Ацы фæстаг рæстæджы гуырдзиаг политикæйы автортæ цы ног сюжеттæ æрбаймысынц, уый адæймаджы дисы баппары. Зæгъæм, Ирыстоны арæнгæрон сæ буары нæравдисинаг хæйттæ куы равдыстой, уæд сæ «кад» ахъæри æнæхъæн дунейыл. Лæг фæзæгъы, уыдон æрдыгæй мæм дис ницыуал фæкæсдзæн, фæлæ та афтæ нæ рауайы. Рацæуы рæстæг, æмæ та сæ уагахасты фæзыны ног фæлгъуызтæ.

Уыцы хуызæнæй та æрæджы равдыстой сæ ног диссаг. 20 июны Гуырдзыстоны уагъд цыд чырыстон Æхсæнпарламентон ассамблея. Уыцы мадзалы фæлгæтты Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Сергей Гаврилов, уыцы ассамблеяйы президент уæвгæйæ, сбадт Гуырдзыстоны парламенты спикеры къæлæтджыны, сæхæдæг ын куыд радтой бар, афтæ. Йе æмæ, цыма уыцы бадæн хингонд фæци, уыйау раскъуыди æнæразыдзинады зæй Гуырдзыстоны æхсæнады æмæ абоны онг дæр уыцы æмтъерыйæн йæ кæрон нæма зыны.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы хицауад дæр ацы хъуыддаджы фæдыл равдыста йе  ‘нæразыдзинад æмæ æрæвæрдта йæхи паддзахадон фæтк Гуырдзыстоны уæййæгтæ исын æмæ Гуырдзыстонмæ йæ туристты æрвитыны ныхмæ. Уый хъуамæ афтæ уыдаид, фæлæ уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили цы загъта, уымæй тынг басгуыхти. Уый куы базыдта, ныр Уæрæсейы санкциты фæстæ сæ казнамæ 100 милуан доллары бæрц нал бафтдзæн, уæд йæ хъуыды уыд, зæгъгæ, мах фæнды, цæмæй нæм уырыссаг туристтæ цæуой. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæндыди сæ, æмæ кæй нæ бафæнддзæн уыйбæрц æфтиаг паддзахады дзыппы æвæрын, фæлæ сыл рагон халоны ми æркодта… Пайда дæр сæ хъæуы, æмæ æнæвввæрсон дæр кæнынц. Æмæ политикæйы фæзилæнты куыднæ вæййы æнæнхъæлæджы цаутæ, фæлæ дзы адон хæдхуызондзинадæн æмбал нæй. Иудзырдæй, уæдæй фæстæмæ Гуырдзыстоны къæсæрæй уырыссаг туристтæ кæй нал бахиздзысты, уый диссаг нæу. Диссаг уый у, цы кæнæ чи къухдариуæг кæны уыцы тæвдсæр змæнтджыты зондыл, æмæ  цы рамбулынмæ хъавынц уыцы ралæудтытæй? Фæлæ раздæхæм Сергей Гаврилов цы «стыр» рæдыд æруагъта, уымæ. Цас стыр рæдыд уыди гуырдзыстойнаг патриотты цæсты, сæ парламенты спикеры къæлæтджыны сбадын, уый, чизоны, мах не ‘мбарæм, гуырдзыйы бодзты туджы нацизм афтæ тынг кæй æрбынат кодта, уый куыд не ‘мбарæм, афтæ, фæлæ кæд Уæрæсейаг депутат æруагъта этикетон рæдыд, кæнæ политикон æнæуагдзинад, уæд уый тыххæй цæмæн хъуыди, цы къабузыл бадыс, уый лыг кæнын, ома, Уæрæсеимæ сын дипломатон ахастыты æнæуæвынады уавæрты цы чысыл бастдзинад уыди, уый дæр фехалын? Статистикæмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны цæрджытæн сæ фылдæр æмбис сты æгуыст, цæрынц рæстæмбисæй æвзæрдæр уавæрты. Кæд афтæ у, уæд знæт кæндзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн æмæ Гуырдзыстон рагæй фæстæмæ царди, цас куыста, уымæй бирæ хуыздæр. Уымæн æвдисæн уыдысты Хуссар Ирыстоны Автономон областы цæрджытæ. Хуссар Ирыстоны Советон дуджы цыдæрид-дæр хæлцадон продкци уагъд цыди, уыдонæй ирон адæмæн ницы уадиссаг хай уыди. Уыйхыгъд чысыл фалдæр, Гуры горæты цард цæдджинагау фыхти. Ирон адæм арæх цыдысты уырдæм канд дарæс нæ, фæлæ хæлц æлхæнынмæ дæр. Æмæ-иу нæ дисæн кæрон нал уыди, Гуры æмæ Тбилисы дуканиты-иу ирон цыхт уæййаг куы федтам, уæд, уымæн æмæ Цхинвалы дуканиты цыхт уæййагæн йæ кой дæр нæ уыди.

