Æхсæнадон архайæг æмæ ирон мыхуыры æхсæнадон уацхæссæг Джусойты Сергей бирæ цымыдисон цаутыл фембæлд йæ царды æмæ йæ службæйы рæстæг. Дæлдæр ын мыхуыр кæнæм йæ службæйы рæстæджы мысинæгтæй скъуыддзаг:

Ростовы область Цимлянскы, Зимовникы станцæйы поездæй куы рахызтызтæм, уæд нæ размæ лæууыдысты æфсæддон афицертæ сæ сержанттимæ, цæмæй алчидæр йæ ротæ æмæ батальонтæн салдаттæ равзара.  Мах, ирон лæппутæ, уыдыстæм дыууадæсæй – не ‘ппæт дæр Хуссар Ирыстонæй. Знауыры районæй уыдысты Тадтаты Садул, Зæгъойты Зауыр æмæ æз; Цхинвалы районæй – Дзугаты Гриша, Коцты Зауыр, Къæбулты Харитон, Туаты Яша, Бедойты Никъала æмæ Джиголаты Яша; Ленингоры районæй – Дудайты Асан, Хуыбылты Лафер æмæ Букъуылты Ефим.

Мах – æфсадмæ ног æрсиддонтæ, æфсæрмгæнгæ иуварс лæууыдыстæм, ирæттæ иумæ бакъорд стæм, афтæмæй. Ацæргæ афицер Давид Дворянчиков нæм бирæ фæкастис, стæй йæ сержант Киселевæн сусæгæй бафæдзæхста, цæ-мæй йын ирæтты, се ‘ппæты дæр йæ ротамæ æрбакæна.

Иу дыууæ мæймæ нæ æфсæддон уагæвæрдыл ацахуыр кодтой, стæй 1952 азы 11-æм майы райстам ардбахæрд æмæ уый фæстæ æрæвнæлдтам хæсты азарæй пырх бæстыхæйттæ аразынмæ. Ссæдз нацийы минæвæрттæ куыстам иумæ хæларæй, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ, фæлæ уæддæр мах, ирон лæппутæ, иннæтæй хицæн кодтам, кæрæдзийæн æххуыс кодтам. Тынг хорз цæстæй нæм каст нæ командир Дворянчиков дæр. Цалдæр мæймæ Зимовникы сарæзтам рæсугъд городок æмæ нæ уырдыгæй акодтой Мæскуыйы область Балашихамæ. Уым дæр арæзтам бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, къазармæтæ, скъолатæ, рæвдауæн-дæттæ…  Ам дæр та уæлдай цæстæвæрæн фесты ирон лæппутæ. Сæ хорз куысты æмæ уагахасты тыххæй арæх истой арфæтæ æфсæддон разамындæй. Дворянчиков алы æмбырды рæстæджы дæр махæй ма раппæлыдаид, уымæн уæвæн нæ уыд. Мæн уæдмæ склады хицауæй сæвæрдтой æмæ, мæ фадат цас уыд, уымæй-иу  лæппутæм хæринагæй фæкастæн. Уыимæ ма уыдтæн æфсæддон уацхæссæг газет «Красный воин»-мæ.

Иу изæр мæм ротæйы старшина Пашков æрбацыд æмæ мын загъта, Дворянчиков мæ кæй агуры. Æз уайтагъд йæ уæлхъус балæууыдтæн. Уый мæ йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ мæм æнкъардæй каст, стæй сдзырдта:

– Дæ  мыггаг мæнæн куыд зынаргъ у, уый тыххæй дын фæстæдæр радзурдзынæн, ныр та уал ма мæнæ уыдонмæ æркæс, – загъта афицер æмæ мын мæ разы æртæ рарды тетрады сыфыл фыстæй авæрдта. – Адон скæнынмæ дæ ныфс хæссыс?

