Ацы бонты газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ æрбацыд нæ горæты цæрæг сылгоймаг Къæбулты Розæ. Уый нæм бахатыд, цæмæй нæ газеты руаджы бузныг зæгъа республикон соматикон рынчындоы дыккаг хирургийы хайады хирург Мæргъиты Гия, медицинон хо Гаглойты Ингæйæн æмæ хайады æппæт медицинон персоналæн. Къæбулты чызг мын афтæ радзырдта: «Ацы аз февралы мæйы мæ къах фæцæф æмæ рынчындонмæ бахуадтæн уæззау уавæры.

Цыдæр Хуыцау мæ бахаста Мæргъиты Гиямæ. Уый мын лæмбынæг базонгæ ис мæ низы историимæ, мæ къах мын расыгъдæг кодта æмæ мын цасдæр рæстæджы дæргъы процедурæтæ арæзта йæхæдæг. Бæрæг мын фенцондæр, фæлæ мæ уæддæр рæстæгæй рæстæгмæ бахъæуы йе ‘ххуысы сæр. Уый мæм афтæ хорз ахаст равдисы, раст цыма йæ разы йе ‘ввахс хион вæййы. Чизоны исчи афтæ зæгъа, зæгъгæ, уый йæ куыст у æмæ йæ хъуамæ æххæст кæна, фæлæ алкæцы дохтыр афтæ лæмбынæг хъусдард нæ аздахы йæ рынчынмæ. Ныр дæр та цалдæр боны дæргъы мæ къахæн хос кодтон Мæргъийы фыртмæ. Уый хуызæн мын мæ низыл ничи сæмбæлд. Йæ къухтæ фæрнæй фæдарæт æмæ бирæ азты æнæнизæй фæкусæт йæ бæрнон архайды. Фæнды мæ Мæргъиты Гия, медицинон хо Гаглойты Ингæ æмæ ацы хирургийы хайады æппæт медицинон персоналæн – медицинон хотæй санитаркæты онг, зæрдиаг арфæтæ ракæнын сæ профессионалон бæрæгбон – Медицинон кусæджы боны сæраппонд. Уадз, æнæнизæй лæггад кæнæт тыхст уавæры бахауæг адæмæн.  Тынг æхсызгон мын у, нæ Ирыстоны зæххыл ахæм кæстæртæ кæй ис æмæ цæстуарзонæй тыхст адæмæн кæй æххуыс кæнынц, уый. Мæргъиты Гияйæн мæ фæнды стыр бузныг зæгъын, мæ низ мын кæй фæрог кодта, уый тыххæй. Стыр бузныг зæгъын, ма мæ фæнды йæ мад Теблойты Дзерассæйæн дæр, ахæм æгъдауджын кæстæр кæй схъомыл кодта, уый тыххæй», – йæ ныхас балхынцъ кодта Къæбулты Розæ.

Мæргъиты Гияйы хорзы кой ма мын цалдæр азы размæ ракодта нæ горæты «Турбаза»-йы цæрæг Лалыты Светланæ дæр. Уый та мын афтæ радзырдта: «1989 азы Гуырдзыстоны фашизм куы райхъал æмæ ирæтты сæ зæххæй фæсурынмæ куы æрхъавыдысты, уæд уæлдай уынгæджыйы бонтæ ныккодтой Гуырдзыстоны алы районты цæрæг ирæттыл. Бынтон сæ цард схæлæттаг Душеты районы цæрæг ирæттæн дæр, уыцы нымæцы – мах бинонтæн дæр. Бирæ тухитæ æмæ фыдæбæттæ бавзарыны фæстæ ма 1990 азы нæ удтæ куыддæрты раирвæзтысты залиаг кæлмыты дзыхæй,   мæ лæппуимæ æрцардыстæм Цхинвалы «Турбаза»-йы æмæ ныр дæргъвæтин азты дæргъы, уæззау уавæрты цæрæм уым.

