Царды алыхатт дæр бынат ис сгуыхтдзинæдтæн. Уый афтæ кæй у, уый бæрæг у, абон уын мæ уацы цы адæймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уый лæджы-гъæдæй дæр. Æвæдза, æцæгæйдæр, цæй диссаг у æрдзы хъуыддаг. Царды иуæй-иу адæймæгты сфæлдисы фыр-хæларзæрдæтæй. Ахæм адæймæгтæ никуы ахизынц тыхст уавæры бахауæг адæймæгты фæрсты, алыхатт дæр сæ фарсмæ балæууынц æмæ сын баххуыс кæнынц, æгæрыстæмæй, сæхи цардæн тæссаг куы вæййы, уæддæр.

Цы адæймаджы тыххæй уын радзуринаг дæн, уый дæр хауы ахæм адæймæгты категоримæ. Уый стыр сгуыхтдзинад равдыста 1992 азы 20-æм майы Зары хъæуы трагедийы рæстæджы. Уыцы бонæй кæд 27 азы рацыд, уæддæр ма абоны онг дæр базонæм ног зонæнтæ ацы трагедийы тыххæй.

Æрæджы нæм редакцимæ фæуазæг, ацы трагедийы хабæрттæ йæхи цæстæй чи федта,ахæм адæймаг – Зары хъæуккаг Цхуырбаты Роберт. Уый æрæмысыд уыцы боны хабæрттæ. «1992 азы 20-æм май ницæмæй хицæн кодта иннæ тыхст бонтæй. Хъуыды дæр ничи акодтаид, уыцы бон ахæм диссаджы æбуалгъы фыдракæнд æрцæудзæн, ууыл. 20-æм майы райсомæй раджы мæ лæппу Роберт трактор акодта Дзаумæ, йæ фæдыл мæхæдæг дæр ацыдтæн виллисыл. Трактор уым ныууагътам æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Кæсæм æмæ Зары фæхæрдгæнæн кæм ис, уым æрæмбырд бирæ машинæтæ, нал дзы уыд ахизæн. Разæй лæууыд иу рог машинæ дыууæ лæппуйы йæ мидæг. Уыдон цыма барæй лæууыдысты, цæмæй фылдæр машинæтæ æрæмбырд уыдаиккой, уыйау сæ машинæ баурæдтой цæхгæрмæ æмæ дзы ахизæнтæ нал уыд. Нал нын кусы хæрды, зæгъгæ,  фæлæ сыл сæ фæстæ чи лæууыд уыдон куы сбустæ кодтой, уæд сæ машинæ иуварс акодтой æмæ уæд машинæтæ фефнкъуыстысты сæ бынатæй. Зары медпункты цурмæ куы ныхæццæ стæм, уæд нын уым Цхуырбаты Сурен загъта, зæгъгæ, æрцыд æвирхъау хабар… Сурен йæхдæг дæр уыд цæф, нæмыг йæ оны ахызт. Фæстæдæр æй мæхи машинæйыл æрластам Цхинвалы рынчындонмæ». Цхуырбаты Роберт ма куыд загъта, уымæ гæсгæ гуырдзиаг-ирон конфликт куы райдыдта, уæд йæ фырт Руслан тынг бирæ баххуыс кодта адæмæн. Тыхст адæм цыдысты Зары фæндагыл æмæ-иу дзы искæйы машинæ куы ныххауд, уæд-иу æй Руслан йæ ДТ тракторæй сласта. Уымæй дарддæр ма-иу адæмы Знауыры районæй Зары онг æрбаласта Чехойты Æхсар æмæ-иу сæ Зарæй Итраписы хъæуы онг та æрласта Руслан. Бирæ хатт-иу боны дæргъы цалдæр цыды дæр акодта. Уыцы тыхст рæстæджы ахæм лæггæдтæ бакæнын сгуыхтдзинадыл нымад уыд. Бирæ исты æфсон дæр скодтаид, кæнæ йæ тракторы цалх рафтыдтаид, кæнæ загътаид, зæгъгæ, тракторæй асаст цыдæр хай æмæ нæ кусы.

