24-æм июны Дзауы районы цытджын æгъдауæй уагъд æрцыдис традицион рауагъдон бал. Рауагъдонтæ уыдысты Хуыцъе, Гуфта, Къуайса, Дзауы астæуккаг скъола æмæ скъола-интернатæй. Æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæм сæ бæрæгбоны тыххæй арфæ кæнынмæ фæуазæг сты нæ бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Рауагъдонты балмæ æрбацыдысты сæ ныййарджытæ, районы цæрджытæ æмæ сæ уарзон ахуыргæнджытæ. Бæрæгбонон мадзалы тынг бирæ арфæйы ныхæстæ загъд æрцыдысты, æрæджы ма скъолайы ахуыргæнинæгтæ чи уыдысты, уыдонæн.

Хæрзвæлыст сценæйæ дардмæ хъуыстысты скъолайы темæйыл музыкæйы æхцон зæлтæ æмæ сæ афтæмæй ралæууын кодтой сценæйыл. Йæ арфæйы нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, рауагъдон бал фæстаг хатт æрбамбырд кодта, скъола каст чи фæцис, уыцы рауагъдонты æмæ йæ сæ зæрдыл та дардзысты бирæ азты дæргъы. «Зынаргъ рауагъдонтæ, мах абон æрбамбырд стæм ардæм уый тыххæй, цæмæй сымахæн зæгъæм арфæйаг ныхæстæ æмæ уæ афæндараст кæнæм уæ ахуыры, стæй царды уæрæх фæндæгтæм. Махæн кæддæрид-дæр æхсызгон уыдзæнис уæ хорз хъуыддæгтæ æмæ уын уе ‘нтыстыты тыххæй куы хъусæм. Ацы бæрæгбон та сымахæй алкæмæн дæр æрæмысын кæндзæнис уе ‘взонджы бонтæ. Фæлæ сом сымахæн алчидæр бакъахдзæф кæндзæнис ног царды фæндæгтæм æмæ сыл алчидæр йæхирдыгонау размæ цæудзæнис. Мæнмæ гæсгæ, сымах уе ‘ппæт дæр бузныг уыдзыстут, зонындзинæдтæ кæй фæрцы райстат, уæ уыцы ахуыргæнджытæй æмæ сæ никуы ферох кæндзыстут. Мæ зæрдæ уын зæгъы амондджын цард, æнæниздзинад, цæмæй кæддæриддæр размæ цæуат æмæ Ирыстоны кад дæлæмæ макуы æруадзат. Фæндараст ут ног вазыгджын, фæлæ цымыдисон æмæ даргъ цардмæ. Зæххыл цы стыр амонд ис, уымæй хайджын ут æмæ уын Хуыцау æххуысгæнæг уæт уæ царды», – загъта Бибылты Анатоли.

Рауагъдонтæн ма зæрдæбын арфæ ракодта администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ уый фæстæ рауагъдонты схорзæхджын кодта дипломтæй скъола каст фæуыны тыххæй.

Ацы цæхæркалгæ изæры рауагъдонтæн арфæйы ны-хæстæ нæ бахæлæг кодтой иннæ уазджытæ дæр, ахуыргæнджытæ æмæ сæ ныййарджытæ. Рауагъдонтæ дæр сæ рады бузныджы ныхæстæ дзырдтой, рæсугъд фæндæгтæм сæ чи фæндараст кодтой, уыдонæн. Уыдон банысан кодтой, цæттæ кæй сты, цæмæй райсой дæсныйад æмæ уой сæ райгуырæн бæстæйæн аккаг æмæ дæсны специалисттæ.

Бæрæгбонон мадзал адарддæр кодтой цымыдисон концертæй, хайад дзы райстой куыд бынæттон, афтæ Цæгат Ирыстонæй зарæггæнджытæ дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.