Æз сæм æркастæн. Рардтæ кæд уæл-дæр ахуырадон программæйæ уыдысты, уæддæр мæнæн уыдон скæнын зын нæ уыд. Уайтагъд сæ Дворянчиковы раз цæттæйæ авæрдтон. Уый сæ куы федта, уæд ныццин кодта, мах дæ хуызæн лæппу куы агурæм, зæгъгæ.

– Тæккæ райсом Штабы хицау Парамоновмæ рапорт бахæсдзынæн æмæ дæ мæхимæ канцелярмæ фыссæгæй ракæн-дзынæн. Математикæ дæр хорз зоныс æмæ фыссгæ дæр рæсугъд кæныс, ахæм куысты та дæ хуызæттæ хъæуы.

Æз бахъынцъым кодтон, зæгъын, кусгæ куы кæнын, уæд куыд…

 – Ницы кæны, газеты куыд куыстай, афтæ кусдзынæ, уый нæ ницы хъыгдары, фæлæ складæй та канцелярийы дæ сæр тынгдæр хъæуы…

Уæдæй фæстæмæ æз Давид Дворянчиковæн сдæн йæ рахиз цонг. Уый уыдис зондджын лæг, уæздан æмæ аудаг хистæр.

Иухатт мæм канцеляримæ æрбацыд. Мæ фарсмæ æрбадт æмæ мæ фæрсын райдыдта не ‘фсæддон хайы æнтыстытæй. Æз ын лæмбынæг радзырдтон æртыккаг, ома, ирæтты взвод, йе ‘нтыстытæй фыццаг бынат кæй ахсы, дыккаг бынат ахсы Скачковы взвод, æртыккаг бынаты цæуы Лебединцевы взвод. Стæй дарддæр раны-мадтон ротæ, стæй батальоны æнтыстытæ иумæйагæй, сæ размæ æвæрд хæстæ чи цал процентæй сæххæст кодта, дарддæр сæм цы нысантæ ис æмæ афтæ дарддæр.

 Мæ бæлвырд дзуаппытæй афицеры зæрдæ тынг барухс. Ме уæхск мын æрхоста æмæ рæвдаугæ сдзырдта:

 – Æз мæ ротæйæн ирæтты æнæхъуаджы нæ равзарын кодтон. Хæсты рæстæджы дзы бирæтимæ фембæлдтæн æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыд сæ хъæбатырдзинад, сæ уæздандзинад. Ныр дæр службæ куы райдыдтам, уæдæй нырмæ уæ мæ зæрдæ никæуыл фæхудт, æдзух алы хъуыддаджы дæр цæут разæй. Ныр та мын дæ мыггаг зынаргъ цæмæн у, уый тыххæй радзурон, – уынгæг хъæлæсæй сдзырдта Дворянчиков. Æз æм фæкастæн æмæ йæ цæсгомыл зынд æнæкæрон рыст æмæ зынуромæн маст.

– Стыр Фыдыбæстæйы хæсты заман æз службæ кодтон Ленинграды фронты танкон бригадæйы, – дзырдта Дворянчиков, – Нæ командир уыдис Джусойтæй Григори, зæгъгæ, бæрзонд рæсугъд лæппу, ахуыргонд. Нæ бригадæйы ма уыдис æртæ ирон лæппуйы, уыдон дæр дзæбæх, хъæбатыр лæппутæ. Цыма-иу чындзæхсæвмæ цыдысты, уыйау хæсты цæхæрмæ дæр æдзух цыдысты заргæ.  Уыдон ныфсæй мах дæр ныфсджын уыдыстæм. Гришæ мæнæн тынг зынаргъ адæймаг уыд. Чысыл-иу нын цы сæрибар рæстæг уыд, уый æрвыстам иумæ.  Æдзух мын æппæлыд Ирыстонæй, йæ рæсугъд æрдзæй. Баныхас кодтам, хæсты фæстæ нырма æз кæй ацæудзынæн Ирыстонмæ, стæй та уый махмæ – Саратовы областмæ. Ирон чызг мын кæй базонгæ кæндзæн, уымæй дæр мын ныфс æвæрдта. Фæлæ, стыр хъыгагæн, иу карз хæсты рæстæг Гришæ йæ адъюдантимæ цы  танкыл бадт, ууыл бомбæ сæмбæлд æмæ сæ дыууæ дæр удæгасæй сæ танчы басыгъдысты, – йæ къухмæрзæнæй йæ цæстытæ асæрфта Дворянчиков. Æз æм дисгæнгæ кæсгæйæ баззадтæн. Хæст æмæ мæлæт чи федта, уыцы зæронд афицер кæд кодта… кæугæ. Ницæмæй йæ фарстон, йæхимæ уал мæ фæндыд байхъусын. Цасдæры фæстæ та йæ ныхас адарддæр кодта:

