Югоосетпотребнадзоры фæстаг бонты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фылдæр кæны ног коронавирусон инфекцийæ рынчынты нымæц. Уый тыххæй ацы низы ныхмæ тох кæныны фæдыл оперативон штабы рабадты рæстæджы ист æрцыд къорд мадзæлттæ, кæцытæ фæахъаз уыдзысты ацы хæцгæ низ æруромынæн. Бæстæйы ныртæккæйы эпидемиологон уавæр, рынчындæтты медицинон  ифтонгад æмæ æндæр фарстаты тыххæй дунеон информацион агентад Спутникы пресс-центры дзырдтой Хуссар Ирыстоны сæйраг инфекционист Джиоты Элеонорæ æмæ Донецкы националон медицинон центры Анестезиологи, реаниматологи æмæ неонатологийы кафедрæйы сæргълæууæг Андрей Колесников.

Джиоты Элеонорæйы ныхæстæм гæсгæ Бирæпрофилон медицинон центры администраци фæнд кæны «сырх зонæйы» уæлæмхас сынтæджытæ сæвæрын, уымæн æмæ рæзы рынчынты нымæц. Инфекцион рынчындоны бæстыхайы цыппар уæладзыгæй æртæйы хос цæуы коронавирусæй рынчын æмбæстæгтæн. 13 июлмæ ацы рынчындоны хос цæуы 72  рынчынæн.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы низы ныхмæ æхсæвæй-бонæй удуæлдай тох кæнынц рынчындоны медицинон персонал. Уыдон низы ныхмæ тох кæнынæй, стæй – сæрмагонд уæлæдарæсы, бафæлладысты, куыд физикон, афтæ моралонæй æгъдауæй дæр.

Джиоты чызджы ныхæстæм гæсгæ сæм ис, бонæй чи кусы, уыцы дохтырты къорд, кæцытæ сæ хъус дарынц сæ пациенттæм. Æмæ ма сæм ис радгæс дохтырты командæ, уыдон та сæ хъус дарынц, хосгæнæг дохтырты нысæнттæ æмæ рекомендацитæ куыд æххæст цæуынц, уымæ. Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы фæтыхджын кæнын медицинон бригадæты, уымæн æмæ рынчынты нымæц рæзы.

Бирæпрофилон медицинон центры исæн хайады куысты тыххæй

Нæ республикæйы æмбæстæгтæ фыццаг кæдæм бахатынц, уый у исæн æмæ рынчын æмбæстаджы низ рабæрæггæнæн хайад. Ацы хайад куыд æмæ цахæм режимæй кусы, уый тыххæй сæйраг инфекционист афтæ дзырдта, зæгъгæ, хайад кусы къуырийы дæргъы æхсæз боны. Медицинон кусджыты бригадæ æмбæстæгты исынц æмæ бæрæг кæнынц  райсомы 9.00 сахатæй суанг изæры 17.00 сахатмæ.

Рынчынты уавæрмæ гæсгæ кæмæн нысан æрцæуы æмбæлон хос кæнын амбулаторон уавæрты, кæй та арвитынц рынчындоны уавæрты хос кæнынмæ.

Нæ алыварс бæстæты куыд бæрæг цæуы, уымæ гæсгæ вирус тыхджындæр кæны æмæ бæрæг цæуы ног хуызы штаммтæ. Нæ республикæйы территорийыл цахæм хуызы вирус ис, уый тыххæй Элеонорæ банысан кодта:

“Бæрæг цæуы уый, æмæ рынчынты уавæр кæй фæуæззаудæр вæййы, рæстæгыл дохтыртæм кæй нæ бахатынц, уымæ гæсгæ. Ивгъуыд аз кæд хистæр кары адæм рынчын кодтой арæхдæр, уæд ныр уавæр афтæ нæу. Фылдæр рынчынтæ хынцыд цæуы астæуккаг кары æмбæстæгтæй», – дзырдта уый.

