Боксы скъолайы хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамы фæхуыдтой, цæмæй Уæрæсейы æвзæнгты æмбырдгонд командæйы сконды хайад райса цæттæгæнæн сборты, кæцытæ уагъд цæудзысты Мæскуыйы областы. Ивгъуыд аз тренер Дзигойты Ацæмæзы къухдариуæгады бын Гурам дыккаг бынат бацахста æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Уæд архайдта 54 кг уæзы категорийы. Ацы æнтысты фæрцы бахаудта Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ.

«Фарон Гурамы архайдмæ сæ хъусдард аздæхтой Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренертæ. Æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты финалист кæй ссис, уый тыххæй бæстæйы æмбырдгонд командæйы сконды хъуамæ ацыдаид æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионатмæ, кæцы уагъд цыдис Гуырдзыстоны. Фæлæ уæд политикон аххосæгтæм гæсгæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн авиабастдзинад урæд кæй æрцыд, уый аххосæй Уæрæсейы æмбырдгонд  ерысты хайад нал райста. Фæлæ мæм уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, цалдæр боны размæ фæдзырдтой Мæскуыйæ æмæ мæ бафарстой, зæгъгæ, дæ хъомылгæнинаг цæттæ у цæттæгæнæн сборты хайад райсынмæ? Ныр уый уым хъуамæ уа 2-æм августмæ», – загъта Дзигойты Ацæмæз.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.