Мах æнхъæлдтам, Душеты районæй раирвæзтыстæм æмæ Ирыстоны зæххыл сабыр цард райдайдзыстæм, фæлæ нæ нæ фынтæ фæсайдтой. Куыд æппæт Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæттæ, афтæ мах, «Турбаза»-йы цæрæг Гуырдзыстонæй лигъдæттæ дæр, нæхиуыл бавзæрстам 2008 азы августы тугуарæн бонтæ æмæ æхсæвтæ. Уыцы æвирхъау фондз боны нæм фæкастысты фондз азæй фылдæр æмæ нæ æнхъæл ничиуал уыд сæрæгасæй аирвæзынæй. Иу ахæмы та ныккæндæй мæ хатæнмæ слыгътæн хостæ рахæссыны тыххæй, фæлæ уалынмæ фæцыд тыхджын срæмыгъд, мæ хъустæ акъуырма сты æмæ уыцы рæстæджы авджы цъæлтæ мæ уæлæ æркалдысты. Уайтагъд мæ къухы туг акалд, æз цыдæр гæппæлтæ мемæ аскъæфтон ныккæндмæ æмæ йæ уым бабастон. Уæд цæмæй æнхъæл уыдтæн æмæ мæ къухы авджы цъæлтæ баззадысты. 2008 азы августы хæстæй дыууæ азы куы рацыд, уæд мæ къух риссын райдыдта, бацыдтæн рынчындонмæ æмæ мын уым дохтыртæ загътой, зæгъгæ, ацу Цæгат Ирыстонмæ æмæ йæ уым фенын кæн. Æз скатайаг дæн, иуæй дард фæндаг нæ хæссын, иннæмæй та, бонджын лæг йæ над нæ фæхъæр кæны, фæлæ лигъдонæн йæ ном йæ уæлæ ис,  цыбыркъух стæм. Фæлæ, мын цыдæр амондæн иу цасдæры фæстæ йæ риссынæй æрлæууыд, æнхъæлдтон, зæгъын, ууыл фервæзтæн, фæлæ та цасдæр рæстæджы фæстæ мæ къухы рыст сытынг æмæ та мæ соматикон рынчындонмæ мæ лæппу баласта.  Радгæс дохтыр мын саразын кодта рентген, стæй уæд фæдзырдтой æвзонг дохтыр-хирург Мæргъиты Гиямæ.

Уый куыддæр мæ уæлхъус æрбалæууыд, афтæ йæм бахатыдтæн, зæгъын, исты мын баххуыс кæн хъæбул, цæмæй мæ рыст иу чысыл уæддæр æрлæууа æмæ райсом ацæудзынæн Дзæуджыхъæумæ. Уый рентгены нывмæ æркаст æмæ мæм рæвдаугæ цæстæнæгасæй æрбакаст, хъæбул ныййарæг мадмæ куыд сдзуры, ахæм фæлмæн æвзагæй мæм сдзырдта æмæ мын загъта, зæгъгæ, æппындæр ма тæрс мæ мады хай, ныртæккæ дæ дæ низæй фервæзын кæндзынæн æмæ дæ цæуыны сæр дæр ни-куыдæм уал бахъæудзæн. Мæнгæй нæ фæдзурынц, хорз дохтыр, дам, дзыхы ныхасæй дæр хос кæны. Йæ фæлмæн, ныфсæвæрæн ныхæстæй, цыма иу чысыл мæ къухы рыст фæлæууыд, афтæ мæм фæкаст. Схуыссын мæ кодта сынтæгыл æмæ иу цъус рæстæг мæ къухимæ ацархайгæйæ æхсызгонæй сдзырдта ныр, зæгъ, æцæгæй фервæзтæ дæ низæй æмæ мын мæ къухæй цы авджы цъæлтæ систа, уыдон мын фенын кодта.  Фырцинæй ма цы акодтаин, уый нал зыдтон, хъуамæ йæ истæмæй арæвдыдтаин, фæлæ мæ дзурын дæр не суагъта.

