Гуманон, арфæйаг, æнæмæнгхъæуæг…Æппæт ацы ныхæстæ зæгъæн ис дохтыры профессийæн характеристикæ радтыны тыххæй. Дохтыры професси æрмæст кадджын нæу, фæлæ ма у вазыгджын, уымæн æмæ дунейы иууыл сæртæгдæр у адæймаджы цард, кæцыйы хъысмæт ис дохтыры къухты.

Мæ абоны уацы хъайтар дæр ныр æхсæзæм аз цæcгомджынæй æххæст кæны йæ хæстæ æмæ афтæмæй хъахъхъæны тыхст уавæры бахауæг адæймæгты цард нæ горæты Тагъд æххуысы станцы кусгæйæ. Уый чысылæй аскъуыддзаг кодта, сомбоны дохтыр кæй суыдзæн æмæ тыхст уавæры бахауæг адæмæн кæй лæггад æмæ æххуыс кæндзæн, уый тыххæй.

 Уалыты Эльзæ райгуырд Цхинвалы. Тынг хорз нысæнттыл каст фæцис горæт Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы медицинон паддзахадон академимæ. Цыппар курсы каст куы фæцис, уæд æй йæ ахуыргæнджытæй бирæтæ райдыдтой дæлдзиныг кæнын, ирон кæй уыд, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ чызджы бахъуыд Санкт-Петербургмæ ацæуын æмæ йæ ахуыр уым Илья Мечниковы номыл медицинон академийы адарддæр кæнын. Уыимæ ацы горæты Легарды номыл  Управлени æмæ барты экономикæйы институты ахуыр кодта йе ‘фсымæр Георги дæр. Эльзæ фæсарæйнаг æмбæстагыл нымад кæй цыд, уымæ гæсгæ  фæстæмæ ахуыр кæнын райдыдта 3-аг курсы. Уыимæ ма йын зындзинæдтæ сæвзæрд, йæ документтæ йын Гуырдзыстоны медицинон академийы кæй нæ лæвæрдтой, уымæ гæсгæ. Ацы медицинон академийы ахуыр кодта 6-æм курсы онг. Ам ахуыр кæнгæйæ, куыста Мариинаг рынчындоны Тагъд æххуысы станцы. Фæлæ та Уалыты чызджы бахъуыд йæ ахуыр Кировы номыл Санкт-Петербургы æфсæддон-медицинон академимæ раивын. Академи æнтыстджынæй каст фæцис 2015 азы. Терапийы фæдыл интернатурæйы дæр ахуыр кодта ацы академийы. Уыцы иурæстæджы куыста терапевтæй Санкт-Петербургы æфсæддон госпиталы. Госпиталы къухдариуæгад æм бахатыд, цæмæй сæм кусгæйæ баззадаид æдзухон бындурыл. Лæвæрдтой йын лейтенанты цин дæр, фæлæ æвзонг чызг æхсæв йæ фынты дæр йæ райгуырæн,  йæ уарзон Цхинвалы уыдта æмæ фæстæмæ æрыздæхт Цхинвалмæ. 2016 азы кусын райдыдта нæ горæты Тагъд æххуысы станцы. Æмæ ныр æхсæзæм аз æвæллайгæ куыст кæны йæ бæрнон архайды. Никуы ма йæ ничи федта фæлладгъуызæй. Йе сменæты рæстæджы Эльзæ йæ лæггады хай бакæны рынчын адæймæгтæн. Алкæмæ дæр дары аудгæ ахаст, семæ фæныхас кæны мидбылхудгæйæ раст цыма се ‘ввахс хион кæнæ та сæ рагон зонгæ у, афтæ. Йæ рынчынтæй бирæтимæ афтæ схæлар вæййы ацы зæрдæхæлар сылгоймаг æмæ хæлæрттæй баззайынц. Уыимæ йын ис тынг хорз хъуыдыкæнынад æмæ йæ рынчынты бахъуыды кæны. Цал æмæ цал хатты фехъуыста Эльзæ арфæйы ныхæстæ, зæгъгæ, «дæ къухтæй фæрнæй фæкус», «бузынг хъæбул» кæнæ та «бузныг мæ хойы хай» уыдон чи фæнымайдзæнис.

