Æрæджы Дзауы районы Синагуры хъæуы амард цалдæр хуыйы. Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон службæты бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ хуытæ амардысты африкæйаг емынæйæ.

Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны тер-риторимæ африкæйаг емынæ æрбафтыд Гуырдзыстонæй 2007 азы. 2010 æмæ 2011 азты ацы низ куы апарахат, уæд нæ фермерты фос цагъд æрцыди. Ацы вирусон, хæцгæниз æхсæнадæмон классификацимæ гæсгæ хауы уæлдай тæссагдæр низтæм. Адæмæн уыцы низ тæссаг нæу, фæлæ дзы хуытæ нæ ирвæзынц. Цæрæгойтæн схизы сæ тæвд æмæ цалдæр бонмæ амæлынц. Вакцинæ йын нæма æрымысыдысты, уымæ гæсгæ уайтагъд апарахат вæййы. Йæ ныхмæ йын тох кæнынц карантинон мадзæлттæй. Фос цы цæрæн пункты фæрынчын вæййы, уырдæм бахизæнты карантинон постыты æрæвæрынц барьертæ, кæцытæ дезинфекци цæуынц дыууæ сахатмæ. Ветеринарон службæтæ куыд амонынц, афтæмæй профилактикæ-йы нысанæн хъуамæ хуытæ конд уой хицæнæй, уæгъдибарæй ма рацу-бацу кæной æмæ ма иу кæной æндæр цæрæн пункты хæдзарон цæрæгойтимæ, афтæ ма иу ранæй  иннæ ранмæ ласт цæуой æрмæстдæр районы паддзахадон ветслужбæйæ бар райсгæйæ.

Африкæйаг емынæ ивгъуыд азы та фæзынд Цхинвалы районы хъæутæ Къохат, Сарабукъ æмæ Уанаты. Уæд Хъæууон хæдзарады министрад оперативонæй скуыста. Уайтагъд дезинфекци æрцыдысты хъæуты цæрджыты хуыдæттæ, цæмæй иннæ хуытæм дæр ма ахиза низ. Цæрджыты карзæй бафæдзæхстой, цæмæй сæ фос æддæмæ ма уадзой. Раздæр азты дæр ахæм фæдзæхстытæ æмæ амындтытæ бæргæ райстой хъæууон цæрджытæ, фæлæ бирæтæ фос кондæй нæ дарынц. Африкæйаг емынæйæ фос цы бынаты амæла, уым фондз азы бæрц нæй фос дарæн, æрвылаз хъуамæ цæуа дезинфекци. Адæм сæхæдæг дæр цæуынц иу бынатæй иннæмæ æмæ уыдон дæр хæссынц сæ къахы дарæсыл уыцы инфекци.

Хъыгагæн, раззаг азты, ацы хæцгæ низæй цы хуытæ мард, уыдон-иу цæрджытæ аппæрстой донбылтыл æмæ æндæр æргом рæтты. Афтæмæй та фосы мæрдтæ хъæуы уæрмы басудзын æмæ йыл уый фæстæ сыджыт ныккалын.

«Ныртæккæ Хъæууон хæдзарады министрад исы æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй дарддæр ма апарахат уа низ. Низ цы бынаты фæзынд, уым дезинфекци кæнæм. Фæдзæхст æрцы-дысты индивидуалонæй, хуытæ чи дары, уыцы фермертæ, цæмæй хуыты хизынмæ ма уадзой, зилой сæм æхгæд бынæтты. Хъæууон администрациты сæргълæуджытæ æмæ районты ветеринарон службæты кусджытæн фехъусынчындæуыд, цæмæй æмбæлон æмбарынгæнæн куыстытæ бакæной алы хъæуы дæр. Уымæй дарддæр ма хъæууон администрациты кусджытæ хъуамæ банымайой, цæрæн бынæтты цы хуытæ ис, уыдоны. Цæмæй цæрджыты ‘хсæн паникæ ма уа, уый тыххæй хъуамæ æххуыс кæной фадыгон милиционертæ дæр. Куы рабæрæг уа низæй хуыты амæлыны цау, æмæ кæм не ‘мбæлы, ахæм ран сæ аппарыны факт, уæд ссарын хъæуы аххосджыны æмæ йæ административон æгъдауæй бæрндзинадмæ æркæнын», – зæгъы Гуыцмæзты Маирбег «Югоселхознадзор»-ы сæргълæууæг.

 

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.