Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Чъехы донхæргæнæн къанау, кæцы ис аварион уавæры-бетонон конструкци фехæлд æмæ  дон дзæгъæлы кæлы.

Президентимæ ма уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг-Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуна-лон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев.

Президент банысан кодта мелиорацийы объект тагъд сцалцæг кæныны æнæмæнг-хъæуындзинад.

«Ацы донхæргæнæн къанауæй дон цæуы Цхинвалы æмæ Знауыры районы хъæутæм. Хъæуты цæрджытæн сæ бон нæу æххæстæй хъæууонхæдзарадон куыстытæ кæнын, æнæ ацы донæй тыллæг æркæнын. Куыстытæм æрæвналын хъæуы æвæстиатæй», – загъта уый.

Бекъойты Геннади банысан кодта, ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн кæй ис алыгъуызон варианттæ.

«Махæн нæ бон у кæнæ къанауы уыцы хай æнæхъæнæй раивын, кæнæ та йæ сфидар кæнын, гъе та йæ згъæр сыфтæй сфидар кæнын. Арæзтады министрад бацæттæ кодта развæлгъау бахыгъдтæ», – загъта уый.

Уынаффæ кæныны фæстæ иууыл рационалондæрыл нымад æрцыд 60 метры бæрц къанауы уыцы хай ногæй саразын.

Бибылты Анатоли ма хæслæвæрдтæ радта Хъæууон хæдзарады министрæн.

«Лев Ароны фырт, сымахмæ ис фæрæзтæ, райдайут архайын æвæстиатæй. Æнæмæнгхъæуæг у территори асыгъдæг кæнын, конструкцитæ бацæттæ кæнын. Арæзтады министр уын баххуыс кæндзæн организацийы хъуыддаджы. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ раст къахдзæфтæ куы саразæм, уæд куыстытæ гæнæн ис æмæ иу мæймæ фæуой», – загъта Президент.

Донхæргæнæн къанауы иумæйаг дæргъ у 26 километры. Цæугæдон Леуахийæ къанауыл дон цæуы Хуссар Ирыстоны дыу-уæ районмæ. Уыцы донæй ма пайда кæнынц компани «Южный сад»-ы фæткъуы бæлæсты  æмæ компани «Аланты бындар»-ы æхсæры дыргъдæттæ пырх кæнынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.