– Иннæ ирон лæппуты хъысмæтæн ницыуал базыдтон, мæхæдæг дæр удæ-гасæй мард уыдтæн, афтæ мыл бандæвта, мæ ныфс асасти, уый тыххæй цалдæр хатты æфхæрд дæр райстон. Дæс азы рацыд уæдæй, фæлæ йыл ныр дæр куы ахъуыды кæнын, уæд мæ цæссыг нæ уромын,  йæ адрис дæр ма мын æфснайд у. – Уыцы ныхæстимæ лæг йæ дзыппæй систа хъæбæрцъар блокнот, рафæлдæхта йæ æмæ мæм æй æрбалæвæрдта. Æз, блок-ноты фарсмæ кæсгæйæ, сагъдауæй баззадтæн. Рæстæгæй чи фæбур, уыцы сыфыл фыст уыд: «Командир танковой бригады Джусоев Григорий Васильевич, уроженец Юго-Осетии, Знаурского района, село Нагутни».

Мæ зæрдæ ныссæххæт кодта, мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Нырма йæ ныр бамбæрстон кæй кой мын кæны, уый. Куыд нæ зонын нæ хæрз æрвад æмæ сыхаг Уасикъойы бинонты, сæ лæппу Гришæйы. Хæст цы аз райдыдта, уыцы аз Тбилисы сырх дипломыл каст фæцис политехникон институт æмæ йæ уайтагъд фронтмæ акодтой. Афтæ аив лæппу уыд, æмæ-иу Тбилисæй куы ‘рцыд, уæд-иу æм мах, сывæллæттæ кæсынæй не ‘фсæстыстæм. Æдзух дæр-иу нын исты зæрдæлхæнæнтæ æрхаста. Æртæ æфсымæрæй фæцыдысты хæстмæ æмæ дзы иу дæр æгас хæдзар нал ссардта. Уыцы маст не сфæрæзтой сæ мæгуыр ныййарджытæ æмæ сæ фæстæ бирæ нал ацардысты. Гришæимæ иу брига-дæйы хæцыд Пичъиджыны хъæуæй Цхуырбаты Вало дæр, уый цардæгасæй æрæздæхт йæ хæдзармæ æмæ йын йæ мæлæты хабар уый дæр афтæ радзырдта.

  Йæ хæлары мæрдæй уал азы маст кæй зæрдæ æхсыдта, уый ныр та мæнæн фæцис ныфсытæ æвæрынмæ. Æз ын радзырдтон,  чи мын уыд Гришæ, стæй сæ бинонты хабæрттæ.

– Рухсаг уæд нæ хъæбатыр лæппутæ! Уыдон мах тыххæй сæ цард радтой, цæмæй сабырдзинад уа. Сымах, кæстæртæ, хæс-джын стут æмæ сын сæ рухс ном хъуыды кæнат, уæ сæрмæ æгаддзинад ма æр-хæссат æмæ уæ Фыдыбæстæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнат, – æнкъардæй сдзырдта Давид Дворянчиков.

                                                                          ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.