Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъус дарыны фæдыл комитеты уæхсджытыл коронавирусон инфекцийы рапарахатæй фæстæмæ æрæнцад стыр уæз. Ацы инфекцион низ æрбаххæссыд нæ республикæмæ дæр æмæ нырмæ дæр кæд тох цыд йæ ныхмæ, уæд ныр та – хъомысджындæрæй. Ныртæккæйы уавæр, рынчынты нымæц æмæ бæстæйы санитарон-эпидемиологон уавæры фæдыл Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры пресс-конференцийы рæстæджы радзырдта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ коронавирусы ныхмæ тох кæнын хъæуы иумиагæй. Хъуамæ æппæт службæтæ дæр кусой æмзонд, æмдыхæй, фæлæ адæмæй дæр бирæ кæнгæ у, социалон дисциплинæ ма хъуамæ цæуа хæлд. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ та йæ тæгтæ фæуæрæх кодта ацы инфекцион низ æмæ та йæ ног уылæн гæнæн ис æмæ раххæсса Ирыстонмæ дæр.

Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг вакцинæ «Спутник V»-йæ спайда кæныны тыххæй сертификаттæ дæттыны æмæ бæстæйы иуæй-иу массон мадзæлттæ фæкъуындæг кæныны фарстытыл дзырд цæудзæн ацы къуыри хицауады оперативон штабы рабадты рæс-тæджы.

“Æппæт уынаффæтæ дæр ист цæудзысты коронавирусон инфекци рапарахат кæныны ныхмæ оперативон штабы рабадты рæстæджы. Вирусы ныхмæ цæхгæр мадзæлттæ райсыны æнæмæнгхъæуындзинад нæй ныртæккæ, фæлæ санитарон уагдоны рдыгæй æвæрд цæудзысты къорд фарстытæ.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ æруромын хъæуы массон мадзæлттæ уадзыны хъуыддаг – дзуарыбонтæ æмæ æндæр бæрæгбонтæ, чындзæхсæвтæ æмæ æнд. Æмбырдгæнæн залтæ, кафе æмæ хæрæндæттæ, Уæрæсейы куыд у, афтæ махмæ дæр къаддæр адæ-мæн хъуамæ лæггад кæной, цæмæй ацы уавæр бынтон ма бандава бизнесыл дæр. Æппæт ацы хъуыддæгтæ баст сты дарддæр эпидемиологон уавæр куыд рæз-дзæн, ууыл.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыс-тоны санитарон службæ нæ бæстæйы эпидемиологон уавæр дæр кæй февзæрдæр уыдзæн, уый хынцгæйæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта ивгъуыд аз майы мæйæ фæстæмæ. Уæд уæлæмхас ахуырмæ æрвыст æрцы-дысты кусджытæ æртæ къордæй, цæмæй лабораторийы кусджытæ кæрæдзи ивтаиккой æмæ сæ куыст рогдæр уыдаид.

Хуссар Ирыстоны ПЦР лабораторийы куыстыл дзургæйæ уый банысан кодта, зæгъгæ, уым ис куысты сæрмагонд режим. Пандемийы райдианæй фæстæмæ иртасæнтæ аразыны уæз æрæнцад Хуссар Ирыстоны ПЦР лабораторийы кусджыты уæхсджытыл.

«Æмбæрстам æй, лабораторийы цы кусджытæ кусынц, уыдон фаг нæ уыдысты, æмæ уый тыххæй Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад, ветеринарон службæ æмæ æндæр лабораториты кусджыты сахуыр кодтам, цæмæй тыхст рæстæджы ма фæтыхстаиккой кусджытæ. Уымæн æмæ-иу лабораторийы кусджыты кусгæ бон райдыдта сæумæрайсомæй æмæ æххæсыд хæрз изæрмæ», – дзырдта уый.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ махæй хатт айрох вæййы, цæстæй кæй нæ уынæм, уыдонæй бирæты куыст. Ацы æнæхайыры вирусы рапарахатæй тестытæ цы æмбæстæгтæн арæзт цæуы, уыдонæн низ рабæрæг кæныны нысанæн хъазуатон куыст кодтой æмæ кæнынц медицинон центры ПЦР лабораторийы кусджытæ. Пандемийы фыццаг уылæны рапарахатæй уыдоныл уæззау уаргъ æвæрд æрцыд. Сæйраг санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ, хатт лæгъзтæ кодтой, цæмæй сын иу æнцойбон лæвæрд æрцæуа, цæмæй куыд æмбæлы афтæ фынæй уæддæр бакæной. Уымæ гæсгæ ныр дæр дзырд цæуы, цæмæй æндæр кусджыты дæр бакæной лабораторийы куыстмæ.

