бæстон дзуаппытæ райстой. Университеты аудиториты бæсты – телеуынынады кабинеттæ. Студенттæ зæрдиагæй сæхи бафæлвæрдтой ног уавæрты. Цалдæрæй ма журналистты æххуысæй бакуыстой эфирмæ сюжет бацæттæ кæныныл дæр.

Сæ фидæны дæсныйадимæ зонгæ кæнгæйæ, студенттæ тынг сразæнгард сты, сæ зондамонджытæн та зæрдæ бавæрдтой, зæгъгæ, тынг зæрдæрайгæйæ  практикæйы рæстæджы райстой ног зонындзинæдтæ. Хъуылымбегты Виктория, 4 курсы студенткæ нын радзырдта: «Журналисты дæсныйад мæхæдæг барвæндонæй равзæрстон. Тынг æнувыд ыл дæн. Нæ сæрдыгон сессийы фæстæ нæм райдыдта практикæ. Куысты лыстæг хабæрттæ нын равдыстой. Æмæ мах та архайдзыстæм ууыл, цæмæй нæ хорз специалисттæ рауайа». Студенттæ сæхи бафæлвæрдтой æцæг уацхæсджыты бынаты дæр. Ныффыстой сæ хъæлæстæ, æрмæг монтаж кæнынмæ дæр ма бавнæлдтой.

Фыццаджы-фыццагдæр курдиат хъуамæ мады гуыбынæй рахæссай. Фæлæ хорз фыссæг æмæ журналист  суæвынæн уый фаг нæу. Хъæуы йын стыр ныфс æмæ зонд. Царды ахсджиаг цы у, адæмы хъуыдытыл цы бафтаудзæн, ахæм темæтæ хъуамæ ‘взарын зона æмæ сæ ирд фæлгонцты фæрцы ‘вдисын фæраза журналист. Адæймагæн йæ зæрдæйы бынæй цы цæуы, искæй зæрдæмæ дæр уый хъары, уымæ гæсгæ йын хъуамæ ‘нкъараг зæрдæ æмæ сыгъдæг уд уа. Журналисты хъуыдытæ хъуамæ æдзухдæр йе ‘рмæгимæ уой. Хъуамæ дзы тыхсгæ ма кæна, фæлæ дзы ‘хсызгондзинад иса.

Ныртæккæ цард размæ уыйас ацыдис, ног технологитæ афтæ тагъд рæзынц æмæ йемæ æмдзу куы нæ кæнай, æдзух дæхиуыл куы нæ кусай, уæд  фæстейæ баззайдзынæ. Уый хауы дзыллон информацийы фæрæзтæм дæр. Фæстаг азты дзы уыйас ногдзинæдтæ фæзынд  æмæ, знон цы системæйæ куыстам, уый абоны домæнтæн дзуапп нал дæтты.

ДРИАТЫ Лейла

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.