Ноджы ма йæ зæгъон, дохтыры куыст вазыгджын у, фæлæ уæлдай вазыгджындæр та у Тагъд æххуысы медицинон кусджыты куыст. Цахæм цаутæн не свæййынц æвдисæн рынчынæн фыццаг æххуыс бакæнынмæ ацæугæйæ. Уыд ахæм цау дæр, нæ горæты районтæй сæ иуы цæрæг йæхимæ йæ къух систа, ома, йæхи æрцауыгъта. Йæ хиуæттæ йæ æристой, фæлæ лæг нал улæфыд. Уалыты чызг ын алцы дæр сарæзта, цæмæй нæлгоймаг сулæфыдаид æмæ йæхимæ æрцыдаид. Уый фæстæ йæ аластой рынчындонмæ. Йæ хиуæттæ йын абоны онг дæр арфæ кæнынц. Тагъд æххуысы кусджытæн уæлдай фылдæр куыст фæзынд  ивгъуыд аз октябры мæйæ  суанг февралы онг, нæ республикæйы коронавирусы пандеми кæй апарахат, уый фæстиуæгæн. Уый никуы базивæг кодта ацы вирусæй рынчынтæм сæ хæдзæрттæм ацæуынмæ. Уымæй дарддæр ма-иу йæ рынчынты сæ хæдзæртты бабæрæг кодта цалдæргай хæттыты дæр.

Уалыты Эльзæйы ныхæстæм гæсгæ, уый бынтондæр нæ фæсмон кæны, Тагъд æххуысы станцмæ кусынмæ кæй æрбацыд, уый тыххæй. Фæзæгъы, зæгъгæ, йæ зæрдæмæ тынг цæуы йæ куыст. Уыимæ æхцондзинад райсы, тыхст адæймагæн кæй баххуыс кæны, уымæй. Адæймаджы цард ирвæзын кæнын у диссаджы хъуыддаг, сгуыхтдзинад саразыны хуызæн. «Куыд æхсызгон мын вæййы, иу минуты размæ дæр ма  тыхджын рыстæй чи хъизæмар кодта, уыдонæн ме ‘ххуысы хай куы бакæнын æмæ сын уый фæстæ сæ цæсгæмттыл мидбылхудт куы фенын, уæд», – фæзæгъы Эльзæ.

Тыхст рынчынтæн та æмбæлон æххуыс бакæндзæн æрмæстдæр йæ дæсныйады æцæг специалист, кæцы искæйы рыстмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы, фæлæ сын зæрдæйæ банкъары сæ рыст. Мæнæ дзы цы дзурынц, æвæстиатæй кæмæн баххуыс кодта, уыцы адæймæгтæ. «Амæйразмæ мæ туджы æлхъывдад æрхаудта æмæ мæхи тынг æвзæр банкъардтон, мæ куыстмæ куы æрбацыдтæн, уæд. Мæ коллегæтæ фæдзырдтой Тагъд æххуысы станцмæ æмæ уайтагъд мæ уæлхъус æрбалæууыд æвзонг зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг-дохтыр. Уый мын абарста мæ туджы æлхъывдад, байхъуыста мын мæ зæрдæйы куыстмæ æмæ йемæ чи æрбацыд, уыцы медицинон хойæн загъта, зæгъгæ, йын сараз уыцы æмæ уыцы судзинтæ. Цалынмæ мæ уавæр фæхуыздæр, уæдмæ мæ цурæй нæ ацыд. Уыцы бон мæ ноджыдæр бабæрæг кодта дыууæ хатты мæ хæдзары. Изæры та мæм телефоны фæдзырдта, зæгъгæ, дæ кæд ме ‘ххуыс хъæуы, уæд  дæм бацæуон. Уый фæстæ дæр мæм телефоны цалдæр хатты фæдзырдта æмæ-иу мæ лæмбынæг бафарста, ме ‘нæниздзинад куыд у, уымæй. Ацы æгъатыр дуджы уый æнхъæл нал уыдтæн æмæ  ма ахæм фæлмæнзæрдæ адæймагыл сæмбæлдзынæн. Раст цыма йæ мад уыдтæн, ахæм уарзæгой ахаст мæм равдыста. Æгæрон бузныг дæн Эльзæйæ. Уый у, йæ професси тынг хорз чи зоны, ахæм специалист», – радзырдта нæ горæты цæрæг Лалыты Ленæ.