Роберт ма нын радзырдта, зæгъгæ, трагеди цы бынаты æрцыд, уым баййæфта Захаров Ахмæты. Уый, фæстæдæр мæрдты иу-уылдæр сæвæрдта уæзласæн машинæйыл æмæ сæ афтæмæй æрласта республикон соматикон рынчындонмæ, фæлæ, уый цы стыр сгуыхтдзинад равдыста, уый кой никуы ничи ракодта, хуымæтæджы бузныг дæр ын никуы ничи загъта æмæ, мæм уый раст нæ кæсы, зæгъгæ. Бацымыдис кодтон, Ахмæт абон кæм ис, уымæ æмæ мын Роберт загъта, зæгъгæ, у уатон рынчын æмæ æддæмæ нал хизы. Журналисты цымыдисдзинад мæ йæ уæлныхыты систа, нæ базивæг кодтон æмæ уыцы бон ацыдтæн Захаровты бинонтæм Нæузæххонты уынджы цы фондзуæладзыгон корпусы цæрынц, уырдæм. Æмæ, æцæгæйдæр, Ахмæты баййæфтон уаты хуысгæйæ. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ цалдæр азы размæ асаст йæ син æмæ у уатон рынчын. Бинонтæн æхсызгон уыд мæ бацыд, йæ цардæмбал Чертхъоты Ирæ загъта, зæгъгæ,  йын  йæ ном никуы ничи ссардта, æгæрыстæмæй, йын хуымæтæджы бузныг дæр никуы ничи загъта. Захаров Ахмæт мын афтæ радзырдта: «1992 азы 20-æм майы мæ хъуыддæгты фæдыл фæцæйцыдтæн Зармæ ме ‘фсымæр Вася æмæ Гобозты Садулимæ. Хъæумæ нæма схæццæ стæм, афтæмæй хъæдæй тыхстгъуызæй нæ размæ ралыгъд иу чысыл лæппу.  Садул æм рагæпп кодта, зæгъгæ, цы хабар у. Уый тыхст хъæлæсæй радзырдта, Зары хъæуы адæмы кæй ныццагътой, уый. Мах атагъд кодтам, фæлæ ныл, цыма, фæндаг ныддаргъ ис, афтæ нæм фæкаст. Схæццæ стæм трагеди цы бынаты æрцыд, уырдæм æмæ федтам, царды цы нæ ма æрцыд, ахæм æбуалгъы цау. Машинæтæй туг лæсæнтæ кодта, чи хъæр кодта, чи та – хъæрзгæ. Мах айтæ-уйтæ нал фæкодтам, фæлæ æрæвнæлдтам цæфты горæты рынычындонмæ æрвитынмæ. Райдианы уыдыстæм æртæйæ, фæлæ нæм фæстæдæр æххуысмæ фæзындысты ноджы цалдæр адæймаджы. Нæ цурмæ фыццаг æрбахæццæ Хъотайты Шота æмæ уал уымæн рарвыстам дыууæ цæфы. Иннæ цæфты дæр æрвыстам, машинæтæ куыд цыдысты, афтæ. Уый фæстæ та æрæвнæлдтам мæрдты уæзласæн машинæйыл æвæрынмæ. Адæмы тæригъдæй зæрдæ скъуыдтæ кодта, фæлæ цы нæ бон уыд махæн. Хæрз æвзонг сылгоймаг йæхи уды аргъæй аирвæзын кодта йæ хъæбулы æмæ йын æй йæ бынæй раластам. Уæзласæн машинæйы шофыр Куымæридтаты Сосо уайтагъд фæмард æлгъаг знаджы нæмыгæй. Мах мæрдты иууылдæр сæвæрдтам уæзласæн машинæйыл, мæхæдæг сбадтæн шофыры бынаты æмæ мæ ных сарæзтон Цхинвалы ‘рдæм, фæлæ чысыл базары цурмæ куы ‘рхæццæ дæн, уæд уым ахуыссыд машинæ, нал скуыста, иууылдæр уыд хуынчъытæ нæмгуытæй, уыйонг дæр куыд ныццыд, уый дæр диссаг уыд. Уæд мæ Джиоты Федя йæ бензинласæн машинæйыл сыфцæй баласта рынчындонмæ. Абоны онг дæр цæстыты раз сыстынц уыцы æнамонд боны цаутæ. Сæрæй бынмæ иууылдæр уыдтæн фæмардуæвджыты æмæ цæфты тугæй ахуырст. Моргмæ дæр дзы бирæты бахастон мæхæдæг. Кæд уæды онг мæ зæрдæйы рыстæй никуы хъаст кодтон, уæд мæ уый фæстæ стых ис зæрдæниз», – зæрдæрыстæй мын радзырдта Ахмæт.

