Хъодалаты Мария, æрыгон уæвгæйæ, Ирыстонæн йæхи бауарзын кодта йæ зарджытæй. Уый æрмæст уникалон хъæлæсы хицау нæу, фæлæ ма у хæрзæгъдаудæр. Хайджын у ирон сылгоймаджы удварны хæрзиуæгон миниуджытæй – уæздандзинад, æфсæрмдзæстыг, хистæрæн кад æмæ аргъ кæнын.

Мария у Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты вокалон-инструменталон ансамбль “ЮОГУ”-йы къорды солисткæ.

Къорды сконды ма сты Багаты Ангелина, Кокойты Анна æмæ Ӕлборты Аланæ. Музыкæ сын сæ зарджытæн фыссы сæ къухдариуæггæнæг Ӕлборты Владимир (Бетховен). Мариямæ профессионалон музыкалон ахуырад кæд нæй, уæддæр ыл у æнувыд.

– Мария, фæсивæды ‘хсæн уæлдай уарзондæр у дæ зарæг “Æз бузныг дæн”. Зарæджы рæнхъыты ды равдыстай, куыд  бирæ уарзыс дæ Фыдыбæстæ, кæй дзы дæ сæрыстыр, Ирыстоны кæй райгуырдтæ, уымæй. Æвæццæгæн дæ уыцы уарзондзинад сразæнгард кодта ацы зарæг ныффыссынмæ?

– Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Иры зæххыл. Мæ чысылæй фæстæмæ хъусын ирон æвзаджы фæлмæн, рæсугъд æмæ зæрдæмæхъаргæ зæлтæ.

Мæ зæрдæ стыр æхцондзинад райсы, сæ цард  æгасæйдæр, кæнæ йæ фылдæр хай Уæрæсейы, æндæр бæстæты чи арвиты, фæлæ  мадæлон æвзаг чи нæ ферох кæны, ахæмтыл куы сæмбæлын, уæд. Уæд мæм бахъары, цæй тыхджын у фыдæлты туг, куыд адджын у йæ мадæлон æвзаг, кæй нæй ирон æвзагæн рохгæнæн æмæ ирон æгъдауæн фесæфæн,  дæ зæрдæйы, дæ уды ирондзинад куы уа, уæд.

Марияйы зарджытæ сты æндæр æмæ æндæр темæтыл – бирæвæрсыг, эмоционалон, цардмæ разæнгардгæнæг, зæрдæскъæф сты сæ хъæздыг нывтæй, сæ ирд сурæттæй, цыбыр сюжеттæй æмæ мелодийы æххæстдзинадæй.

Куыд ахадгæ, хъомысджын æмæ зæрдæмæхъаргæ сты! Цавæрдæр хъармдзинад бауадзынц адæймаджы зæрдæйы. Зары куыд йæ мадæлон æвзагыл, афтæ  англисагау æмæ уырыссагау дæр.

– Цыппар зарæджы ис мадæлон æвзагыл нӕ репертуары, се ʻхсæн – “Давæггаг уарзт”, “Ӕз бузныг дæн”, ныридæгæн ма кусæм ноджы иу ирон зарæгыл. Нæ бæллиц уыд хисæрмагонд концерт раттын,  æмæ нын уый дæр сæххæст. Уый уыд 19-æм июны Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актон залы.

– Мария, ис дын диссаджы хъæлæс. Уый арф ахизы зæрдæйы æмæ азæлы хъусты.  Зарæг “Æз бузныг дæн”-ы ирдæй зыны дæ бæстæмæ дæ ахаст. Уæлдай фарст мæм нал ис. Цæмæн уарзыс дæ чысыл Иры?

– Уыцы фарст мæм куы радтынц, уæд фæдис вæййын, дæ мады уарзыс, зæгъгæ, дæ куы бафæрсой, уæд цы зæгъдзынæ? Ацы дыууæ фарстæн алы адæймаг дæр ратдзæн æмхуызон дзуапп.

Адджын у зæрдæйæн нæ чысыл Ирыстон. Адæймаг æй тынгдæр банкъары, куы фæцух вæййы райгуырæн бæстæйæ, уæд. Зæрдæ фырцинæй æнцой нал фæары, дард балцы фæстæ нæхимæ куы ‘рбаздæхæм, уæд. Адæймаджы сæры фæзыны диссаджы алыхуызон рухс хъуыдытæ: раст дæ риуыдзаг сулæф æмæ ныхъхъæр кæн: «Æрыздæхтæн та дæм, мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх!».

Мæ Иры кад мæнæн æрвон хурау зынаргъ у. Æмæ архайдзынæн ууыл, цæмæй йын йæ кадыл æфтауон кад, цæмæй йæ намыс бæрзонддæр кæна – кæндзынæн ын кæддæриддæр хъæбулы лæггад.

                           ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.