Рынчынты уавæр

Джиоты Элеонорæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ бæрæг цæуы, адæймаджы рæуджытæ уадид кæй бавæййынц низы амæттаг, уый. Ивгъуыд аз ацы низ рапарахаты рæстæджы низ комкоммæ цавта уæллаг улæфæн органтæ, ныр ма ноджы бæрæг цæуы тъæнгтæ æмæ ахсæны дисфункци дæр. Уыцы рæстæджы адæймаг æнкъары, ома  йын хæринаг нæ тайы. Фæлæ уыдон та вæййынц коронавирусы фыццаг миниуджытæ.

Ацы низы фæзынд ног у, нæй нырма фаг методикон рекомендацитæ дæр, куыд растдæр хос кæнын ын хъæуы, уыдæтты тыххæй. Фæлæ Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад ныридæгæн мыхуыры рауагъта цалдæрхуызон методикон рекомендацитæ. Æмæ хуссарирыстойнаг медицинæйы фадыджы кусджытæ дæр æнцой кæнынц ацы рекомендацитыл æмæ дзы пайда кæнынц практикæйы.

Джиоты чызг ма банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ нæ республикæйы медицинон уагдæтты нæй æнæмæнгхъæуæг медицинон препаратты хъуагдзинад. Туаггуырæй дæр ифтонг у центр æмæ дзы пайда кæнынц рын-чынтæ.

Вакцинаци у низ ныххуыдуг кæныны фæрæз

Республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ вакцинæ арæзт æрцыд сæдæгай æмбæстæгтæн. Уыдонæй иуыл дæр ницахæм æппæрццаг æууæлтæ разынд. Джиоты Элеонорæйы ныхæстæм гæсгæ коронавирусы ныхмæ вакцинацийы темптæ нырма ныллæг сты æмæ коллективон иммунитетыл дзурын нырма раджы у. Фæлæ фæстаг рæстæджы вакцинæ аразджыты нымæц бæрæг фылдæр кæны.

Бæстæйы сæйраг инфекционисты ныхæстæм гæсгæ раздæр кæд вакцинæ арæзт нæ цыд ахæм æмбæстæгтæн, кæцытæн сæ туджы антителæты нымæц бæрзонд уыд, уæд ныртæккæ та æнцой кæнынц, вирусæй рынчын куы уыд адæймаг, уæдæй цас рæстæг рацыд, æндæр вакцинæтæй аллергион фæзынд исы, кæнæ æндæр æдзухон низтæ сæ тыхы сты æви нæ, уыдæттæ хынцгæйæ.

“Мæ хъуыдымæ гæсгæ адæм хъуамæ æмбарой ацы вирусы тæссагдзинад. Вак-цинæ аразын нæ нысан кæны, æмæ ацы æнæхайыры низæй нал фæрынчын уыдзынæ. Фæлæ гаранти у уымæн, æмæ куы фæрынчын уай, уæд æй рогæй ахæсдзынæ æмæ низ уæззау фæдтæ нæ ныууадздзæн йæ фæдыл», – банысан кодта уый.

Ацы хъуыды бафидар кодта Андрей Колесников дæр, уымæн æмæ кæцыфæнды вирусон хæцгæ низы ныхмæ дæр сæйраг æхсæнгарз у вакцинæ.

Андрей Колесников нæ республикæмæ æрцыд бæстæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фæхуындмæ гæсгæ. Æмæ йæ балцы сæйраг нысан у, цæмæй хуссарирыстойнаг коллегæтæн йæ дæсныйад цæстуарзонæй амона практикæйы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цыфæнды пандеми дæр у ног сусæгвæнд теориты рæстæг, фæлæ хъæуы прививкæтæ аразын. Нæ хъæуы хъусын алыгъуызон æнæбындур ныхæстæм, ома, вакцинæ йæ фæдыл хæссы æнæзæнæгдзинад æмæ æндæртæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ, иумæйагæй сисгæйæ, вирусæй рынчынтæй бирæтæн хъыгдард цæуынц алыгъуызон органтæ, фæлæ прививкæйæн ахæм фæстиуджытæ нæй.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.