Афтæ цардысты фæрсæй-фæрстæм дыууæ «æфсымæрон» адæм. Дзырд æй расайдта, æмæ 1987 азы Цоциты Алан «гуырдзиаг æфсымæртæ», зæгъгæ дыкъæдзгуыты куы ныффыста, уæд дæр раст ныры хуызæн сызнæт сты гуырдзыстоны развæдгæнджытæ. Ома, куыд нæ ныффыста дыкъæдзгуыты! Уыдон Быценты мыггагау тынг фесхъиудтой уыцы уайдзæфæй, æмæ афтæ куы сызнæт вæййынц, уæд сын бауромæн нал вæййы. Уыцы æнæбауромындзинадæн, æвæццæгæн, исты хос ис, фæлæ уыцы хосæй абоны онг дæр пайдагæнæг нæ-ма ис. Уæд цæмæннæ ахуыр кæнынц уыдон æндæр бæстæты рæдыдтытыл æмæ цæмæн кæнынц сæ адæмы сæрсæфæнмæ, кæд сыл аудынц æмæ сæ хорзмæ бæллынц, уæд? Кæд ма исты зонын, уæд йæ адæмы хорзмæ чи бæллы, уый сæ иннæ адæмтимæ фидауын æмæ æнгом кæны. Науæд, куыд хъуамæ батæра адæймаджы йæ зæрдæ, цæмæй зонгæ зонын адæмы баппарай хæстон уавæрты, æрæвæрай сæ милмæ, фæсидзæр кæнай сабиты, байсай искæй хъæбулты цард! 

Ныртæккæ Гуырддзыстоны адæм цы политикон уавæры сты, уымæй бабмарæн ис, цы сæрибар æнхъæл хæцыдысты чысыл Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ, уый сын æндæр æрдыгæй байстæуыд. Бæрæг у, дунейы глобализацийы кæфхъуындар сæ фæныхъхъуырынмæ кæй хъавы. Уыцы кæфхъуындар та, аргъауы куыд уыд, афтæ агуры ног æмæ ног амæттæгтæ, цæмæй дæ бынтон ма аныхъхъуыра, уый тыххæй. Аргъауæй куыд зонæм, афтæмæй йын адæм æрвылаздæр лæвæрдтой сæ рæсугъддæр чызджытæй иуы, цалынмæ сæ иу хъæбатыр не ссæрибар кодта, уæдмæ. Фæлæ  хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыцы адæмы фæндгæ кодта, исчи сæ куы ссæрибар кæнид, ацы адæмы та цыма фурды дон скъæфы сæрсæфæнмæ, афтæ дарынц сæхи. Уалынджы сын сæ зæххытыл дæр дзурджытæ фæзынди… Турк, Азербайджан, æмæ ма ноджы бæлвырд чидæртæ æрымысыдысты, рагæй фæстæмæ Гуырдзыстоны иу кæнæ иннæ зæххы фадыг сæ къухы кæй уыд историйы бæлвырд æмгъуыды дæргъы, уый.

Æппæт уыдæттæй бæрæг у, ацы зæххыл цы цыбыр рæстæг цæрæм, уый хъуамæ фæцæрæм сабыр æмæ æнæ хæлæфæй. Зæхх аныхъхъуырынмæ чи хъавы, уымæн та тас у, зæхх ын йæхи куы аныхъхъуыра, уымæй.

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.