Мах дæр бацымыдис кодтам, афтæ тынг кæмæй æппæлынц, уыцы æвзонг дохтыры базонынмæ, уымæн æмæ ма йын йæ хорзы кой фехъуыстон æндæртæй дæр æмæ, æцæгæйдæр, разынд диссаджы хæрзæгъ-дауджын лæппу. Æфсæрмдзæстыгæй мын  радзырдта йæ цардвæндаджы тыххæй.

Мæргъиты Гия райгуырд Цхинвалы. Ахуыр кодта нæ горæты 7-æм астæуккаг скъолайы. 2002 азы скъола тынг хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ. Цыппар азы ацы академийы сахуыр кæныны фæстæ йæ ахуыр аивта Самарайы æфсæддон медицинон институтмæ æмæ йæ каст фæцис Сырх дипломыл. Ацы институты ахуыр кæнгæйæ йын сæ зоныдзинæдтæ амыдтой фæлтæрдджын специалисттæ. Фæлæ дзы уæлдай тынгдæр йæ зæрдыл бадардта профессор Стороконь Павел Михаилы фырты. Гияйы ныхæстæм гæсгæ, уый ацы профессоры руаджы базыдта тынг бирæ. 2008-2009 азы рацыд интернатурæ ацы институты дохтыр-хирурджы дæсныйадыл. Интернатурæйы фæстæ йæ кусынмæ арвыстой горæт Самарамæ, цыран бакуыста иу азы бæрц. Æвзонг специалистæн Самарайы кæд алы уавæртæ дæр уыд æмæ йын йæ коллегæтæ кад дæр кодтой, уæддæр йæ хъуыдытæ æппынæдзух дæр уыдысты йæ райгуырæн Ирыстонимæ. 2010 азы æрæздæхт фæстæмæ Цхинвалмæ æмæ кусы райдыдта нæ горæты соматикон рынчындоны радгæс хирургæй, цыран бакуыста дыууæ азы. 2012 азы æвзыгъд специалисты РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны раздæры министр Кулиджанов Григори арвыста Мæскуымæ ординатурæмæ æмæ дзы са-хуыр кодта дыууæ азы. Уыцы рæстæгмæ æвзонг специалистæн йæ зонындзинæдтæ бирæ фæбæрзонддæр сты. Гияйæн кæд гæнæн уыд Самарайы дæр æмæ Мæскуыйы дæр бакуысынæн, уæддæр та æрæздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ æмæ ныр цалдæр азы дæргъы кусы соматикон рынчындоны хирургæй. Æвзонг хирург ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы, фæнд кæны фæсаууонмæ Цæгат Ирыстоны медицинон академийы аспирантурæмæ бацæуын, цæмæй ноджы бæстондæрæй сахуыр кæна æмæ базона медицинæйы сусæгдзинæдтæ.

 Гияйæ райгондæй баззайынц йе ‘ххуысы сæр кæй бахъæуы, уыдон иууылдæр, алкæмæн дæр сæ бакæны цæстуарзон æххуыс. Æвзонг уæвгæйæ, ныридæгæн зоны бирæ, у фæлтæрдджын дохтыры хуызæн. Йæ мад Теблойты Дзерассæ куыд дзуры, уымæ гæсгæ йæ фырт хæрзчысылæй фæстæмæ у æгъдауджын, ахуыр кæнымæ та рæвдз. Никуы, зæгъ, ын бахъуыд “дæ уроктæ сахуыр кæн” зæгъын,  цумамæ та уыд æмæ у бынтон æнæзивæг.

2008 азы Гия йæ амонд ссардта, йæ цард баиу кодта Сохиты Мадинæимæ, уый дæр у дохтыр. Хуыцауы цæст сын бауарзта дыууæ чызджы æмæ иу лæппу радтын æмæ сæ хурæй æфсæст уæд. Бирæ азты фæрнæй фæлæгад кæн дæ радтæг адæмæн. Мах дæр дын арфæ кæнæм дæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.