2008 азы, 7-æм августы мæн хæст æрæййæфта рынчындоны. Уыцы бон сменæйы уыдтæн, хъуамæ мæ райсом баивтаиккой, фæлæ-ма æддæмæ рахизæн кæм уыд. Мæхæдæг та хъуыды кодтон, 2004 азы куыд уыд, афтæ та хæст фæсабыр уыдзæн. Æцæг, нæм рынчындонмæ августы райдайæнæй ласын райдыдтой нæмыгæй цæф адæймæгты. Ме ‘фсымæртæ бынаты уыдысты, уымæ гæсгæ æз дæр никуыдæм хъавыдтæн алидзынмæ. Рынчындоны медперсоналæй дæр чидæртæ сæ сывæллæтты сэвакуаци кодтой Цæгат Ирыстонмæ æмæ кусджытæ нæ фаг кодта. 7-æм августы Саакашвили телеуынынады куы радзырдта, зæгъгæ Гуырдзыстон Ирыстонмæ не ‘рбабырсдзæнис, уæд загътон, зæгъгæ ныр райсом мæ рад раивдзынæ æмæ хæдзармæ улæфынмæ ацæудзынæн. Фæлæ 12-æм августмæ рынчындоны баззадтæн.

Хæсты бонты, рынчындоны цы медперсонал уыд, уыдон иууылдæр уыдыстæм ныккæнды. Стыркалиброн хæцæнгæрзты гуыбар-гуыбурæй къултæ рызтысты, сыгъдысты хæдзæрттæ нæ алыварс, æнкъуыстис зæхх, хатт-иу мæм афтæ фæкаст, цыма, æцæгдæр, Армагедон райдыдта. Уымæл ныккæнды цырагъы рухсмæ операцитæ кодтам. Рынчынæй, ме-дицинон кусæгæй – иууылдæр кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрдтам æмæ куывтам Хуыцаумæ, цæмæй нын нæ удтæ æмæ нæ хæстон лæппуты аирвæзын кæна.

8-æм августы райсом раджы рынчындоны кæрты айзæлыд стыр срæмыгъд – спырх рынчындонмæ цæф хæстоны чи æрбацæйскъæфта, ахæм лæппуйы машинæ. Машинæ куы ссыгъд, уæд шофыр æддæмæ рагæпп кодта. Йæхæдæг дæр фæцæф. Фæлæ уæддæр тыхамæлттæй цæф лæппуйы машинæйæ раласта. Йæ ном мæ ферох, фæлæ кæй æрбаласта, уый фервæзтис, йæ ирвæзынгæнæг та – амард.

Абон дæр мæ хъусты зæлы гуырдзиаг танкы гуыбар-гуыбур, стæй сæ гуыппытæй зæхх куыд æнкъуыст, уый. Мах кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрдтам, уый, дам, Уæрæсейы æфсад æххуысмæ æрцыдысты, медперсонал æмæ рынчынтæй йæ сæрæн чи уыд, уыдон цин кодтой. Фæлæ уалынмæ æддейæ æрбацæуджытæй чидæр афтæ, гуырдзиаг æвзагыл дзурæг фашисттæй, дам, горæт байдзаг. Бамбæрстам, горæт кæй бацахстой, фæлæ нæхицæн дзырд радтам, цалынмæ нæм рынчындонмæ не’рбацæуой, уæдмæ нæ куыст кæндзыстæм. Рынчындон чи хъахъхъæдта, уыцы лæппутæм ницы уадиссаг хæцæнгарз уыд. Иу лæппу дзы рог цæф фæцис æмæ нæм æй йе ‘мбал ныккæндмæ æрбакодта. Мах ын йæ цæф бабастам æмæ аздæхт фæстæмæ йæ постмæ. Иу рæстæджы ныккæндæй схызтæн, хъуамæ операцион æрмæджытæ æрхастаин дыккаг уæладзыгæй. Горæты цы хæдзæрттæ сыгъдысты, уыдонæй цы сыгъдхъæстæ смаг калд, уымæй фæцæй хуыдуг кодтон, хуылыдз гæппæл ма мæ фындзыл сæвæрдтон æмæ афтæмæй ссардтон, цы æрмæджытæ мæ хъуыд, уыдон. Æхст иу уысм фæсабыр ис æмæ фехъуыстон гуырдзиаг хъæр, фырадæргæй ныккæндмæ куыд ныггæпп кодтон, уый нал хъуыды кæнын.

Тынг бирæ уæззау рынчынтæн операци кодтой нæ хирургтæ. Иу операци-иу нæм фесты, афтæмæй иннæмæ гæпп кодтой. Иу уæззау цæф нæм æрбаластой, цæгатирыстойнаг, Æгъуызартæй. 6-æм скъолайы раз, дам, фæцæф ис. Бирæ туг фесæфта, фыццаг æххуыс ын ничи бакодта, æвæццæгæн уыцы уысм йæ фарсмæ ничи уыд. Операци скæнæн ын нал уыд, тынг ын бахъуыды кодтон йæ æххуысмæдзурæг цæстытæ. Уыцы бонты нæм æрбахауд цæфтæй фæсарæйнаг журналисттæ дæр, барадхъахъхъæнæг органтæ сæ æрбаластой. Сæ иу куыд дзырдта, афтæмæй горæтмæ Эргнетæй æрбахызт. Гуырдзиæгтæ, дам, нæ фæсайдтой, горæт, дам, мах у, бахизут æмæ сисут нывтæ. Тынг смæсты стæм, фæлæ нæ хирургтæ сабыр кодтой. Махæн, дам, нæ куыст цы у, уый бакæнæм. Сæ цæфтæ сын бабастам æмæ сын дзырдтам рæстдзинад.

9-æм августы нæм тынг бирæ цæфтæ æрбахауд. Уырысы фидауынгæнæг тыхты æфсæдтæй нæм сахаты мидæг æрбахауд 20 хæстоны. Иуæй-иутæ дзы амардысты операцион стъолыл. Нæ медицинон хотæй ничи паникæ кодта, алчи дæр кодта йæ куыст æнæдзургæйæ. Æрмæст-иу рынчынты чи æрбаласта уыдоны-иу сæхиуæттæй афарстой.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.