Эльзæйæ райгонд сты йæ коллегæтæ дæр. «Эльзæ у йæ хъуыддаджы æцæг дæсны. Йæ куыст æххæст кæны цæсгомджынæй, уарзæгой ахаст дары рынчынтæм. Хорзæй дарддæр дзы мæ бон зæгъын ницы у», – банысан кодта Тагъд æххуысы станцы сæйраг дохтыр Хъуылымбегты Эмзар.

«Эльзæимæ арæх ацæуын фыццаг æххуыс бакæнынмæ. Уый алы хатт дæр лæмбынæг басгары рынчыны æмæ йын æмбæлон æххуыс бакæны. Иу хатт уыдыстæм иу ацæргæ усмæ. Уымæн йæ буарыл фæзынд арф хъæдгæмттæ æмæ йын тынг рыстысты. Эльзæ йын æмбæлон æххуыс бакодта æмæ рынчынæн бæрæг фенцондæр. Сылгоймаджы арфæйы ныхæстæ абон дæр мæ хъустыл уайынц. Уыдис ахæм цау дæр. Цæвиттон уатон рынчын сылгоймаг уатæй рахаудта æмæ йе ‘рфыджы цур аскъуыдис. Эльзæ уайтагъд фæдзырдта хирург Козаты Димамæ æмæ йын æй бынаты бахуыдтой, рынчындонмæ ласæн ын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы уыд нæ куысты рæстæджы», – радзырдта Тагъд æххуысы станцы медицинон хо Хуыбецты Мальвинæ.

Нæ горæты цæрæг Мамиты Ланæ та мын афтæ радзырдта: «Мæ ацæргæ ныййарджытæ Ковид-æй фæрынчын сты æмæ цасдæр рæстæджы фесты рынчындоны. Куы сæ рафыстой, уæддæр сын нырма хъуыд дзæвгар рæстæджы хос кæнын. Уæд мын мæ зонгæ загъта, зæгъгæ, фæдзур Уалыты Эльзæмæ æмæ сын уый æнæмæнгæй баххуыс кæндзæн. Абон кæд мæ ныййарджытæ сæрæгас сты, уæд уый у Эльзæйы фæрцы».

«Нæ бинонтæ иууылдæр æхсæз адæймаджы скондæй фæрынчын стæм коронавирусæй. Чи нæ рогдæр рынчын уыд æмæ чи та – уæззаудæр. Тагъд æххуысы станцмæ-иу бæргæ фæдзырдтам, фæлæ уыдонæн уыд тынг бирæ куыст æмæ не ‘ххæссыдысты. Уæд ма мæ сæрæн уый зыдтон æмæ фæдзырдтон Уалыты Эльзæмæ. Уый мæм уайтагъд æрбацыд æмæ нын рафыста хостæ. Æппынæдзух нæ бæрæг кодта нæ рынчыны рæстæджы, лæмбынæг ахаст нæм равдыста. Иу дзырдæй, Эльзæйы фæрцы слæууыдыстæм нæ къæхтыл. Стыр бузныгæй баззадыстæм ацы хæларзæрдæ дохтырæй. Хуыцау зæгъæд, æмæ нæм фылдæр цы уа ахæм фæлмæнзæрдæ æмæ аудаг дохтыртæ», – загъта нæ горæты цæрæг Багаты  Альберт.

Ацы тагъд иваг дунейы рæстæгимæ æмдзу кæнын хъæуы, бирæ хатт хъуамæ йæ разæй дæр фæуай, науæд дын дæ архайды, уæлдайдæр та медицинон къабазы нæ уыдзæн хорз фæстиуджытæ. Уалыты Эльзæ æппынæдзух кусы йæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныныл.  2017 азы йæ Тагъд æххуысы станцæй арвыстой квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæм. Нырма уал марты мæйы иу къуыри уыд Грознæйы медицинон кусджыты конференцийы æмæ апрелы мæйы та ацыд Санкт-Петербургмæ, цыран курсытæ рацыд Джанелидзейы номыл институты. Лæвæрд ын æрцыд тагъд æххуысы дохтыр-терапевты сертификат.

Эльзæйæн ис хуры хуызæн чысыл чызг  Элиза æмæ йæ хурæй æфсæст уæд. Арфæ йын кæнæм Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн. Ноджыдæр дæ адæмы хорзæх уæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.