Комитеты дæлбар ПЦР лаборатори ног коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны тест системæтæй куыд ифтонг у? – уыцы фарсты фæдыл сæйраг санитарон дохтыр банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ махæн фæсауæрцы ис 9 мин иртасæн æрмæджы. Дарддæр дæр бахъуаджы рæстæджы амал кæндзыстæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ уæвæг тест системæтæ бæрæг кæнынц кæцыфæнды вирустæ дæр, уыцы нымæцы ныртæккæ иууыл агрессивон ног штаммтыл нымад чи сты, уыдон дæр.

Аивгъуыйгæ аз фæззæджы мæйты Хуссар Ирыстоны дæр массон æгъдауæй куы рынчын кодтой ацы инфекцион низæй, уæд уагдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фæтыхст низ рабæрæг кæныны тыххæй хардзгæнæн æрмæгæй. Фæлæ уый бæстон æрцыд цыбыр рæстæгмæ Уæрæсейы Федерацийы сæ коллегæтæ Роспотребнадзорæй æмæ йæ къухдариуæггæнæг Анна Поповайы руаджы.

Уый хыгъд банысан кодта, зæгъгæ, азы дæргъы нæ уыд иунæг ахæм бон дæр, республикæйы тест-системæтæ куынæ уыд.

«Раст у, æдзух нын проблемæтæ уыд алыгъуызон хардзгæнæн æрмæджытæ амал кæнынæй, фæлæ уый дæр цыбыр рæстæгмæ бæстон æрцыд. Уыцы æрмæджытæ иууылдæр фæсарæнтæй ласгæ сты. Æмæ дунейы алы бæстæты, уыцы нымæцы Уæрæсейы тер-риторийыл дæр тыхстысты ацы æрмæджыты хъуагдзинадæй. Фæлæ низы райдианæй фæстæмæ нæ бæстæмæ æрцæуæг адæмæй карантины чи уыд, уыдонæй иу дæр нæ рахызт æнæ басгæрстæй», – загъта Коцты Маринæ.

 

Вакцинаци

Ныртæккæ вакцинаци у иунæг ахæм фæрæз, кæцы тох кæны коронавирусы серьезон фæстиуджыты ныхмæ. Сæйраг санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ абоны онг нæ республикæйы территорийыл вакцинацийы хъуыддаг активон нæу.

«Æз мæхæдæг дæр сарæзтон вакцинæ. Антителæтæ дæр не сты гаранти, æмæ адæймаг нал фæрынчын уыдзæн вирусæй. Уымæ гæсгæ æз сидын æмæ хатын не ‘мбæстæгтæм, цæмæй рæстæгыл саразой вакцинæ. Вакцинæ саразгæйæ дæр адæймаг, кæй зæгъын æй хъæуы, рынчын кæны, фæлæ низ рогæй ахæссы, ницыхуызон уæззау фæстиуджытæ ныууадзы», – банысан кодта дохтыр.

Кæцыфæнды хæцгæ вирусон æмæ æндæр низы ныхмæ дæр алы рæстæджыты ахуыргæндтæ арæзтой æмæ ныр дæр аразынц вакцинæ. Уымæ гæсгæ бирæ æнæбындур ныхæстæ, ома, вакцинæ дæр бæрæг рæстæджы фæстæ равдисдзæн йæ æвæрццаг миниуджытæ, уый раст нæу. Ныртæккæ махæй алкæуыл дæр баст у нæхи æмæ нæ алфæмблай адæмы æнæниздзинад.

Иумиагæй сисгæйæ та ныртæккæ сæйраг у маскæтæ дарын æмæ социалон дистанци хъахъхъæнын. Уыдон æнæмæнг сты æндæр профилактикон мадзæлтты æмрæнхъ. Коронавирусы ныхмæ тох та иумиаг тох у, æмæ бæстæйы сæйраг санитарон дохтыр æрсидт нæ æмбæстæгтæм, цæмæй хъахъхъæной сæхи æмæ ни-зæй сæхи бахизыны нысанæн æппæт мадзæлттæй дæр пайда кæной.

Къæбулты Марина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.