Мыхуыры рацыд литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг»-ы ацы азы 6-æм номыр.

Зындгонд фыссæг, поэт, публицист, æхсæнадон архайæг Дауыраты Зойæйы райгуырдыл æххæст кæны 85 азы (не ʻхсæнæй фæхъуыд æрæджы). Журналы ацы номыр байгом йæ къамæй, Хъæцмæзты Азæйы фыст Даурæйы номарæн æмдзæвгæ æмæ Зойæйы æмдзæвгæты циклæй.

Прозæйæ журнал мыхуыр кæны Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, зындгонд фыссæг Агънаты Гæстæны ног аивадон-документалон уацмыс «Ном». Автор дзы ирдæй æвдисы йæ райгуырæн Хъарман-Сындзыхъæуы хистæрты æмæ кæстæр фæлтæры цард, сæ зондахаст, сæ хъуыдытæ æмæ миддуне.

«Уæлахизы 75 азы», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр æрцыд Ирыстоны кадджын хистæртæй иу, фыссæг Фæрниаты Дзибусы радзырд «Аксинæ».

Рубрикæ «Æрыгæтты æрмдзæф»-ы бын бакæсдзыстут ирон литературон сфæлдыстады ныридæгæн уæндон æмæ æнтыстджын къахдзæфтæ чи кæны, уыцы арфæйаг кæстæртæй иу – ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты студенткæ, литературон преми «Булæмæргъ»-ы лауреат Бестауты Аланæйы æмдзæвгæты цикл.

Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музей ацы аз нысан кæны йæ байгомы 80 азы юбилей. музейы арæх арæзт æрцæуы равдыстытæ, номарæн, юбилейон изæртæ æмæ фембæлдтытæ. Музейы фондты æфснайд сты ирон фыссынады, национ литературæйы рæзтимæ баст бирæ цымыдисон æрмæджытæ. Уый фæдыл журналы мыхуыр цæуы йæ абонф сæргълæууæг Касаты Аслæнбеджы æмæ фондтæ хъахъхъæнæг Бдайциаты Земфирæйы уац «Литературон хæзнаты артдзæст».

Рубрикæ «Мах дуджы равдыст» та нæ зонгæ кæны музейы рухстауæн архайдыл дзурæг алы азты ист къамтæ æмæ документтимæ.

«Ног тæлмацтæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр æрцыдысты курдиатджын тæлмацгæнæг Золойты Аркадийы ног тæлмацтæ – Рабиндранат Тагоры æмдзæвгæтæ.

Ивгъуыд æнусы, 20 азты Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны цæрæг ирон адæмæн геноцид куы сарæзтой, уыцы фыдохы цаутыл ацы аз 100 азы кæй сæххæст, уый тыххæй журналы мыхуыргонд æрцыдысты филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы профессор Плиты Гацыры æмæ фыссæг, журналист Джусойты Нинæйы æрмæджытæ.

Рубрикæ «Публицистикæ»-йы та бакæсдзыстут филологон зонæдты кандидат Тменаты Дзерассæйы æрмæг «Лабæйаг хабæрттæ».

«Ирон прозæйы антологи»-йы бын мыхуыр æрцыдысты ахуыргонд, поэт, литературæиртасæг Джыккайты Шамилы цыбыр биографи æмæ радзырдтæ.

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.