БÆРÆГБОНЫ МАДЗÆЛТТЫ ТЫХХÆЙ НЫХАС КОДТОЙ СÆРМАГОНД ÆМБЫРДЫ

14 июлы Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы дзуары бон. Республикæйы алы районтæй Хетæджы къохмæ æрбамбырд уыдзысты мингай адæймæгтæ. Суанг ма Хуссар Ирыстонæй дæр. Сæхи цæттæ кæнын райдайынц дзæвгар раздæр. Ныр дæр афтæ. Фæлæ ацы стыр бæрæгбоныл кæд иууылдæр æнувыд сты, уæддæр бирæтæ сбыцæу вæййынц. Хетæджы дзуары бон кæцы хуыцаубон бæрæг кæнын хъæуы, уый тыххæй. Чи йæ фыццаг хуыцаубон бæрæг кæны, чи – дыккаг. Фæткæвæрд скæныны тыххæй 6 июлы Алагиры районы æрбамбырд сты Æхсæнадон змæлд Иры Стыр Ныхасы æмæ бынæттон хиуынаффæйады уæнгтæ. Дзырдтой æндæр аскъуыддзагкæнинаг фарстатыл дæр.

Хетæджы бон æгас Ирыстоны бæрæг кæнынц сусæны мæй. Фæлæ кæцы бон, ууыл адæм дызæрдыг кæнынц. Ацы аз республикæйы цæрджытæн се’рдæг Хетæджы къохмæ æрбамбырд сты 7 июлы. Иннæтæ та Дзуармæ скувынмæ æрбацæудзысты къуыри фæстæ – 14-ы. Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй ахæм уавæр фæзынд, бæрæгбон йæ скондæй раст нымад кæй не’рцыд, уый тыххæй.

Æмбырды архайджытæ снысан кодтой ахсджиаг фарстатæ. Сæ аиуварс кæныныл цавæр мадзæлттæ скæнæн ис, уый фæдыл уынаф-фæтæ рахастой. Зæгъæм, æркæсинаг у кувæндæтты хъуыддаг. Куыд Хетæджы, афтæ ма æндæр дзуæртты бынæттæн, дзуапп дæттынц алыхуызон æхсæнадон къордтæ. Æмæ кæд домæнтæ æххæст кæнынц, уæддæр сæ къухты кæй сты, уымæй æхсæнадон кусджытæ разы не сты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ Дзуæрттæ иууылдæр хъуамæ уой æппæтадæмон. Иумæ сæм куы кæсой, уæд хуыздæр у, зæгъгæ.

Хетæджы дзуар ныртæккæ ис æхсæнадон организаци «Алагиры районы Дзуæрттæ»-йы бæрны. Уый 10 азмæ йæхимæ райста Хетæджы къохмæ кæсыны хæстæ. Цы бæрæгбон æрхæццæ кæны, уый фæткмæ гæсгæ куыд бæрæг кæнын хъæуы, уый дæр ахсджиаг фарста у. Зæгъæм, адæм дзуармæ карз нозт кæй хæссынц, уый. Уæдæ дзы Уастырджимæ дæр скувынц.

Кувæндоны бæрæгбоны мадзæлттæм лæмбынæг сæ цæст дардзысты барадхъахъхъæнджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.