Æз кастæн уыцы диссаджы адæймагмæ æмæ мæхинымæры дис кодтон, куыд стырзæрдæйы хицау у, ууыл, иннæ ахæм, цыма, æппындæр ницы сгуыхтдзинад сарæзта, уыйау æм нæ уыд хиппæлойдзинад. Æвæццæгæн, мын ацы хабары тыххæй Цхуырбаты Роберт куынæ радзырдтаид, уæд Ахмæт цы хъайтардзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй ничи ницы базыдтаид.  Мæ бæсты, зæгъ, æндæртæ дæр афтæ сарæзтаиккой, фæлæ уый бынтон раст нæу. Уыдис ахæм цаутæ дæр æмæ, æгæрыстæмæй, цæфты сæ машинæтыл нæ сæвæрдтой бирæтæ, нæ машинæтæ, зæгъ, тугæй фесæфдзысты.

   Захаров Ахмæт 18 азы дæргъы фæкуыста АТК-йы автобусы шофырæй. Активон хайад иста 1992 азы хæстон архайдтыты. Тедеты Улифаны сæргълæудæй се штаб уыд нæ горæты скъола-интернаты. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианæй фæстæмæ бирæ хъайтардзинæдтæ равдыста. Иу ахæмы Никозы хъæуæй Цхинвалы æхстой æппынæдзух. Уæд Ахмæт Пухаты Темоимæ сæ гуыбыны цъæрттыл ныббырыдысты Никозмæ æмæ басыгътой горæт цы машинæйæ æхстой, уый. Иу ахæмы та горæт продукттæй бынтондæр сцух Ручъы фæндаг æхгæд кæй уыд, уымæ гæсгæ. Уæд Ахмæт ацыд Гурмæ продукттæ ласынмæ æмæ ма бирæгъты дзыхæй тыххæйты раирвæзт. Кæд стыр зындзинæты бахаудта, уæддæр тыхст горæтмæ æрбаласта хæлцадон продукттæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм сгуыхтдзинады равдыста Ахмæт, уыдон чи фæнымайдзæнис. Мæхинымæр дзы æфсæрмы дæр фæдæн, зæгъын,  ахæм стыр лæггæдтæ бакодта хуссарирыстойнаг тыхст адæмæн æмæ йын уал азы дæргъы йæ ном никуы ничи ссардта, уæвгæ та æнæмæнгæй хъуыд уымæн æмæ ахæм лæгдзинæдтæ равдисын алкæйы бон нæ бауыдаид. Уæддæр æй æрæджийау кæй æрымысыдыстæм, уый хуыздæр у, рохуаты йæ ныууадзынæй.

Дыууæ мæйы фæстæ, 26-æм августы та не ‘взонг республикæ банысан кæндзæн йæ хæдбардзинад банымайыны бон. Хорз уаид æмæ Захаров Ахмæты ном паддзахадон хорзæхæй куы ссариккой æмбæлон органтæ,  æмæ йæ хæдзары куы бабæрæг кæниккой, уæд ын тынг æхсызгон уаид…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.